Библи нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ
Библи фыст куы фӕци, уымӕй рацыд 1 900 азӕй фылдӕр. Ӕмӕ ӕппындӕр кӕй нӕ фӕивта, афтӕмӕй кӕй ӕрхӕццӕ нӕ рӕстӕгмӕ, уый стыр диссаг куыннӕ у! Фыстой йӕ папирусӕй конд гӕххӕттыл ӕмӕ фосы цармӕй конд пергаментыл. Ӕмӕ уыдон та бирӕ нӕ лӕууыдысты. Стӕй йӕ цы ’взӕгтыл фыстой, уыцы ’взӕгтӕ абон бирӕтӕ нӕ зонынц. Уымӕй уӕлдай, барджын адӕм – паддзӕхтӕй райдай ӕмӕ дины разамонджытӕй фӕу – архайдтой Библи фесафыныл, цӕмӕй йӕ кой дӕр мауал уыдаид.
АЦЫ чиныг нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ ӕмӕ абон ӕппӕты зындгонддӕр чиныг цӕмӕн у? Ӕркӕсӕм ӕрмӕст дыууӕ хъуыддагмӕ.
Нӕ рӕстӕгмӕ ӕрхӕццӕ, къопитӕ дзы кӕй кодтой, уый фӕрцы
Израилӕгтӕ, Библийы чингуытӕ фыццаг цы тыхтӕттыл фыст ӕрцыдысты, уыдон цӕсты гагуыйау хъахъхъӕдтой ӕмӕ сын бирӕ къопитӕ скодтой. Зӕгъӕм, Израилы паддзӕхтӕй-иу алчидӕр хъуамӕ йӕхицӕн рафыстаид «ацы закъон», левит-сауджынтӕм чи уыд, уый (Дыккаг закъон 17:18).
Израилӕгтӕй бирӕтӕ уарзтой Фыстад кӕсын, уымӕн ӕмӕ зыдтой, уый Хуыцауы Ныхас кӕй у. Фыстадӕй къопитӕ кодтой, уыцы куыст тынг хорз чи зыдта, ахӕм писыртӕ. Уыдонӕй иу, Ездрӕ, «уыд дӕсны писыр ӕмӕ-иу Моисейы закъон, Израилы Хуыцау Йегъовӕ кӕй радта, уыцы закъон рафыста» (Ездрӕ 7:6). Нӕ эрӕйы 6 ӕнусӕй 10 ӕнусмӕ Дзуттаг Фыстытӕн (кӕнӕ «Рагон Фӕдзӕхстӕн») къопитӕ кодтой масореттӕ. Уыдон-иу суанг дамгъӕтӕ дӕр банымадтой, цӕмӕй дзы иу рӕдыд дӕр ма аирвӕзтаид. Библийӕн къопитӕ чи кодта, уыдон сӕ куыст тынг бӕстон кӕй кодтой, уый фӕрцы йӕ тексты ницы фӕивта, афтӕмӕй нӕ рӕстӕгмӕ ӕрхӕццӕ, кӕд знӕгтӕ йӕ фесафыныл тынг архайдтой, уӕддӕр.
Зӕгъӕм, нӕ эрӕйы размӕ 168 азы Сирийы хицау Антиох Цыппӕрӕм архайдта, Палестинӕйы Дзуттаг Фыстытӕн цыдӕриддӕр къопитӕ уыд, уыдон фесафыныл. Дзуттӕгты историйы чингуытӕй иуы фыст ис: «Закъоны тыхтӕттӕ-иу куы ссардтой, уӕд-иу сӕ аскъуыдтой ӕмӕ-иу сӕ басыгътой». Иу энциклопедийы та фыст ис: «Уыцы бардзырд куыд ӕххӕст кодтой, уымӕ йӕ хъус чи дардта, уыцы хицӕуттӕ сӕ хӕс тынг зӕрдиагӕй ӕххӕст кодтой... Сыгъдӕг Фыстад-иу кӕмӕ ссардтой... уый-иу амардтой» (The Jewish Encyclopedia). Фӕлӕ уӕддӕр Фыстады къопитӕ баззадысты Палестинӕйы цӕрӕг дзуттӕгтӕм дӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты цӕрӕг дзуттӕгтӕм дӕр.
Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ (кӕнӕ «Ног Фӕдзӕхст») фыст куы фесты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр къопитӕ кӕнын райдыдтой, Хуыцауы фӕндӕй дзы цы фыстӕджытӕ, пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ историон хабӕрттӕ фыст ӕрцыд, уыдонӕн. Зӕгъӕм, Иоанн йӕ Евангели ныффыста Ефесы кӕнӕ Ефесмӕ хӕстӕг. Фӕлӕ уыцы Евангелийы къопийӕ иу скъуыддзаг ссардтой уыцы ранӕй иу-цалдӕр сӕдӕ километры дарддӕр, Египеты. Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы къопи конд ӕрцыд, Иоанн йӕ Евангели куы ныффыста, уымӕй 50 азы дӕр нӕма рацыд, афтӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, дард рӕтты чи цард, уыцы чырыстӕттӕм-иу Хуыцауы фӕндӕй фыст текстыты къопитӕ фӕхӕццӕ сты, фыст-иу куы фесты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр.
Чырыстийы мӕлӕтӕй цалдӕр ӕнусы фӕстӕ та ногӕй хъавыдысты Хуыцауы Ныхас фесафынмӕ. Фӕлӕ тынг парахат кӕй уыд, уый фӕрцы та аирвӕзт. Зӕгъӕм, нӕ эрӕйы 303 азы 23 февралы Ромы паддзах Диоклетиан райсомӕй раджы рацыд, цӕмӕй федтаид, ӕфсӕддонтӕ аргъуаны дуӕрттӕ куыд басӕтдзысты ӕмӕ Фыстады къопитӕ куыд басудздзысты, уый. Диоклетиан хъуыды кодта, Фыстады къопитӕ иууылдӕр куы фесафа, уӕд ын чырыстон дин фесафын дӕр кӕй бантысдзӕн. Дыккаг бон бардзырд радта, цӕмӕй, ӕгас Ромы паддзахады Библийӕн цыдӕриддӕр къопитӕ уыд, уыдон адӕмы раз басыгътаиккой. Фӕлӕ сӕ иууылдӕр фесафын йӕ къухы нӕ бафтыд. Ӕмӕ ма дзы цы къопитӕ баззад, уыдонӕн та ногӕй къопитӕ скодтой. Ӕцӕгдӕр, уыцы заманӕй нӕ рӕстӕгмӕ ӕрхӕццӕ дыууӕ Библийы къопийы стыр хӕйттӕ грекъаг ӕвзагыл. Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, конд ӕрцыдысты, Диоклетиан Сыгъдӕг Фыстад фесафынмӕ куы хъавыд, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Ӕмӕ дзы абон иу ис Ромы, иннӕ та Лондоны, Бритайнаг музейы.
Кӕд Библийы ӕппӕты фыццаг къухфыстытӕй иу дӕр не ссардтой, уӕддӕр нӕ рӕстӕгмӕ ӕрхӕццӕ мингай къухӕй фыст къопитӕ ӕнӕхъӕн Библийӕн кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕн. Иуӕй-иутӕ дзы сты тынг рагон. Фӕлӕ-иу текстӕй къопитӕ куы кодтой, уӕд-иу цымӕ нӕ фӕивта? Ахуыргонд Уильям Грин Дзуттаг Фыстыты тыххӕй загъта: «Ӕндӕр никӕцы чиныгӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ рӕстӕмӕ ӕрхӕццӕ, ницы дзы аивта, афтӕмӕй». Библийы къухфыстытӕ чи иртасы, уыцы зындгонд ахуыргӕндтӕй иу, Фредерик Кеньон, Чырыстон Грекъаг Фыстыты тыххӕй загъта: «Текст-иу фыст куы ’рцыд ӕмӕ-иу дзы къопитӕ кӕнын куы райдыдтой, уӕдмӕ-иу ахӕм гыццыл рӕстӕг рацыд, ӕмӕ уый йӕ койы аргъ дӕр нӕу. Уымӕ гӕсгӕ нал дызӕрдыг кӕнӕм, Фыстад нӕ рӕстӕгмӕ кӕй ӕрхӕццӕ, райдианы куыд фыст ӕрцыд, афтӕмӕй. Дызӕрдыггаг нал у: Ног Фӕдзӕхсты чингуытыл ӕууӕндӕн ис ӕмӕ дзы ницы фӕивта». Стӕй ма загъта: «Нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, Библийы текстыл дызӕрдыг кӕнын кӕй нӕ хъӕуы. [...] Уый иунӕг рагон чиныгӕй дӕр зӕгъӕн нӕй».
Библийы тӕлмацтӕ
Библи ма ӕгас дунейы уый тыххӕй дӕр зонынц, ӕмӕ ис тынг бирӕ ӕвзӕгтыл. Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уа, кӕд ӕмӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр базоной ӕмӕ йын кувой «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ»! (Иоанны 4:23, 24; Михей 4:2).
Дзуттаг Фыстытӕ ӕппӕты фыццаг тӕлмацгонд ӕрцыдысты грекъаг ӕвзагмӕ. Уыцы тӕлмац хуыйны Септуагинтӕ. Уыцы тӕлмац конд ӕрцыд, Палестинӕйы чи нӕ цард ӕмӕ грекъаг ӕвзагыл чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕн. Септуагинтӕ тӕлмацгонд фӕци, Чырысти зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уымӕй иу-дыууӕ ӕнусы раздӕр. Ӕнӕхъӕн Библи бирӕ ӕвзӕгтӕм ратӕлмац кодтой, фыст куы фӕци, уымӕй цалдӕр ӕнусы фӕстӕ. Фӕлӕ фӕстӕдӕр паддзӕхтӕ ӕмӕ суанг сауджынтӕ дӕр архайын райдыдтой, цӕмӕй Библи адӕмы къухтӕм ма бахаудаид. Афтӕмӕй та уыдонӕн уый сӕ хӕс уыд, цӕмӕй адӕммӕ Библи уыдаид. Уыдоны нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базыдтаиккой ӕмӕ йын йӕ Ныхас, адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕуыл дзырдтой, уыцы ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнын нӕ уагътой.
Кӕд уыцы заман хабар афтӕ уыд, уӕддӕр иуӕй-иу хъӕбатыр нӕлгоймӕгтӕ сӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ ӕппӕрстой, хуымӕтӕг адӕм кӕуыл дзырдтой, Библи уыцы ӕвзӕгтӕм ратӕлмац кӕныны тыххӕй. Зӕгъӕм, 1530 азы иу англисаг нӕлгоймаг, Уильям Тиндал (каст фӕци Оксфорды университет), рауагъта Дзуттаг Фыстыты фыццаг фондз чиныджы. Кӕд йӕ фӕдыл зылдысты ӕмӕ йӕ тынг къуылымпы кодтой, уӕддӕр фыццаг уый ратӕлмац кодта Библи дзуттаг ӕвзагӕй англисаг ӕвзагмӕ. Стӕй, Библи англисаг ӕвзагмӕ чи тӕлмац кодта, уыдонӕй дӕр Хуыцауы ном, Йегъовӕ, йӕ тӕлмацы фыццаг Тиндал ныффыста. Ӕндӕр хъӕбатыр нӕлгоймаг та, Касиодоро де Рейна, Библи ратӕлмац кодта испайнаг ӕвзагмӕ. Библи кӕй тӕлмац кӕны, уый католиктӕ куы базыдтой, уӕд йӕ фӕдыл зилын райдыдтой ӕмӕ йӕ амарынмӕ хъавыдысты. Цӕмӕй йӕ куыст кӕронмӕ фӕуыдаид, уый тыххӕй Касиодоро де Рейнайы бахъуыд алы бӕстӕты ӕмбӕхсын: Английы, Германийы, Францийы, Голландийы ӕмӕ Швейцарийы *.
Абон Библи цы ’взӕгтӕм тӕлмац кӕнынц, уыдон кӕнынц фылдӕрӕй-фылдӕр, ӕмӕ мыхуыры рацӕуы милуангай экземпляртӕй. Библи нӕ рӕстӕгмӕ кӕй ӕрхӕццӕ ӕмӕ ӕппӕты зындгонддӕр чиныг кӕй у, уымӕй бӕлвырд кӕны, апостол Петр Хуыцауы фӕндӕй цы загъта, уый: «Кӕрдӕг бахус вӕййы ӕмӕ йӕ дидинӕг азгъӕлы, Йегъовӕйы ныхас та уыдзӕн ӕнустӕм» (1 Петры 1:24, 25).
^ 14 абз. Рейнайы тӕлмац мыхуыргонд ӕрцыд 1569 азы, 1602 азы та йыл ногӕй бакуыста Сиприано де Валерӕ.
[Рамкӕ/Нывтӕ]
КӔЦЫ ТӔЛМАЦ КӔСОН?
Бирӕ ’взӕгтыл Библийӕн ис цалдӕр тӕлмацы. Иуӕй-иу тӕлмацты дзы ис зынӕмбарӕн ӕмӕ зӕронд ныхӕстӕ. Иннӕ тӕлмацтӕ та сты ӕнцонӕмбарӕн, фӕлӕ бынтон раст тӕлмац не сты. Ис ма ахӕм тӕлмацтӕ дӕр, ӕмӕ дзы, зӕгъӕн ис, алы дзырд дӕр тӕлмац у комкоммӕ.
«Библи – Ног дунейы тӕлмац» англисаг ӕвзагыл мыхуыры рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ратӕлмац ӕй кодтой рагон дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтӕй – райдианы цы ’взӕгтыл фыст ӕрцыд, уыдонӕй. Чи йӕ бацӕттӕ кодта, уыдоны нӕ фӕндыд, цӕмӕй сын сӕ нӕмттӕ схъӕр кодтаиккой. Уый фӕстӕ Библи уыцы тӕлмацӕй ратӕлмац кодтой бирӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм. Фӕлӕ йӕ чи тӕлмац кодта, уыдон дӕр сӕ тӕлмацтӕ барстой рагон дзуттаг ӕмӕ грекъаг текстимӕ. «Ног дунейы тӕлмац» у комкоммӕ тӕлмац рагон дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтӕй, фӕлӕ дзы уыцы иу рӕстӕг иунӕг хъуыды дӕр ивд не ’рцыд. Тӕлмацгӕнджыты фӕнды, цӕмӕй Библи ӕнцонӕмбарӕн уа, райдианы куыд ӕнцонӕмбарӕн уыд, афтӕ.
Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ ӕркастысты Библийы нырыккон тӕлмацтӕм, цӕмӕй сбӕрӕг кодтаиккой, алцыдӕр дзы раст у ӕви нӕ. Уыцы ахуыргӕндтӕй иу у динтӕ иртасӕг Джейсон Дэвид Бедун, Цӕгат Аризонӕйы университеты адъюнкт-профессор. 2003 азы уыцы профессор рауагъта чиныг Библийы тӕлмацты тыххӕй. Дзырд дзы цӕуы фараст тӕлмацыл англисаг ӕвзагмӕ. Бедунӕн йӕ нысан уыд цалдӕр стихы раиртасын. Уыцы стихтӕ уымӕн равзӕрста, ӕмӕ сӕ куыд тӕлмац кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл ахуыргӕндтӕн сӕ бон иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын нӕу. Алы тӕлмац дӕр-иу грекъаг текстимӕ абарста, цӕмӕй сбӕлвырд кодтаид, тӕлмацгӕнджытӕ йын йӕ хъуыды раст ратӕлмац кодтой ӕви нӕ. Ӕмӕ цавӕр хатдзӕгмӕ ’рцыд?
Бедун ныффыста, зӕгъгӕ, бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, «Ног дунейы тӕлмац» иннӕ тӕлмацтӕй уымӕн хицӕн кӕны, ӕмӕ, тӕлмацгӕнджытӕ сӕхӕдӕг цӕуыл ӕууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ йӕ ратӕлмац кодтой. Фӕлӕ Бедун уыцы хъуыдыимӕ разы нӕу. Уый зӕгъы, «Ног дунейы тӕлмац» иннӕ тӕлмацтӕй сӕйраджыдӕр уымӕй кӕй хицӕн кӕны, ӕмӕ у комкоммӕ ӕмӕ раст тӕлмац. Кӕд дзы кӕцыдӕр стихтӕ куыд тӕлмац сты, уыимӕ разы нӕу, уӕддӕр зӕгъы, «тынг хорз тӕлмац» кӕй у.
Ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд Биньямин Кедар дӕр, дзуттаг ӕвзаг чи иртасы, иу ахӕм ахуыргонд Израилӕй. 1989 азы «Ног дунейы тӕлмац»-ы тыххӕй загъта: «Бӕрӕг у, тӕлмацгӕнджытӕ тынг кӕй бафыдӕбон кодтой, цӕмӕй текст раст бамбӕрстаиккой. [...] Иу ран дӕр нӕ бафиппайдтон, цӕмӕй текстмӕ, цы хъуыды дзы нӕ уыд, ахӕм хъуыды бафтыдтаиккой».
Ахъуыды кӕн: «Библи цӕмӕн кӕсын? Цавӕр Библи мӕ хъӕуы: цӕмӕй ӕнцонкӕсӕн уа ӕви цӕмӕй раст тӕлмац уа?» (2 Петры 1:20, 21). Цавӕр тӕлмац равзардзынӕ, уый кӕнгӕ у, сӕйрагдӕр дын цы у, уымӕй.
[Ныв]
«Библи – Ног дунейы тӕлмац» ис бирӕ ӕвзӕгтыл
[Ныв]
Масоретаг тексттӕ
[Ныв]
Тыхтоны скъуыддзагыл фыст ис Лукайы 12:7 стих: «... уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут»
[Нывтӕ барлӕвӕрдӕй]
Foreground page: National Library of Russia, St. Petersburg; second and third: Bibelmuseum, Münster; background: © The Trustees of the Chester Beatty Library, Dublin