Элиас Гуттер ӕма ӕ дессаги тӕлмацтӕ
ДӔ БОН ӔЙ Библи дзиуиттаг ӕвзагбӕл кӕсун? Ӕвӕдзи нӕ. Ка ’й зонуй, Библи дзиуиттаг ӕвзагбӕл уингӕ дӕр некӕдма фӕккодтай. Фал дӕ Библийӕн никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕндзӕнӕ, ку базонай, еу 16 ӕноси ка цардӕй, еци ахургонд Элиас Гуттери ӕма дууӕ хатти ке рауагъта, еци Дзиуиттаг Финстити туххӕй.
Элиас Гуттер райгурдӕй 1553 анзи, Германий еу минкъий горӕт Герлици, абони еци горӕт ӕй Польшӕ ӕма Чехий республики арӕнтӕмӕ хӕстӕг. Гуттер ахур кодта искӕсӕйнаг ӕвзӕгтӕ лютерайнаг университети, Йени. Лейпциги университети ӕй дзиуиттаг ӕвзаги профессорӕй ку исӕвардтонцӕ, уӕд ибӕл 24 анземӕй ӕндӕр нӕ цудӕй. Ахуради устур ӕййивддзийнӕдтӕ ке искодта, уомӕ гӕсгӕ фӕстӕдӕр Нюрнберги райгон кодта скъола, ӕма си ахурдзаутӕ цуппар анзей дӕргъи ахур кодтонцӕ дзиуиттаг, грекъаг, латинаг ӕма немуцаг ӕвзӕгтӕ. Уӕди рӕстӕги иннӕ скъолати ӕма университетти еци фадуат нӕ адтӕй.
«ДЕССАГИ КОНД»
1587 анзи Гуттер дзиуиттаг ӕвзагбӕл мухури рауагъта, Рагон Фӕдзӕхст ке хонунцӕ, еци Финститӕ. Ӕ киунугӕ исхудта «Дерех ха-Кодеш», ӕ ном ин райста Исаййи 35:8 стихӕй ӕма нисан кӕнуй «Сугъдӕг над». Рӕсугъд шрифтӕй финст ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ дзурдтонцӕ, зӕгъгӕ, алцӕмӕйдӕр бӕрӕг ӕй, дессаги конд ке ӕй. Фал аци Библийӕн е ’стурдӕр пайда адтӕй уой медӕги, ӕма студенттӕн дзиуиттаг ӕвзаг ахур кӕнунмӕ ӕнхус кодта.
Гуттери Библи ци пайда адтӕй, уой балӕдӕруни туххӕй ӕркӕсӕн, дзиуиттаг ӕвзаг ка фӕййахур кӕнуй, е Библи кӕсгӕй цӕхуӕн дууӕ зиндзийнадебӕл исӕмбӕлуй, уонӕмӕ. Фиццаг е, ӕма ӕ алфавит иннӕ алфавиттити хузӕн нӕй, удта ӕй ӕнахур, уомӕн ӕма дзурдтӕ кӕсун гъӕуй рахесӕй галеуӕрдӕмӕ. Дуккаг ба е, ӕма уедагӕмӕ ци разӕфтауӕнтӕ ӕма фӕсӕфтауӕнтӕ ӕфуд цӕунцӕ, уони туххӕй зин балӕдӕрӕн фӕууй, дзурд ци нисан кӕнуй, уой. Ӕркӕсӕн дзиуиттаг дзурдмӕ נפשׁ (не́феш), зӕгъгӕ, нисан кӕнуй «уод». Йезекили 18:4 еци дзурд финст ӕй разӕфтауӕни хӕццӕ ה (ха) ӕма си рауадӕй вазуггин дузурд הנפשׁ (ханне́феш). Дзиуиттаг ӕвзагбӕл ахур ка нӕй, е дзурд הנפשׁ (ханне́феш) ку бакӕса, уӕд имӕ נפשׁ (не́феш) дзурди хузӕн нӕ фӕккӕсдзӕй.
Цӕмӕй ӕ ахурдзаутӕн ӕнцондӕр адтайдӕ, уой туххӕй Гуттер ӕргъуди кодта дессаги *. Уедагӕ ӕй ставдӕй финст, разӕфтауӕнтӕ ӕма фӕсӕфтауӕнтӕ ба ӕнӕуой дамугъатӕй. Уӕллаг хузӕбӕл фӕууинӕн ес, Гуттер ӕ Библий Йезекили 18:4 стих куд ниммухур кодта, ӕма еци стих феппайуйнӕгти хӕццӕ Библий куд финст ӕй, уой.
мадзал – дзиуиттаг дамугъатӕ мухур кодта ставд ӕма листӕг шрифтӕй. Алли дзурди уедагӕ дӕр мухур кодта ставд шрифтӕй, разӕфтауӕнтӕ ӕма фӕсӕфтауӕнтӕ ба мухур кодта листӕг шрифтӕй. Еци хумӕтӕг мадзали фӕрци ахуркӕнуйнӕгтӕ дзиуиттаг дзурдти ӕнцонтӕй хецӕн кодтонцӕ уедагӕ, разӕфтауӕн ӕма фӕсӕфтауӕн. Англисаг ӕвзагбӕл «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац феппайуйнӕгти хӕццӕ» ку тӕлмац кодтонцӕ, уӕд еци мадзалай пайда кодтонцӕ феппайуйнӕгтиНӔУӔГ ФӔДЗӔХСТ ДЗИУИТТАГ ӔВЗАГБӔЛ
Гуттер ма рауагъта, Нӕуӕг Фӕдзӕхст (Киристон Грекъаг Финститӕ) 12 ӕвзагебӕл финст кӕми адтӕй, уӕхӕн киунугӕ. Еци киунугӕ мухури рацудӕй 1599 анзи Нюрнберги, ӕма ӕй арӕх фӕххонунцӕ, Нюрнберги полиглоттӕ, зӕгъгӕ. Гуттери фӕндадтӕй, цӕмӕй ма еци киунуги адтайуонцӕ Киристон Грекъаг Финститӕ дзиуиттаг ӕвзагбӕл дӕр. Фал загъта, зӕгъгӕ, цӕмӕй ӕй дзиуиттаг ӕвзагбӕл иссерӕн, уой туххӕй дуйне ӕхца ку бафедай, уӕддӕр ин иссерӕн нӕ уодзӕй *. Уомӕ гӕсгӕ Нӕуӕг Фӕдзӕхст грекъаг ӕвзагӕй дзиуиттаг ӕвзагмӕ ӕхуӕдӕг ратӕлмац кодта. Гуттер ӕ иннӕ куститӕ ниууагъта ӕма Нӕуӕг Фӕдзӕхст еу анзмӕ ратӕлмац кодта!
Цума Гуттер Киристон Грекъаг Финститӕ хуарз ратӕлмац кодта? 19 ӕноси рагон дзиуиттаг ӕвзаг ӕртасӕг-ахургонд Франц Делич ниффинста: «Ӕ дзиуиттаг тӕлмацтӕй бӕрӕг ӕй, киристон уогӕй дӕр дзиуиттаг ӕвзаг куд хуарз лӕдӕрдтӕй, е. Ӕ куститӕ нур дӕр ма хъӕбӕр пайда ӕнцӕ. Иннӕ тӕлмацгӕнгутӕй уӕлдай е [Гуттер] иссирдта тӕккӕ растдӕр дзурдтӕ».
Ӕ КУСТ ДЗӔГЪӔЛИ НӔ ФӔЦӔЙ
Гуттер ӕ тӕлмаци фӕрци не ’сгъӕздуг ӕй, ӕвӕдзи, ӕ киунугутӕ лӕгъуз уӕйӕ кодтонцӕ. Фал уӕддӕр ӕ куст адтӕй ӕхсидзгӕ ӕма дзӕгъӕли нӕ фӕцӕй. Зӕгъӕн, 1661 анзи Уильям Робертсон Гуттери кустбӕл нӕуӕгӕй байархайдта ӕма ’й мухури рауагъта, 1798 анзи ба ибӕл Ричард Каддик нӕуӕгӕй байархайдта ӕма ӕй е дӕр мухури рауагъта. Гуттер грекъаг ӕвзагӕй дзурдтӕ Ки́риос (Хецау) ӕма Тео́с (Хуцау) ратӕлмац кодта «Йеговӕ» [יהוה, ЙХВХ], ӕма еци ном финста, Дзиуиттаг Финститӕй си ци стихтӕ адтӕй, уонӕми кенӕ, ӕ гъудимӕ гӕсгӕ, Йегови кой кӕми цудӕй, еци рауӕнти. Е дессаг ӕй, уомӕн ӕма кӕд Нӕуӕг Фӕдзӕхст беретӕ тӕлмац кодтонцӕ, уӕддӕр си Хуцауи ном нӕ финстонцӕ. Гуттери тӕлмац ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Хуцауи ном Киристон Грекъаг Финстити ке гъӕуама уа.
Иннӕ хатт Хуцауи ном Йеговӕ Киристон Грекъаг Финстити ку фӕууинай, уӕд дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕ Элиас Гуттери тӕлмац ӕма ӕ дессаги Библи дзиуиттаг ӕвзагбӕл.
^ 7 абз. Кӕсӕ Йезекили 18:4 стихи дуккаг феппайуйнагмӕ ӕма уӕлӕнхасӕнмӕ 3В феппайуйнӕгти хӕццӕ Библий (англ.).
^ 9 абз. Гуттери разӕй ахургӕндтӕй кадӕртӕ Нӕуӕг Фӕдзӕхст дзиуиттаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтонцӕ. Уонӕй сӕ еу адтӕй Симон Атуманос, византийаг саугин (1360 анзмӕ хӕстӕг), иннӕ ба Освальд Шреккенфукс, немуцаг ахургонд (1565 анзмӕ хӕстӕг). Сӕ тӕлмацтӕ мухури некӕд рацудӕнцӕ, удта мах рӕстӕгмӕ дӕр не ’рхъӕрдтӕнцӕ.