Зудтай ӕй?
Валтасар Вавилони паддзах ке адтӕй, уой археологтӕ куд исбӕрӕг кодтонцӕ?
БЕРӔ ӕнзти дӕргъи Библий критиктӕ федарӕй дзурдтонцӕ, Данели киунуги ке туххӕй финст ес, еци паддзах Валтасар уогӕ дӕр ке некӕд адтӕй (Дан. 5:1). Уӕхӕн гъудибӕл хуӕст адтӕнцӕ, уомӕн ӕма сӕмӕ археологтӕй нецӕхуӕн бӕлвурдгӕнӕнтӕ адтӕй. Фал 1854 анзи гъуддаг цӕхгӕрмӕ раййивта. Цума ци ӕрцудӕй?
Еци анз бритайнаг консул Джон Тейлор Иракки хонсар ӕрдиги рагон горӕт Ури кӕлӕдздзӕгтӕ ӕртаста. Уоми еу устур мӕсуги иссирдта цалдӕр ӕргъӕ цилиндри. Еци цилиндртӕй алкӕцидӕр дӕргъӕмӕ еу 10 сӕнтиметри адтӕй ӕма сӕбӕл адтӕй финститӕ. Еуебӕл си финст адтӕй кувд, Вавилони паддзах Набониди ӕма ӕ фурт Валтасари цӕрӕнбонбӕл. Уой фӕсте критиктӕ дӕр исарази ’нцӕ, Валтасар ӕцӕгӕйдӕр ке адтӕй, уобӕл.
Фал Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ ма Валтасар паддзах дӕр адтӕй. Критиктӕ уобӕл дӕр гурусхӕ кодтонцӕ. Зӕгъӕн, 19-аг ӕноси ка цардӕй, еу уӕхӕн ахургонд Английӕй, Уильям Толбот, ниффинста: «Валтасари ӕ фидӕ Набониди ӕмпаддзах фӕххонунцӕ, фал уомӕн еунӕг бӕлвурдгӕнӕн дӕр нӕййес».
Еци фарста ниллух ӕй, ӕндӕр ӕргъӕ цилиндртӕ ку иссирдтонцӕ, уӕд. Уонӕй ба рабӕрӕг ӕй, еу рӕстӕги Валтасари фидӕ, паддзах Набонид цалдӕр анземӕ Вавилонӕй ке рандӕ ’й. Цума еци рӕстӕг бӕсти паддзах ка адтӕй? Бритайнаг энциклопедий финст ӕй: «Набонид бӕстӕй ӕрвист ку ’рцудӕй, уӕд ӕ паддзахбадӕн ӕма ӕ ӕфсади фулдӕр хай Валтасари барӕ бакодта». Мадта еци рӕстӕг, Валтасар, зӕгъӕн ес, ӕма Вавилони паддзах адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ археолог ӕма лингвист Алан Миллард ниффинста, Данели киунуги Валтасар «паддзах» хунд ке ӕрцудӕй, е раст ке ӕй.
Фал Хуцауи лӕггадгӕнгутӕн ба, Данели киунугӕбӕл ӕууӕндӕн ке ес ӕма Хуцауи разамундӕй финст ке ӕрцудӕй, уомӕн сӕйраг бӕлвурдгӕнӕнтӕ Библийӕн ӕхе медӕги ’нцӕ (2 Тим. 3:16).