Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Зудтай ӕй?

Зудтай ӕй?

Израилӕгтӕн нивонди ӕрхӕссунмӕ бӕлӕуи дӕр ӕма ӕхсинӕнги дӕр ке ’нгъистӕй, е хуарз цӕмӕн адтӕй?

МОИСЕЙЙИ закъонмӕ гӕсгӕ Йеговӕн нивонди ӕнгъизтӕй хӕссун ӕхсинӕнги дӕр ӕма бӕлӕуи дӕр. Нивӕндти туххӕй фӕдзӕхстити алкӕмидӕр сӕ дууей кой дӕр фӕццӕуй. Кадӕр зӕгъдзӕй: «Ма уоми дессагӕй ци ес?» Фал израилӕгтӕн еци фӕззелӕн устур ӕнхус адтӕй (Ним. 1:14; 12:8; 14:30). Зӕгъӕн, еу гъуддаг уой медӕг адтӕй, ӕма ӕхсинӕнгити алкӕд уотӕ ӕнцон иссерӕн н’ адтӕй

Ӕхсинӕнгӕ

Ӕхсинӕнгитӕ уӕхӕн цъеутӕ ’нцӕ, ӕма гъар уарзунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ сӕ Израили цийфӕнди афони ӕнцонтӕй не ’ссирдтайсӕ (Сол. з. 2:11, 12; Йер. 8:7). Октябри мӕйи гъар бӕститӕмӕ фӕттӕхунцӕ, уалдзӕги ба фӕстӕмӕ ӕрбатӕхунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ, рагидзаманти ка цардӕй, уонӕн ӕхсинӕнги иссерун зин адтайдӕ.

Бӕлӕу

Бӕлӕутӕ ба некумӕ тахтӕнцӕ, цийфӕнди афони дӕр сӕ Израили ӕнцон иссерӕн адтӕй ӕма ма сӕ адӕн хӕдзари дӕр дардтонцӕ. Палестини гъӕути дӕр ӕма горӕтти дӕр бӕлӕутӕ хъӕбӕр берӕ адтӕй. (Рабарӕ Иоанни 2:14, 16.) Еу киунуги уотӕ финст ӕй: «Цийфӕнди хӕдзари дӕр, гъӕздуг уа ӕви мӕгур, алкӕмидӕр бӕлӕудонӕ дариуонцӕ кенӕ ба син хӕдзари фарсбӕл хъулуф бунӕттӕ искӕниуонцӕ». (Рабарӕ Исаййи 60:8.)

Бӕлӕу бӕлӕудони

Мадта ’й куд фӕууидтан, уотемӕй израилӕгтӕн нивонди ӕрхӕссун сӕ бон адтӕй аци цъеутӕй кӕцийфӕндидӕр, ӕнцондӕр иссерӕн син ка адтӕй, уой. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕ Хуцау Йеговӕ ӕй фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма, нӕ бон ци нӕй, уой ни некӕд байагордзӕй.