Хуцау цӕхуӕн менеугути хецау ӕй?
Адӕймагӕн ӕ менеугути туххӕй фулдӕр ку базонай, уӕд хуӕздӕр балӕдӕрдзӕнӕ, цӕхуӕн уодигъӕди хецау ӕй, уой, ӕма уотемӕй кӕрӕдземӕ хӕстӕгдӕр кӕндзиайтӕ. Раст гъе уотӕ, Йегови менеугутӕ базонунбӕл ку архайӕн, уӕд ӕй хуӕздӕр базондзиан ӕма имӕ хӕстӕгдӕр кӕндзиан. Хуцаумӕ ци дессаги менеугутӕ ес, уонӕй сӕйрагдӕр ӕнцӕ ӕ хъаурӕ, зунд, рӕстдзийнадӕ ӕма уарзондзийнадӕ.
ХУЦАУ ӔЙ ХЪАУРӔГИН
«О Дуйнедарӕг Хуцау Йеговӕ! Ду де ’стур хъаури фӕрци ӕма дӕ хъаурӕгин цонги фӕрци искодтай арв ӕма зӕнхӕ» (ЙЕРЕМИ 32:17).
Хуцауи хъаурӕ зиннуй е сфӕлдистадӕй. Зӕгъӕн, дзӕбӕх хор бон ӕндегӕй ку уай, уӕд дин тӕвдӕ нӕ уодзӕй? Уодзӕй. Еци гъар хорӕй цӕуй. Ӕма уомӕй дӕр зиннуй Йегови хъаурӕ. Цума хори цӕйбӕрцӕ хъаурӕ ес? Хори тӕвдӕ 15 милиуан градуси уӕнгӕ хъӕртуй. Хорӕй алли сикъунд дӕр ци энерги цӕуй, уомӕн ӕ хъаурӕ ӕй, сӕдӕ милиуан атомон бомби еумӕ ку фехӕлонцӕ, уой хузӕн.
Фал, банимайӕн дӕр ке нӕййес, еци дуйне стъалути астӕу ес, хорӕй берӕ устурдӕр ка ӕй, уӕхӕн стъалутӕ. Ахургӕндти гъудимӕ гӕсгӕ ӕгасемӕй устурдӕр стъалутӕй сӕ еуемӕн, UY Щита (UY Scuti), зӕгъгӕ, ӕ диаметр ӕй хори диаметрӕй 1 700 хаттемӕй фулдӕр. Еци стъалу хори бунати ӕвӕрд ку ’рцудайдӕ, уӕд Зӕнхи бунат байахӕстайдӕ ӕма Юпитери орбити уӕнгӕ дӕр исхъӕртайдӕ. Аци цӕветтони фӕрци нӕ бон ӕй хуӕздӕр балӕдӕрун, Йереми уотӕ цӕмӕн загъта, Йеговӕ Хуцау арв ӕма зӕнхӕ, гъома Дун-дуйне, ӕ устур хъаури фӕрци ке искодта, уой.
Хуцауи хъаурӕ махӕн ци пайда ӕй? Адӕни цард кӕнгӕ ’й Йеговӕ ци сфӕлдиста, уомӕй, зӕгъӕн, Матфеййи 11:5). Нӕ рӕстӕги туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Библи зӕгъуй: «Е фӕллад адӕймагӕн раттуй хъаурӕ, хъаурӕ кӕмӕ нӕбал фӕууй, уой исфедар кӕнуй» (Исай 40:29, 31). Хуцауи бон нин ӕй раттун, «адӕймагмӕ ка нӕййес, уӕхӕн хъаурӕ», цӕмӕй зиндзийнӕдти сӕрти хезӕн ӕма федар лӕууӕн (2 Коринфӕгтӕмӕ 4:7). Нӕ дӕ фӕндадтайдӕ, берӕ дӕ ка уарзуй ӕма дин дӕ зиндзийнӕдти рӕстӕг е ’нӕкӕрон хъаурӕй ка хай кӕнуй, еци Хуцауи хӕццӕ лимӕн кӕнун?
Хори гъарӕй ӕма Зӕнхӕбӕл ци ес, уомӕй. Уомӕй уӕлдай ба ма Хуцау алке пайдайӕн дӕр архайуй ӕ хъаури фӕрци. Кутемӕй? Фиццаг ӕноси Киристе устур дессӕгтӕ искодта, Хуцау ин ке равардта, еци хъаури фӕрци. Библий кӕсӕн: «Хъӕрӕутӕ цӕстӕй уинунцӕ, къулухтӕ къулухцуд нӕбал кӕнунцӕ, хъотургинтӕ сӕ незӕй дзӕбӕх кӕнунцӕ, къурутӕ игъосунцӕ, мӕрдтӕ игас кӕнунцӕ» (ХУЦАУ ӔЙ УСТУР ЗУНДИ ХЕЦАУ
«Куд берӕ ’нцӕ дӕ гъуддӕгтӕ, о Йеговӕ! Еугурӕйдӕр сӕ искодтай дӕ устур зундӕй» (ПСАЛОМ 104:24).
Йегови ’сконд гъуддӕгти туххӕй фулдӕр ку базонӕн, уӕд нӕ е ’стур зунд деси бафтаудзӕй. Ахургӕндтӕ ӕртасунцӕ, Йеговӕ ци сфӕлдиста, уой, цӕмӕй ӕрдзи цитӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ цидӕртӕ ӕргъуди кӕнонцӕ (биомиметикӕ кенӕ биомимикрийӕ), зӕгъӕн, камерӕ кенӕ хуӕдтӕхгути кӕцидӕр хӕйттӕ.
Хуцауи устур зунд тӕккӕ хъӕбӕрдӕр зиннуй, адӕймаги бауӕр куд дессаги конд ӕй, уомӕй. Расагъӕс кӕнӕ, мади губуни еунӕг кълеткӕй сувӕллон куд исӕвзуруй, уобӕл. Адӕймаг исӕвзуруй еу кълеткӕй, ӕма еци кълетки фӕууй финст, идарддӕр бауӕр куд гъӕуама ирӕза, е. Еци кълеткӕ дехтӕ кӕнун райдайуй, ӕма уӕд фӕззиннуй берӕ ӕмхузӕн кълеткитӕ. Ӕма раст еци рӕстӕг кълеткитӕ аллихузи къуӕрттӕбӕл дехтӕ кӕнун райдайунцӕ, ӕма исунцӕ тоги, нервити ӕма стгути кълеткитӕ. Цубур рӕстӕгмӕ исӕвзурунцӕ хурфи дзаумӕуттӕ ӕма косун райдайунцӕ. Ӕма фараст мӕйи фӕсте еунӕг кълеткӕй рауайуй минкъий адӕймаги бауӕр. Адӕймаг куд конд ӕй, уомӕй бӕрӕг ӕй Хуцауи зунд, ӕма уомӕ гӕсгӕ беретӕ исарази уодзӕнцӕ Библий финст дзурдти хӕццӕ: «Кадгин дӕ кӕндзӕн, уомӕн ӕма, куд дессаги конд дӕн, уобӕл сагъӕс кӕнгӕй мӕ бауӕр ниббизирдтӕ уй» (Псалом 139:14).
Хуцауи зунд махӕн ци пайда ӕй? Не Сфӕлдесӕг ӕй зонуй, амондгун цард кӕнунмӕ нӕ ци гъӕуй, уой. Йеговӕ алцидӕр ке зонуй ӕма устур зунди хецау ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин ӕ Дзурд Библий дӕттуй зундгин унаффитӕ. Зӕгъӕн, Библий финст ес: «Зӕрдӕй хатир кӕнтӕ» (Колоссӕгтӕмӕ 3:13). Цума е зундгин унаффӕ ӕй? Ахургӕндтӕ куд исбӕрӕг кодтонцӕ, уотемӕй, адӕймаг иннетӕн ку хатир кӕна, уӕд хуӕздӕр хусдзӕй ӕма ӕ тоги ӕлхъивдадӕ дӕр нӕ бӕрзонд кӕндзӕй. Уомӕй уӕлдай ба ма уӕхӕн адӕн минкъийдӕр сӕйунцӕ, удта сӕхемӕ нӕ нийгъосунцӕ. Хуцау ӕй устур зунди хецау ӕма нин хуарз ӕмбали хузӕн алкӕддӕр ратдзӕй, пайда нин ка уа, уӕхӕн унаффӕ (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Нӕ дӕ фӕндадтайдӕ, цӕмӕй дин уӕхӕн ӕмбал уа?
ХУЦАУМӔ ЕС РӔСТДЗИЙНАДӔ
«Йеговӕ уарзуй рӕстдзийнадӕ» (ПСАЛОМ 37:28).
Хуцау алкӕддӕр кӕнуй, раст ци ӕй, уой. «Уомӕн гӕнӕн нӕййес, цӕмӕй ӕцӕг Хуцау фудгъуддаг искӕна» (Иов 34:10). Ӕ тӕрхӕнттӕ раст ке ’нцӕ, е бӕрӕг ӕй, псаломзаргӕнӕг Йегови туххӕй ци загъта, уомӕй: «Ду адӕнтӕн тӕрхон кӕндзӕнӕ рӕстӕй» (Псалом 67:4). «Йеговӕ... кӕсуй зӕрдӕмӕ» ӕма ’й цӕстӕмӕ миутӕй басайӕн нӕййес, удта гъуддаг ӕцӕгӕйдӕр куд ӕй, уой уинуй ӕма алкӕддӕр раст тӕрхон кӕнуй (1 Самуили 16:7). Уомӕй уӕлдай Хуцау зонуй, зӕнхӕбӕл цидӕриддӕр хӕран гъуддӕгтӕ цӕуй, уони туххӕй ӕма зӕрдӕ ӕвӕруй, тагъд рӕстӕги «фудгӕнгутӕ зӕнхӕй [ке] фесӕфдзӕнцӕ» (Ӕмбесӕндтӕ 2:22).
Фал Хуцау ӕнӕхатир тӕрхонгӕнӕг нӕй, ӕма адӕни цӕй туххӕй бафхуӕра, уой нӕ фӕййагоруй. Гӕнӕн ку фӕууй, уӕд алкӕддӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ бавдесуй. Библий финст ес, Йеговӕ фудгӕнгутӕмӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ ке ӕй, зӕрдӕй ку ӕрфӕсмон кӕнунцӕ, уӕд. Е Хуцауи рӕстдзийнадӕбӕл дзорӕг ӕй (Псалом 103:8; 2 Петури 3:9).
Хуцау рӕстӕй ке архайуй, е махӕн ци пайда ӕй? Апостол Петур загъта: «Хуцау... неке гъолон кӕнуй, фал алли адӕнихаттӕй ӕ зӕрдӕмӕ цӕуй, ка си тӕрсуй ӕма рӕстӕй ка цӕруй, уӕхӕн адӕймаг» (Гъуддӕгтӕ 10:34, 35). Хуцау рӕстӕй ке архайуй, уой туххӕй еуети иннетӕй уӕлдӕр нӕ февӕруй. Нӕ бон имӕ ӕй хӕстӕг кӕнун, уомӕн ӕма ци адӕнихаттӕй ан, цӕхуӕн бунат ахӕссӕн, удта ахургонд ан ӕви нӕ, уомӕ нӕ фӕккӕсуй.
Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй мах лӕдӕрӕн, ӕ цӕсти раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой, удта ’й фӕндуй, цӕмӕй нин е пайда хӕсса, ӕма нин уой туххӕй равардта ӕфсарӕ. Библий финст ес, ӕфсарӕ, «зӕрдити финст» ка ӕй, еци закъон ке ӕй ӕма адӕймагӕн амонуй, ӕхе куд даруй, е раст ӕй ӕви нӕ, уой (Ромӕгтӕмӕ 2:15). Е нин ци пайда хӕссуй? Адӕймаг е ’фсарӕ раст ку ахур кӕна, уӕд ӕй е гъӕуай кӕндзӕй, хӕран ӕма зиан ка хӕссуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй. Удта рӕдуд къахдзӕф ку искӕнӕн, уӕд нӕ не ’фсарӕ баразӕнгард кӕндзӕй ӕрфӕсмон кӕнун ӕма рӕстӕй архайун райдайун. Хуцауи цӕсти раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой ку лӕдӕрӕн, уӕд нин е пайда хӕсдзӕй ӕма имӕ хӕстӕгдӕр кӕндзиан.
ХУЦАУ ӔЙ УАРЗОНДЗИЙНАДӔ
«Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ» (1 ИОАННИ 4:8).
Хуцау ӕвдесуй ӕ хъаурӕ, зунд ӕма рӕстдзийнадӕ, фал Библи уотӕ нӕ зӕгъуй, ӕма Хуцау ӕй хъаурӕ, зунд кенӕ рӕстдзийнадӕ. Библи зӕгъуй, Хуцау уарзондзийнадӕ ке ӕй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма Хуцау архайуй ӕ хъаури фӕрци, алцидӕр кӕнуй ӕ рӕстдзийнадӕ ӕма ӕ зундмӕ гӕсгӕ. Фал ӕй архайунмӕ ба разӕнгард кӕнуй уарзондзийнадӕ. Цийфӕнди ма кӕна, алцӕмӕндӕр ӕ рахуӕцӕн ӕй уарзондзийнадӕ.
Кӕд Йеговӕ неци гъӕуагӕ адтӕй, уӕддӕр ӕй ӕ уарзондзийнадӕ баразӕнгард кодта изӕдтӕ ӕма адӕни сфӕлдесун, цӕмӕй сӕ уарза ӕма сӕбӕл тухса. Йеговӕ адӕнӕн бацӕттӕ кодта Зӕнхӕ – алцӕмӕйдӕр ӕнхӕст хӕдзарӕ. Ӕма нури уӕнгӕ алкӕмӕдӕр ӕ уарзондзийнадӕ ӕвдесуй, уомӕн ӕма «ӕ хор искӕсун кӕнуй лӕгъузтӕбӕл дӕр ӕма хуӕрзтӕбӕл дӕр, ӕма уарун дӕр раттуй рӕстгӕнгутӕн дӕр ӕма фудгӕнгутӕн дӕр» (Матфеййи 5:45).
Уомӕй уӕлдай «Йеговӕ фӕлмӕн уарзтӕй... уарзуй ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ... ӕй» (Иакови 5:11). Йеговӕ ӕ уарзондзийнадӕ ӕвдесуй, ӕгас зӕрдӕй ӕй базонун ӕма имӕ ӕрбахӕстӕг ун ке фӕндуй, уонӕмӕ. Алли уӕхӕн адӕймагӕн дӕр Йеговӕ хъӕбӕр аргъ кӕнуй. Ӕцӕгӕйдӕр, «е тухсуй сумахбӕл» (1 Петури 5:7).
Хуцау нӕ ке уарзуй, е нин ци пайда хӕссуй? Хорнигулдмӕ кӕсунӕй цӕстӕ нӕ фефсӕдуй. Сувӕллони ходун ку фегъосӕн, уӕд нӕ зӕрдӕ барохс уй. Ӕма аргъ кӕнӕн, хъазар нин ка ӕй, уони уарзтӕн. Етӕ хумӕтӕг гъуддӕгтӕ ’нцӕ, фал нин нӕ цард хъӕбӕр рӕсугъд кӕнунцӕ.
Хуцау ма нин ӕ уарзондзийнадӕ бавдиста ӕндӕр гъуддаги: нӕ бон имӕ ӕй ковун. Библи нин зӕгъуй: «Мӕтӕ мацӕбӕл кӕнтӕ, фал алли уавӕри дӕр Хуцаумӕ коветӕ, лигъстӕ ин кӕнтӕ, арфӕ ин кӕнтӕ ӕма си уотемӕй коретӕ, ци уӕ гъӕуй, уой». Йеговӕ ӕй, берӕ нӕ ка уарзуй, уӕхӕн фиди хузӕн ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй си ӕнхус агорӕн ӕма нӕ ци тухсун кӕнуй, уой ин дзорӕн. Ӕма нӕ Хуцау берӕ ке уарзуй, уой туххӕй нин зӕрдӕ ӕвӕруй, «зунд кӕбӕл нӕ хъӕртуй, еци фарнӕ» нин ке ратдзӕй (Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7).
Хуцауи менеугутӕбӕл, хъаурӕ, зунд, рӕстдзийнадӕ ӕма уарзондзийнадӕбӕл уотӕ цубуртӕй ке радзурдтан, е дин нӕ банхус кодта хуӕздӕр балӕдӕрун, Хуцау цӕхуӕн ӕй, уой? Цӕмӕй Хуцаумӕ никки хъӕбӕрдӕр бахӕстӕг уай, уой туххӕй дӕ бон ӕй базонун, дӕу туххӕй ци искодта ӕма ци искӕндзӕй, уой.
ХУЦАУ ЦӔХУӔН МЕНЕУГУТИ ХЕЦАУ ӔЙ? Йеговӕ ӕй ӕгасемӕй хъаурӕгиндӕр, ӕй устур зунди хецау ӕма уой хузӕн раст неке ӕй. Фал ӕ менеугутӕй ӕгасемӕй хъӕбӕрдӕр нӕ зӕрдӕмӕ цӕуй ӕ уарзондзийнадӕ.