Зиндзийнӕдтӕ, Хуцау нӕ ке ӕфхуӕруй, уой туххӕй ӕвзарӕн?
ЛУЗИЙӔ Ӕ ГАЛЕУ КЪАХӔЙ КЪУЛУХ ЦУД КӔНУЙ. Минкъий ма ку адтӕй, уӕд полиомиелитӕй фӕссӕйгӕ ’й. Е ӕй, тагъд ка рапурхӕ уй ӕма адӕймагӕн ӕ нервити системӕ ка бахъор кӕнуй, уӕхӕн хуӕцгӕ нез. Лузийӕбӕл 16 анзи ку цудӕй, уӕд ин, кӕмӕ куста, еци силгоймаг загъта: «Хуцау дӕ бафхуардта, ӕма уой туххӕй фӕссӕйгӕ дӕ, уомӕн ӕма дӕ мадӕмӕ нӕ игъустай». Кӕд уобӕл берӕ ӕнзтӕ рацудӕй, уӕддӕр Лузийӕ нӕ иронх кӕнуй, еци дзурдтӕ ин ӕ зӕрдӕ куд фӕрресун кодтонцӕ, уой.
ДАМАРИСӔН Ӕ СӔРИ РАК КУ ИССИРДТОНЦӔ, уӕд ӕй ӕ фидӕ бафарста: «Уанӕбӕрӕг уӕхӕнӕй ци бакодтай, цӕмӕй дӕ Хуцау уотӕ хъӕбӕр бафхуардтайдӕ». Еци дзурдтӕ Дамарисӕн ӕ нифс басастонцӕ.
Рагӕй нурмӕ дӕр адӕнмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма сӕ Хуцау ке ӕфхуӕруй, уой туххӕй сӕйунцӕ. Киристей рӕстӕги дӕр беретӕ уӕхӕн гъудибӕл хуӕст адтӕнцӕ. Еу киунуги уой туххӕй финст ӕй, зӕгъгӕ, еци рӕстӕги «нез уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма ка фӕссӕйгӕ ’й, е ӕхуӕдӕг кенӕ ба ӕ хӕстӕгутӕй еске цӕхуӕндӕр тӕрегъӕд ракодтонцӕ, ӕма нур ба еци адӕймаг уой туххӕй ӕфхуӕрд ӕййафуй» (The book Manners and Customs of Bible Lands). Ӕндӕр киунуги ба финст ӕй, зӕгъгӕ, астӕуккаг ӕности «кадӕртӕ ӕууӕндтӕнцӕ, Хуцау сӕ сӕ тӕрегъӕдти туххӕй фуднезти хай ке бакӕнуй» (Medieval Medicine and the Plague). Мадта уӕд цума уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма, 14 ӕноси ӕнӕгъӕнӕ Европи хуӕцгӕ незӕй милиуангай адӕн ку рамардӕнцӕ, уӕд сӕ Хуцау бафхуардта? Ӕви еци незӕй инфекций туххӕй фӕццагъди ’нцӕ, уомӕн ӕма еци рӕстӕги дохтиртӕ нӕма зудтонцӕ, еци нез цӕй туххӕй рапурхӕ уй, уой? Ӕвӕдзи, еске расагъӕс кӕндзӕй, цума адӕн ӕцӕгӕйдӕр незтӕй уой туххӕй гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, ӕма сӕ Хуцау сӕ тӕрегъӕдти туххӕй ӕфхуӕруй? *
РАСАГЪӔС КӔНӔ. Кӕд незтӕ кенӕ бӕллӕхтӕ адӕнбӕл Хуцау ӕруадзуй, цӕмӕй сӕ сӕ терегъӕдти туххӕй бафхуӕра, уӕд Йесо сӕйгити цӕмӕн дзӕбӕх кодта? Уӕд ма цума ӕууӕндӕн ес, Хуцау рӕстӕй ке архайуй ӕма ӕ тӕрхон раст ке фӕууй, уобӕл (Матфеййи 4:23, 24). Киристе некӕд бакодтайдӕ, Хуцауи ци нӕ фӕндадтӕй, уой. Йесо загъта: «Ӕз алкӕддӕр кӕнун, уомӕн ӕхцӕуӕн ци ӕй, уой», удта «кӕнун, мӕ Фидӕ мин куд бафӕдзахста, уотӕ» (Иоанни 8:29; 14:31).
Библий комкоммӕ финст ӕй, Йеговӕ Хуцаумӕ хӕранӕй ке неци ес (Дуккаг закъон 32:4). Зӕгъӕн, Хуцау кедӕр бафхуӕрунмӕ ке гъавта, уой туххӕй хуӕдтӕхӕг некӕд ӕрхаудтӕй ӕма сӕдӕгай адӕн уой туххӕй некӕд фӕммардӕнцӕ! Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнӕг Авраам, Хуцауи хуарз зудта ӕма загъта, зӕгъгӕ ми не ’руагӕс кӕнуй, цӕмӕй рӕстгӕнӕги фудгӕнӕги хӕццӕ фесафай (Райдайӕн 18:23, 25). Библий ма финст ӕй: «Уомӕн гӕнӕн нӕййес, цӕмӕй ӕцӕг Хуцау фудгъуддаг искӕна» кенӕ «хӕран гъуддаг бакӕна» (Иов 34:10–12).
ГЪЕЗӔМӔРТТӔ КЕ ӔВЗАРӔН, УОЙ ТУХХӔЙ БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС?
Гъезӕмӕрттӕ, Хуцау нӕ ке ӕфхуӕруй, уой туххӕй нӕ февзарӕн. Уой Киристе хуарз балӕдӕрун кодта, ӕ ахуркӕнуйнӕгти хӕццӕ, ӕ райгурцӕй хъӕрӕу ка адтӕй, уӕхӕн адӕймагбӕл ку исӕмбалдӕнцӕ, уӕд. «Ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ [’й] бафарстонцӕ: „Ахургӕнӕг, ка искодта тӕрегъӕд, аци адӕймаг ӕви ӕ ниййергутӕ? Хъӕрӕуӕй Иоанни 9:1–3).
цӕмӕн райгурдӕй?“ Йесо син дзуапп равардта: „Аци адӕймаг нӕдӕр ӕхуӕдӕг искодта тӕрегъӕд, нӕдӕр ӕ ниййергутӕ, фал уотӕ уой туххӕй ӕй, цӕмӕй адӕн Хуцауи гъуддӕгтӕ фӕууинонцӕ“» (Еци рӕстӕги адӕн рӕдуд гъудибӕл хуӕст ке адтӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ, ӕвӕдзи, Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕмӕ дессаг фӕккастӕй, ци дзуапп син равардта, е. Киристе еци хъӕрӕу адӕймаги исдзӕбӕх кодта, ӕма уомӕй адӕнӕн балӕдӕрун кодта, гъезӕмӕрттӕ ке ӕвзарунцӕ, е уобӕл дзорӕг ке нӕй, ӕма сӕ Хуцау ӕфхуӕруй (Иоанни 9:6, 7). Абони уӕззау незӕй сӕйгӕ ка ӕй, уонӕн уодӕнцойнӕ хӕссуй, сӕ зиндзийнӕдтӕ Хуцауӕй ке нӕ ’нцӕ, уой зонун.
Кӕд Хуцау адӕни сӕ тӕрегъӕдти туххӕй ӕфхуардта, уӕд сӕ Киристе сӕ незтӕй цӕмӕн дзӕбӕх кодта?
Библи зӕгъуй:
-
«Хуцауи фуддзийнадӕй бафӕлварӕн нӕййес, ӕма е ӕхуӕдӕг дӕр фуддзийнадӕй неке фӕлваруй» (ИАКОВИ 1:13). Ӕности дӕргъи адӕн «фуддзийнади» туххӕй гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, удта сӕйунцӕ ӕма мӕлунцӕ. Фал тагъд «фуддзийнадӕн» кӕрон ӕрцӕудзӕй.
-
Йесо Киристе «исдзӕбӕх кодта сӕйгити ӕгасейдӕр» (МАТФЕЙЙИ 8:16). Хуцауи Фурт, ка имӕ цудӕй, уони ӕгасейдӕр ке дзӕбӕх кодта, уомӕй бавдиста, Хуцауи Паддзахади рӕстӕги ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр сӕйгӕ ке некебал кӕндзӕй, уой.
-
«[Хуцау] син ниссӕрфдзӕй сӕ цӕстисугтӕ, ӕма нӕбал уодзӕй нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист. Раздӕр ци адтӕй, е фӕййевгъудӕй» (РАРГОМАДӔ 21:3–5).
ГЪЕЗӔМӔРТТӔ КЕ ТУХХӔЙ ӔВЗАРӔН?
Мадта адӕн уойбӕрцӕ зиндзийнӕдтӕ ӕма маст цӕмӕн ӕвзарунцӕ? Ӕности дӕргъи дӕр адӕни уой базонун фӕндадтӕй. Кӕд Хуцау нӕй фудгин, уӕд, мадта, ка? Аци фарстатӕбӕл дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.
^ 4 абз. Рагидзаманти Хуцау цӕхуӕндӕр тӕрегъӕдти туххӕй адӕни бафхуӕридӕ. Фал Библий некӕми финст ес, нур дӕр Йеговӕ адӕни сӕ тӕрегъӕдти туххӕй незтӕ кенӕ бӕллӕхти хай ке бакӕнуй.