9 СӔРГОНД
Дӕ бийнонтӕ амондгун цӕй фӕрци уодзӕнцӕ?
1. Лӕг ӕма уоси сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ байеу кӕнун цӕмӕн фӕгъгъӕуй?
Библий ци хуарз хабар финст ес, е Йеговӕй цӕуй. Йеговӕ ӕй амондгун Хуцау ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй зӕнхӕбӕл еугур бийнонтӕ дӕр уонцӕ амондгун (1 Тимофеймӕ 1:11). Бийнонти цардӕн бундор Хуцау ӕрӕвардта. Цӕмӕй бийнонтӕ амондгун уонцӕ, уой туххӕй гъӕуама лӕг ӕма уосӕ сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ байеу кӕнонцӕ. Уӕд сӕ цардӕн фехӕлунӕй уотӕ тӕссаг нӕ уодзӕй ӕма сувӕллӕнтти дӕр уӕхӕн бийнонти гъомбӕл кӕнун ӕнцондӕр уодзӕй. Бакӕсӕ Лукай 2:1, 4, 5.
Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй лӕг ӕма уосӕ алкӕддӕр уонцӕ еумӕ. Йеговӕ куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ кӕрӕдземӕй уӕлдай гъӕуама се ’ргом макӕмӕ ӕздахонцӕ (Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:4). Хуцау ӕ «исӕфт уинуй хецӕн кӕнунӕй» (Малахи 2:16). Фал ӕ цардӕмбал гадзирахаттӕй кӕбӕл рацудӕй, еци адӕймагӕн ба Йеговӕ барӕ дӕттуй, цӕмӕй си рахецӕн уа ӕма нӕуӕгӕй бийнонтӕ искӕна. Бакӕсӕ Матфеййи 19:3–6, 9.
2. Лӕг ӕма уосӕ кӕрӕдземӕн куд гъӕуама уонцӕ?
Йеговӕ нӕлгоймаг ӕма силгоймаги уотӕ искодта, ӕма си бийнонти царди алкӕмӕн дӕр ес ӕхе бунат (Райдайӕн 2:18). Нӕлгоймаг бийнонти хестӕр ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама ӕ бийнонти дара, удта син, Хуцауи Дзурди ци финст ес, уой амона. Гъӕуама ӕ уоси уодуӕлдай уарзтӕй уарза. Уогӕ сӕ дууӕ дӕр гъӕуама сӕ кӕрӕдземӕн аргъ кӕнонцӕ ӕма кӕрӕдзей уарзонцӕ. Ӕнӕрӕдуйгӕ адӕймаг нӕййес, ӕма уомӕ гӕсгӕ лӕг ӕма уосӕ гъӕуама кӕрӕдземӕн хатир кӕнун зононцӕ. Уой фӕрци сӕ цард берӕ амондгундӕр уодзӕй. Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 4:31, 32; 5:22–25, 33; 1 Петури 3:7.
3. Бийнонтӕн сӕ цард ку нӕ цӕуа, уӕд син куд кӕнгӕ ’й?
Лӕг ӕма уосӕ кӕрӕдзей ку нӕ лӕдӕронцӕ, уӕд гъӕуама сӕ дууӕ дӕр архайонцӕ сӕ уарзондзийнадӕ гъуддӕгтӕй ӕвдесун (1 Коринфӕгтӕмӕ 13:4, 5). Хуцау уотӕ нӕ зӕгъуй, ӕма бийнонтӕ ку нӕ федауонцӕ, уӕд рахецӕн уӕнтӕ, зӕгъгӕ. Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 7:10–13.
4. Хуцауи зӕрдӕ сувӕллӕнттӕн ци зӕгъуй?
Йегови фӕндуй, цӕмӕй сувӕллӕнттӕ дӕр амондгун уонцӕ. Ӕма син уомӕ гӕсгӕ царди тӕккӕ хуӕздӕр над амонуй. Удта ма ’й фӕндуй, цӕмӕй сӕ ниййергутӕмӕ дӕр игъосонцӕ, уомӕн ӕма етӕ царди фулдӕр фӕууидтонцӕ ӕма фулдӕр зонунцӕ (Колоссӕгтӕмӕ 3:20). Уомӕй уӕлдай ма Йегови фӕндуй, цӕмӕй ин сувӕллӕнттӕ ӕхе зӕрдӕ дӕр ӕма ӕ Фурти зӕрдӕ дӕр рохс кӕнонцӕ, уомӕн ӕма ’й зонуй, е син цийнӕдзийнадӕ ке хӕсдзӕй. Бакӕсӕ Екклесиаст 11:9–12:1; Матфеййи 19:13–15; 21:15, 16.
5. Цӕмӕй сувӕллӕнттӕ амондгун уонцӕ, уой туххӕй ниййергути ци кӕнун гъӕуй?
Ниййергутӕ гъӕуама мӕтӕ кӕнонцӕ, сӕ сувӕллӕнттӕ ци бахуӕрдзӕнцӕ, сӕ уӕле ци искӕндзӕнцӕ ӕма кӕми цӕрдзӕнцӕ, уобӕл (1 Тимофеймӕ 5:8). Фал цӕмӕй сувӕллӕнттӕ амондгун уонцӕ, уой туххӕй сӕ гъӕуй ахур кӕнун, цӕмӕй Хуцауи уарзонцӕ ӕма ин ӕ унаффитӕмӕ игъосонцӕ (Ефесӕгтӕмӕ 6:4). Еци гъуддаги син ниййергутӕ гъӕуама сӕхуӕдтӕ уонцӕ фӕнзуйнаг. Сувӕллонӕн зунд Хуцауи Дзурдӕй ку амононцӕ, уӕд ӕй уотемӕй раст надбӕл араззӕнцӕ. Бакӕсӕ Дуккаг закъон 6:4–7; Ӕмбесӕндтӕ 22:6.
Ниййергутӕ гъӕуама сӕ сувӕллӕнттӕн дзоронцӕ, берӕ сӕ ке уарзунцӕ, уой. Уомӕй уӕлдай ма сӕ растаун дӕр фӕгъгъӕуй, хуарзӕй ци искӕнунцӕ, уой туххӕй, уомӕн ӕма сӕбӕл уӕд базуртӕ базайуй. Фал син еуӕй-еу хатт зунд байамонун кенӕ рахилӕ кӕнун дӕр фӕгъгъӕуй. Е сӕ багъӕуай кӕндзӕй, сӕ цард син ка фехала, уӕхӕн ӕнӕзунд миутӕй (Ӕмбесӕндтӕ 22:15). Фал сувӕллони бафхуӕрун ку гъӕуа, уӕд ниййергутӕ гъӕуама ӕгӕр карз ӕма ӕнӕхатир ма уонцӕ. Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 3:21.
Йегови Ӕвдесӕнтӕ мухури рауагътонцӕ, ниййергутӕн дӕр ӕма сувӕллӕнттӕн дӕр устур ӕнхус ка уодзӕй, уӕхӕн киунугутӕ. Еци киунугутӕ Библибӕл бундореуӕг кӕнунцӕ. Бакӕсӕ Псалом 19:7, 11.