3 СӔРГОНД
Хуарз хабар ӕцӕгӕйдӕр Хуцауӕй ӕй?
1. Библий ке гъудитӕ финст ес?
Адӕм ӕносмӕ зӕнхӕбӕл ке цӕрдзӕнцӕ, еци хуарз хабар финст ӕй Библий (Псалом 37:29). Библий ес 66 минкъий киунуги. Финстонцӕ ’й еу-40 адӕймаги. Етӕ ӕгасӕй дӕр адтӕнцӕ Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ. Фиццаг фондз киунуги ниффинста Моисей, еу-3 500 анзей размӕ. Фӕстаг киунугӕ ба ниффинста апостол Иоанн, еу-1 900 анзей размӕ. Цума Библий ке гъудитӕ финст ес? Хуцау, ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци, Библи ка финста, уонӕн амудта, ци финсгӕ син ӕй, уой (2 Самуили 23:2). Етӕ сӕхе гъудитӕ нӕ финстонцӕ, фал Хуцауи гъудитӕ. Уомӕ гӕсгӕ федарӕй зӕгъӕн ес – Библи ӕй Хуцауӕй ӕрвист киунугӕ. Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 3:16; 2 Петури 1:20, 21.
Бакӕсӕ видеороликмӕ «Библи ка ниффинста?»
2. Библи Хуцауӕй ке ӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
Библи Хуцауӕй ке ӕй, е ма бӕрӕг ӕй, ци пахампарӕдтӕ си финст ес, етӕ ке ӕнхӕст кӕнунцӕ, уомӕй. Еунӕг адӕймаги бон дӕр нӕй, исон ци уодзӕй, уой рагацау зӕгъун (Йесо Навин 23:14). Уотӕ ӕрмӕстдӕр Хуцауи бон ӕй. Бакӕсӕ Исай 42:9; 46:10.
Библий хузӕн киунугӕ дуккаг нӕййес. Абони уӕнгӕ мухургонд ӕрцудӕй милиардгай Библитӕ, сӕдӕгай ӕвзӕгтӕбӕл. Кӕд рагон киунугӕ ӕй, уӕддӕр науки хӕццӕ баст гъуддӕгти ба алкӕддӕр фӕууй раст. Удта ’й кӕд 40 адӕймаги финстонцӕ, уӕддӕр си еу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ еу гъуди цӕуй. Библий цидӕриддӕр финст ес, уомӕй бӕрӕг ӕй, Хуцаумӕ ци уарзондзийнадӕ ес, е, уомӕн ӕма Библий фӕрци абони дӕр беретӕ сӕ цард фӕххуӕздӕр кодтонцӕ. Аци хабӕрттӕмӕ гӕсгӕ беретӕ баууӕндтӕнцӕ, Библи ӕцӕгӕйдӕр Хуцауи Дзурд ке ӕй, уобӕл. Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:13.
Бакӕсӕ видеороликмӕ «Библи Хуцауи Дзурд ке ӕй, уой кӕцӕй зонӕн?»
3. Библий дзурд цӕбӕл цӕуй?
Библий фиццагидӕр дзурд цӕуй, Хуцау адӕмӕн цӕхуӕн дессаги цард ӕрцӕттӕ кодта, уой туххӕй. Удта ма си финст ес, адӕм дзенети цардӕй куд фенӕхай ӕнцӕ ӕма федӕни ӕгас зӕнхӕ дӕр нӕуӕгӕй Дзенет куд исуодзӕй, уой туххӕй. Бакӕсӕ Раргомадӕ 21:4, 5.
Библий ма ес закъӕнттӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕма унаффитӕ. Уомӕй уӕлдай ма си финст ес аллихузи хабӕрттӕ, ӕма уони фӕрци нӕ бон уодзӕй хуӕздӕр базонун не Сфӕлдесӕги ӕма имӕ цӕхуӕн менеугутӕ ес, уой. Библи ма нин лӕдӕрун кӕнуй, цӕмӕй Хуцауи ӕмбӕлттӕ исуӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй, уой дӕр. Бакӕсӕ Псалом 19:7, 11; Иакови 2:23; 4:8.
4. Библи куд ӕнгъезуй балӕдӕрун?
Библи балӕдӕрунмӕ нин ӕнхус уодзӕй аци брошюрӕ. Арӕзт ӕй, Киристе адӕмӕн Финстадӕ куд лӕдӕрун кодта, уомӕ гӕсгӕ. Финстадӕй син кӕцидӕр стихтӕ ӕрхӕссидӕ, удта син сӕ балӕдӕрун кӕнидӕ. Бакӕсӕ Лукай 24:27, 45.
Хуцауӕй ци хуарз хабар цӕуй, уомӕй хуӕздӕр хабар нӕййес! Фал имӕ беретӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсунцӕ, кадӕртӕ ба ма имӕ мӕстгун дӕр фӕккӕнунцӕ. Е дӕ ма бакъулумпи кӕнӕд, уомӕн ӕма дин зӕнхӕбӕл ӕностӕмӕ цӕруни нифс уодзӕй, Хуцауи ку зонай, ӕрмӕстдӕр уӕд. Бакӕсӕ Иоанни 17:3.