Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

5 СӔРГОНД

Хуцаумӕ зӕнхи туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ ес?

Хуцаумӕ зӕнхи туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ ес?

1. Хуцау зӕнхӕ цӕмӕн сфӕлдиста?

Йеговӕ нин цӕрӕнбунатӕн искодта зӕнхӕ. Фиццаг дууӕ адӕймагей, Адам ӕма Еви дӕр зӕнхӕбӕл цӕрунмӕ сфӕлдиста. Уӕлӕрвти цӕрунмӕ ба сфӕлдиста изӕдти (Иов 38:4, 7). Хуцау адӕми ӕрцӕрун кодта дзенети, Едеми дзӕхӕрадони (Райдайӕн 2:15–17). Уотӕ ’й фӕндадтӕй, цӕмӕй фиццаг дууӕ адӕймаги ӕма ма сӕ байзӕдтӕгтӕ дӕр зӕнхӕбӕл ӕностӕмӕ цардайуонцӕ. Бакӕсӕ Псалом 37:29; 115:16.

Тӕккӕ фиццаг дзенет ӕрмӕстдӕр Едеми дзӕхӕрадонӕ адтӕй. Адам ӕма Евӕ гъӕуама цӕуӕт рауагътайуонцӕ ӕма уотемӕй адӕм зӕнхӕбӕл исберӕ адтайуонцӕ. Уотемӕй ӕгас зӕнхӕ дӕр сабургай дзенет иссайдӕ (Райдайӕн 1:28). Зӕнхӕ некӕд фесӕфдзӕй. Алкӕддӕр уодзӕй нӕ цӕрӕн бунат. Бакӕсӕ Псалом 104:5.

Бакӕсӕ видеороликмӕ «Хуцау зӕнхӕ цӕмӕн сфӕлдиста?»

2. Абони зӕнхӕ дзенет цӕмӕн нӕй?

Адам ӕма Евӕ Хуцауи нихмӕ рацудӕнцӕ, ӕма сӕ е дӕр Едеми дзӕхӕрадонӕй ратардта. Ӕма уӕд адӕм дзенетӕй фенӕхай ӕнцӕ, нӕуӕгӕй искӕнун ба ’й неке бон бал адтӕй. Уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕнхӕ ӕй фудгӕнгути къохи (Иов 9:24). Бакӕсӕ Райдайӕн 3:23, 24.

Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Йеговӕн ӕ фӕндонӕй неци рауадӕй? Нӕ! Йеговӕн ӕ хъаурӕ ӕнӕкӕрон ӕй ӕма ’й неци бахъор кӕндзӕй ӕ фӕндон исӕнхӕст кӕнунмӕ (Исай 45:18). Адӕм ци фесафтонцӕ, уой син фӕстӕмӕ раздахдзӕй ӕма бабӕй ӕнӕгъӕнӕ зӕнхӕ дӕр нӕуӕгӕй исуодзӕй Дзенет. Бакӕсӕ Псалом 37:11, 34.

3. Зӕнхӕ фӕстӕмӕ Дзенет куд исуодзӕй?

Зӕнхӕ нӕуӕгӕй Дзенет исуодзӕй Йесой хецаудзийнади рӕстӕги. Армагеддони тугъди Йесо ӕ уӕларвон изӕдти хӕццӕ фесафдзӕй, Хуцауи нихмӕ кадӕриддӕр цӕуй, уони. Сайтани ба 1 000 анземӕ исбӕтдзӕй ӕма ’й дӕлзӕнхӕ фӕккӕндзӕй. Еци тугъди Хуцауи адӕм фӕййервӕззӕнцӕ, уомӕн ӕма сӕ Йесо гъӕуай кӕндзӕй ӕма син амондзӕй, ци кӕнун сӕ гъӕуй, уой. Еци адӕм зӕнхӕбӕл дзенети ӕностӕмӕ цӕргӕ байзайдзӕнцӕ. Бакӕсӕ Раргомадӕ 20:1–3; 21:3, 4.

4. Гъезӕмӕрттӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕй?

Хуцау кӕд искӕдзос кӕндзӕй зӕнхӕ лӕгъуздзийнадӕй? Киристе ӕй балӕдӕрун кодта, еци рӕстӕги размӕ цӕхуӕн хабӕрттӕ цӕудзӕй, уой. Абони дуйне ци уавӕри ӕй, е ма идарддӕр уотӕ ку рахӕсса, уӕд зӕнхӕбӕл цӕрӕг нӕбал байзайдзӕй. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма мах цӕрӕн «аци цардӕвӕрдӕн ӕ кӕрони» рӕстӕг. Бакӕсӕ Матфеййи 24:3, 7–14, 21, 22.

Йесо 1 000 анзей дӕргъи адӕмӕн разамунд дӕтдзӕй. Ӕма еци рӕстӕг кӕрон искӕндзӕй еугур гъезӕмӕрттӕн дӕр (Исай 9:6, 7; 11:9). Йесо айдагъ Паддзах нӕ уодзӕй, фал ма Хестӕр Саугин дӕр ӕма, Хуцауи ка уарзуй, еци адӕми сӕ тӕрегъӕдтӕй исуӕгъдӕ кӕндзӕй. Хуцау Киристей фӕрци адӕми иссӕребарӕ кӕндзӕй незтӕй, зӕронд кӕнунӕй ӕма мӕлӕтӕй. Бакӕсӕ Исай 25:8; 33:24.

5. Дзенети ка цӕрдзӕй?

Йегови Ӕвдесӕнти ӕмбурди базонгӕ уодзӕнӕ, Хуцауи ка уарзуй ӕма ин ӕ зӕрдӕ ка рохс кӕнуй, уӕхӕн адӕми хӕццӕ

Зӕнхӕбӕл дзенети цӕрдзӕнцӕ, Хуцаумӕ ка игъоса, еци адӕм (1 Иоанни 2:17). Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн бафӕдзахста, цӕмӕй сӕрниллӕг адӕми агурдтайуонцӕ ӕма син Хуцауи фӕндон амудтайуонцӕ. Абони Йеговӕ милиуангай адӕми цӕттӕ кӕнуй зӕнхӕбӕл дзенети цӕрунмӕ (Софони 2:3). Йегови Ӕвдесӕнти ӕмбурдти нӕлгоймӕгтӕ ӕма силгоймӕгтӕ ахур кӕнунцӕ, сӕ бийнонти рази сӕбӕл ци ихӕстӕ ес, уони хуӕздӕр ӕнхӕст кӕнунбӕл. Еци ӕмбурдти ниййергутӕ ӕма сувӕллӕнттӕ еумӕ ковунцӕ Хуцауӕн. Удта ма си Библийӕй ци унаффитӕ фегъосунцӕ, уонӕмӕ гӕсгӕ сӕ цард хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййевунцӕ. Бакӕсӕ Михей 4:1–4.