53 ЗАР
Цӕттӕ уӕн игъосун кӕнунмӕ
-
1. Ра сӕумӕ ’й.
Абони мах
Хабар адӕнӕн хӕсдзиан.
Фал ӕрбатар ӕй,
Мегътӕй райдзаг ӕй арв.
Мадта уӕд абони ма цӕуӕн,
Байзайӕн.
БАЗАРД
Мах лӕгъуз сагъӕстӕ ку сорӕн,
Цӕттӕ ӕдзох ку уӕн,
Нӕ Фидӕй хъауритӕ ку корӕн –
Уӕд нӕ тӕрсӕн.
Нӕ хӕццӕ уодзӕнцӕ изӕдтӕ,
Йесой дӕлбарӕ ан.
Нӕ фарсмӕ еузӕрдон ӕмбӕлттӕ –
Не ’рхаудзинан.
-
2. Ма кӕнӕн
Макӕд иронх,
Цийнӕ нин ци хӕссуй, уой.
Не Сфӕлдесӕгӕн
Ӕй ӕ къохи нӕ цард.
Уомӕй нӕ уодзӕй иронх нӕ уарзт,
Зонӕн мах.
БАЗАРД
Мах лӕгъуз сагъӕстӕ ку сорӕн,
Цӕттӕ ӕдзох ку уӕн,
Нӕ Фидӕй хъауритӕ ку корӕн –
Уӕд нӕ тӕрсӕн.
Нӕ хӕццӕ уодзӕнцӕ изӕдтӕ,
Йесой дӕлбарӕ ан.
Нӕ фарсмӕ еузӕрдон ӕмбӕлттӕ –
Не ’рхаудзинан.
(Кӕсӕ ма Еккл. 11:4; Матф. 10:5, 7; Лук. 10:1; Тит. 2:14.)