Йегови Ӕвдесӕнтӕ креационизмбӕл ӕууӕндунцӕ?
Нӕ. Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕууӕндунцӕ, алцидӕр Хуцау ке сфӕлдиста, уобӕл. Фал креационизмбӕл не ’ууӕндӕн. Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма креациониститӕ цӕбӕл ӕууӕндунцӕ еци гъудитӕй еуӕй-еуетӕ Библимӕ гӕсгӕ раст нӕ ’нцӕ. Ӕркӕсӕн дууӕ цӕветтонемӕ.
Ӕхсӕз сфӕлдистадон бони цӕйбӕрцӕ рӕстӕг цудӕнцӕ. Еуӕй-еу креациониститӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ, ӕхсӕз сфӕлдистадон бони адтӕнцӕ, 24 сахатти кӕми ес, уӕхӕн бӕнттӕ. Фал Библий дзурд «бон» фӕййамонуй хъӕбӕр берӕ рӕстӕгмӕ (Райдайӕн 2:4; Псалом 90:4).
Зӕнхӕбӕл цал анзи цӕуй. Еуӕй-еу креациониститӕ дзорунцӕ, зӕнхӕбӕл цалдӕр мин анземӕй ӕндӕр ке нӕ цӕуй. Фал Библимӕ гӕсгӕ зӕнхӕ дӕр ӕма Дун-дуйне дӕр адтӕнцӕ ӕхсӕз сфӕлдистадон боней размӕ дӕр (Райдайӕн 1:1). Уомӕ гӕсгӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ арази ’нцӕ, берӕ ахургӕндтӕ уой фӕдбӕл ци дзорунцӕ, уой хӕццӕ – зӕнхӕбӕл цӕуй миллиардгай ӕнзтӕ.
Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕууӕндунцӕ, алцидӕр Хуцау ке сфӕлдиста, фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма науки нихмӕ ’нцӕ. Мах ӕууӕндӕн, ӕцӕг наукӕ Библий нихмӕ ке нӕй.