Йегови Ӕвдесӕнтӕ крестӕн цӕмӕннӕ табу кӕнунцӕ?
Беретӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма крест ӕй киристон дини сӕйрагдӕр бӕрӕггӕнӕн. Кӕд Йегови Ӕвдесӕнтӕ киристӕнттӕ ’нцӕ, уӕддӕр крестӕн нӕ табу кӕнунцӕ. Цӕмӕннӕ?
Уомӕн ӕма, Библи куд лӕдӕрун кӕнуй, уомӕ гӕсгӕ Киристе крестбӕл нӕ рамардӕй, фал цӕгиндзӕбӕл. Уомӕй уӕлдай ма Библи киристӕнтти фӕдзӕхсуй, цӕмӕй «мӕнгӕхуцӕуттӕн ковунӕй идард ледзонцӕ», ӕма е хауй крестӕн табу кӕнунмӕ дӕр (1 Коринфӕгтӕмӕ 10:14; 1 Иоанни 5:21).
Ӕхсидзгӕ ма ӕй, Киристе ци загъта, е дӕр: «Мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой еугур адӕм дӕр базондзӕнцӕ уӕ кӕрӕдзей ку уарзайтӕ, уӕд» (Иоанни 13:34, 35). Уотемӕй Йесо балӕдӕрун кодта, ӕцӕг киристӕнтти базонӕн ке уодзӕй, крестӕн кенӕ ӕндӕр цӕмӕндӕр ке табу кӕнунцӕ, уомӕй нӕ, фал сӕ кӕрӕдзей ке уарзунцӕ, уомӕй.