Йегови Ӕвдесӕнтӕ Рагон Фӕдзӕхстбӕл ӕууӕндунцӕ?
Гъо. Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕууӕндунцӕ, Библи ӕнӕгъӕнӕй дӕр ке ӕй «Хуцауи разамундӕй финст ӕма пайда [ке] ӕй» (2 Тимофеймӕ 3:16). Библимӕ хаунцӕ Рагон Фӕдзӕхст дӕр ӕма Нӕуӕг Фӕдзӕхст дӕр, беретӕ сӕ уотӕ хонунцӕ. Йегови Ӕвдесӕнтӕ сӕ хонунцӕ Дзиуиттаг Финститӕ ӕма Киристон Грекъаг Финститӕ. Уотемӕй мах архайӕн, цӕмӕй уотӕ маке рагъуди кӕна, ӕма Библий еуӕй-еу хӕйттӕ ӕнцӕ зӕронд кенӕ ӕхсидзгӕ нӕ ’нцӕ.
Киристӕнтти Рагон Фӕдзӕхст дӕр ӕма Нӕуӕг Фӕдзӕхст дӕр цӕмӕн гъӕунцӕ?
Киристон апостол Павел Хуцауи фӕндӕй ниффинста: «Раздӕр цидӕриддӕр финст ӕрцудӕй, е ба финст ӕрцудӕй махӕн зунд байамонунмӕ» (Ромӕгтӕмӕ 15:4). Мадта Дзиуиттаг Финстити дӕр ӕхсидзгӕ хабӕртти кой цӕуй. Цӕй кой си цӕуй, уонӕмӕ ма хаунцӕ историй ӕхсидзгӕ хабӕрттӕ ӕма, царди ка ӕнхус кӕнуй, уӕхӕн унаффитӕ дӕр.
Историй ӕхсидзгӕ хабӕрттӕ. Дзиуиттаг Финстити финст ӕй, Хуцау Дун-дуйне куд сфӕлдиста ӕма адӕм тӕрегъӕд куд искодтонцӕ, уой туххӕй. Ӕнӕ уомӕй царди сӕйраг фарстатӕн дзуапп нӕ зудтаййанӕ: адӕймаг куд фӕззиндтӕй? Адӕм цӕмӕн мӕлунцӕ? (Райдайӕн 2:7, 17). Уомӕй уӕлдай ма, Дзиуиттаг Финститӕй базонӕн ес, Йеговӕ Хуцау адӕмӕн куд адтӕй, уой туххӕй. Еци адӕм дӕр мах хузӕн хайгин адтӕнцӕ цийнӕдзийнадӕй дӕр ӕма зиндзийнӕдтӕ дӕр ӕвзурстонцӕ (Иакови 5:17).
Царди ка ӕнхус кӕнуй, уӕхӕн унаффитӕ. Библий киунугутӕ Ӕмбесӕндтӕ ӕма Екклесиаст ӕнцӕ Дзиуиттаг Финстити хай. Ес си, зӕронд ка нӕ кӕнуй ӕма царди ка ӕнхус кӕнуй, уӕхӕн зундгин унаффитӕ. Еци унаффитӕ ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй бийнонтӕ амондгун уонцӕ (Ӕмбесӕндтӕ 15:17), цӕмӕй кустмӕ раст цӕстӕй кӕсӕн (Ӕмбесӕндтӕ 10:4; Екклесиаст 4:6), удта цӕмӕй ӕригӕнттӕн сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ рохс кӕна (Екклесиаст 11:9–12:1).
Уомӕй уӕлдай ма нин пайда уодзӕй Моисейи Закъон ахур кӕнун дӕр, финст ӕй Тори (Библий фиццаг фондз киунуги). Кӕд киристӕнтти еци Закъон ӕнхӕст кӕнун нӕ гъӕуй, уӕддӕр си ци ӕхсидзгӕ уагӕвӕрдтӕ ес, етӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй амондгун уӕн (Левит 19:18; Дуккаг закъон 6:5–7).