ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
Мӕ ныййарджытӕ хицӕн кӕнынц. Мӕ бон цы у саразын?
Ныййарджытӕ куы ахицӕн вӕййынц, уӕд уый сывӕллонӕн стыр маст бавзарын кӕны. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ ныййарджытӕ ахицӕн сты, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уыцы маст сфӕразай?
Ацы статьяйы
Цы дӕ нӕ хъӕуы аразын
1. Дӕхи ма аххосджын кӕн
«Иухатт мын мӕ мад загъта, ды, дам, куы райгуырдтӕ, уӕд, дам, дӕ фыдимӕ кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстам. Ӕмӕ ӕз дӕр хъуыды кодтон, мӕн тыххӕй кӕй ахицӕн сты» (Дианӕ).
Дӕ зӕрдыл дар. Дӕ ныййарджытӕ кӕй ахицӕн сты, уый дӕу аххос нӕу. Афтӕ рауад, кӕрӕдзи кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй. Дӕ бон сын баххуыс кӕнын нӕу. Дӕ ныййарджытӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй сӕ бинонты цард бахъахъхъӕной.
2. Дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс
«Мӕ фыдмӕ тынг мӕсты кӕнын, мӕ мадыл йӕ зӕрдӕ кӕй сивта, уый тыххӕй. Нӕ зонын, искуы ма йыл баууӕнддзынӕн» (Рианнӕ).
Дӕ зӕрдыл дар. Дӕ ныййарджытӕ кӕй хицӕн кӕнынц, уый тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, мӕсты кӕныс, ӕмӕ дӕ бамбарӕн ис. Фӕлӕ дӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссай, уӕд уый де ’нӕниздзинадыл ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн. Афтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, искӕмӕ дӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссай, уӕд цыма дӕхӕдӕг марг банызтай, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, иннӕ адӕймаг исты кӕй кӕндзӕн a.
3. Ма дызӕрдыг кӕн, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ дӕхицӕн амондджын бинонтӕ уа
«Тӕрсын, мӕ фыд куыд бакодта, ӕз дӕр афтӕ куы бакӕнон. Тӕрсын, куы смой кӕнон ӕмӕ мын сывӕллӕттӕ куы фӕзына, уӕд мӕ бинонты цард мӕн тыххӕй куы фехӕла» (Джессикӕ).
Дӕ зӕрдыл дар. Дӕ ныййарджытӕ кӕй ахицӕн сты, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ды дӕр дӕ цардӕмбалимӕ ахицӕн уыдзынӕ. Дӕ бон у сӕ хабарӕй дӕхицӕн зондӕн исты райсын. Зӕгъӕм, бамбардзынӕ, дӕ фидӕны цардӕмбалмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа. Стӕй ма дӕ бафӕнддзӕн, цӕмӕй дӕм уа, хуыздӕр цардӕмбал кӕй фӕрцы уыдзынӕ, ахӕм миниуджытӕ.
Дӕ бон цы у аразын
1. Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзур. Адӕймаг, цы йӕ тыхсын кӕны, уыдӕттӕ иннӕтӕн куы нӕ дзура, уӕд, гӕнӕн ис, ӕвзӕр цӕуылдӕрты фӕцахуыр уа, зӕгъӕм, нозтыл кӕнӕ наркотиктыл. Дӕ бон цы у саразын?
Дӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕн. Кӕд дӕ ныййарджытӕ (сӕ иу кӕнӕ сӕ дыууӕ дӕр) архайынц, цӕмӕй сӕ искӕй фарс рахӕцай, уӕд сын сабырӕй, фӕлӕ фидарӕй бамбарын кӕн, уый дын тынг зын кӕй у. Кӕд дын уый фӕдыл семӕ ныхас кӕнын ӕнцон нӕу, уыд сӕм дӕ бон у писмо ныффыссын.
Кӕуыл ӕууӕндыс, ахӕм ӕмбалимӕ аныхас кӕн. Адӕймагмӕ исчи лӕмбынӕг куы байхъусы, уӕд ын ӕрмӕст уый дӕр тынг баххуыс кӕны. Библийы фыст ис: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).
Де Сфӕлдисӕгимӕ аныхас кӕн. Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау», ӕмӕ дӕм алкӕддӕр байхъусдзӕн (Псалом 65:2). Библийы фыст ис, дӕ бон кӕй у «де ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнын», уымӕн ӕмӕ дыл уый тыхсы (1 Петры 5:7).
Дӕ ныййарджытӕй дӕ бон кӕцыимӕ у сабырӕй аныхас кӕнын?
Дӕ хабар дӕ хорз ӕмбӕлттӕй (де ’мгарӕн кӕнӕ дӕуӕй хистӕр чи у, уыдонӕй) кӕцыйӕн радзурис, цӕмӕй дын баххуыс кӕна?
Дӕ бон цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй у кувын?
2. Ног уавӕртыл ахуыр кӕн
Дӕ ныййарджытӕ кӕй ахицӕн сты, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, бахъӕуа ӕндӕр ран цӕрын, ног скъолайы ахуыр кӕнын, ног ӕмбӕлттӕ ссарын, стӕй уӕм, чи зоны, къаддӕр ӕхца ӕфта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый тынг зын у ӕмӕ дӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ дӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Дӕ бон цы у саразын? Бацархай, цӕмӕй дӕ ног уавӕртыл сахуыр уай.
Дӕ ныййарджытӕ кӕй ахицӕн сты, уый тыххӕй дӕ царды цы ивындзинӕдтӕ ’рцыд, уыдонӕй ӕппӕты стырдӕр кӕцы уыд?
Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уыцы ивындзинадыл сахуыр уай?
3. Дӕ хорз миниуджытыл хъуыды кӕн
Ныййарджытӕ куы ахицӕн вӕййынц, уӕд сывӕллон тынг фӕмӕт кӕны. Фӕлӕ ма уыцы уавӕры йӕ бон вӕййы фенын йӕ хорз миниуджытӕ дӕр. Суанг ма йӕ бон вӕййы ног миниуджытыл дӕр бакусын. Джеремийы ныййарджытӕ ахицӕн сты, 13 азы йыл куы цыд, уӕд. Уый загъта: «Мӕ ныййарджытӕ куы ахицӕн сты, уӕд мӕ бахъуыд мӕхимӕ цавӕрдӕр хӕстӕ райсын. Хъуамӕ мӕ мадӕн ӕмӕ мӕ кӕстӕр ӕфсымӕрӕн ӕххуыс кодтаин».
Дӕ ныййарджытӕ куы ахицӕн сты, уӕд дӕхимӕ цавӕр хорз миниуджытӕ федтай?
Цавӕр миниуджытӕ дӕ фӕндид дӕ удыхъӕды сфидар кӕнын?
a Фылдӕр базондзынӕ статьяйӕ «Как я могу сдерживать гнев?».