Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библийы кӕй кой ис, уыцы сылгоймӕгтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Библийы кӕй кой ис, уыцы сылгоймӕгтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Дзуапп Библийӕ

 Библийы бирӕ сылгоймӕгты кой ис. Сӕ цардӕй сын нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын (Ромӕгтӕм 15:4; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Ацы статьяйы уыцы сылгоймӕгтӕй ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутыл цӕуы дзырд. Сӕ фылдӕр нын сты фӕзминаг. Иннӕты царды хабӕрттӕй та нӕ бон у базонын, нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм (1 Коринфӕгтӕм 10:11; Дзуттӕгтӕм 6:12).

  Авигейӕ

 Чи уыди Авигейӕ? Уый уыди хъӕздыг, фӕлӕ тызмӕг нӕлгоймаг Навалы бинойнаг. Фӕлӕ Авигейӕ йӕхӕдӕг уыд ӕмбаргӕ ӕмӕ сӕрныллӕг сылгоймаг. Уыд тынг рӕсугъд ӕмӕ йӕм уыди, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ (1 Самуилы 25:3).

 Цы зонӕм Авигейӕйы тыххӕй? Авигейӕ архайдта ӕмбаргӕйӕ, цӕмӕй йӕ хӕдзар фыдбылызӕй бахызтаид. Йӕ сӕрыхицауимӕ цардысты, Израилы фидӕны паддзах Давид кӕм ӕмбӕхст, уыцы зӕххыл. Давид ӕмӕ йӕ адӕм уым куы уыдысты, уӕд Навалы фысты дзугтӕ абырджытӕй хъахъхъӕдтой. Фӕлӕ Давид Навалмӕ йӕ минӕвӕртты куы барвыста, иу гыццыл нын хӕринаг ратт, зӕгъгӕ, уӕд сӕ Навал фӕстӕмӕ ӕнӕ ницӕмӕй арвыста. Давид фырмӕстӕй цӕхӕртӕ акалдта! Гъемӕ йӕ адӕмимӕ араст ис Навалы ӕмӕ, йӕ хӕдзары нӕлгоймагӕй чидӕриддӕр уыди, уыдоны амарынмӕ (1 Самуилы 25:10–12, 22).

 Авигейӕ, йӕ сӕрыхицау цы бакодта, уый куы базыдта, уӕд фӕстӕ нӕ фӕкодта. Йӕ лӕггадгӕнджытӕн хӕринӕгтӕ арвыста, цӕмӕй сӕ Давидмӕ ӕмӕ йӕ адӕммӕ фӕхӕццӕ кодтаиккой. Стӕй йӕхӕдӕг дӕр сӕ фӕстӕ атындзыдта, цӕмӕй Давидӕн балӕгъстӕ кодтаид, ӕмӕ Навалӕн йӕ тӕригъӕд ныххатыр кодтаид (1 Самуилы 25:14–19, 24–31). Давид ын йӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ, куыд сӕрныллӕг уыд, уый куы федта, стӕй йын йе ’мбаргӕ уынаффӕ куы фехъуыста, уӕд бамбӕрста, йӕ размӕ йын ӕй Хуыцау кӕй рарвыста, цӕмӕй йӕ туг ныккалын ма бауагътаид (1 Самуилы 25:32, 33). Гыццыл фӕстӕдӕр Навал амард, ӕмӕ Авигейӕ Давиды ус сси (1 Самуилы 25:37–41).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Авигейӕйӕ? Авигейӕ кӕд рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг уыд, уӕддӕр йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрдта. Фарн бахъахъхъӕныны тыххӕй цӕттӕ уыди хатыр ракурынмӕ, кӕд йӕхӕдӕг аххосджын нӕ уыди, уӕддӕр. Ӕмӕ кӕд уавӕр тӕссаг уыд, уӕддӕр йӕ фӕрцы хъуыддаг сабырӕй ахицӕн. Авигейӕ равдыста уӕздандзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ сӕрӕндзинад.

  Аннӕ

 Чи уыд Аннӕ? Уый уыд Елхъаны ус ӕмӕ Самуилы, рагон Израилы зындгонд пехуымпары мад (1 Самуилы 1:1, 2, 4–7).

 Цы зонӕм Аннӕйы тыххӕй? Аннӕйӕн сывӕллон куы нӕма уыд, уӕд Хуыцаумӕ удӕнцойдзинады тыххӕй куывта. Аннӕйы лӕгӕн ма уыд ӕндӕр ус дӕр. Йӕ иннӕ усӕн, Феннанӕйӕн, цот уыд. Фӕлӕ Аннӕйӕн бирӕ рӕстӕг зӕнӕг нӕ цыд. Феннанӕ йӕ ӕдзух ныхасӕй ӕлхыскъ кодта, фӕлӕ Аннӕ Хуыцаумӕ удӕнцойдзинады тыххӕй куывта. Хуыцауӕн дзырд радта, фырт ын куы райгуыра, уӕд ын ӕй кӕй ратдзӕн, цӕмӕй лӕггад кӕна, израилӕгтӕ Хуыцауӕн кӕм куывтой, уыцы хӕсгӕ кувӕндоны цатыры (1 Самуилы 1:11).

 Хуыцау Аннӕйы куывд фехъуыста ӕмӕ йын райгуырд лӕппу, Самуил. Аннӕ йӕ дзырд сӕххӕст кодта ӕмӕ Самуилы, нырма гыццыл уыд, афтӕмӕй кувӕндонмӕ акодта, цӕмӕй уым лӕггад кодтаид (1 Самуилы 1:27, 28). Алы аз дӕр-иу ын бахуыдта ӕнӕдыс къаба ӕмӕ-иу ын ӕй ӕрбахаста. Фӕстӕдӕр Хуыцау Аннӕйӕн раарфӕ кодта ӕмӕ ма йын райгуырд ноджыдӕр фондз сывӕллоны – ӕртӕ лӕппуйы ӕмӕ дыууӕ чызджы (1 Самуилы 2:18–21).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Аннӕйӕ? Аннӕйӕн йӕ зӕрдӕбын куывдтытӕ ӕххуыс кодтой зындзинӕдты фидар фӕлӕууынӕн. 1 Самуилы 2:1–10 стихты фыст ис йӕ куывд, йӕ бузныджы ныхӕстӕ. Уыцы куывдӕй бӕрӕг у, Хуыцауыл куыд тынг ӕууӕндыд, уый.

  Далидӕ

 Чи уыди Далидӕ? Уый уыди, Израилы тӕрхонгӕнӕг Самсон кӕй бауарзта, уыцы сылгоймаг (Тӕрхонгӕнджыты 16:4, 5).

 Цы зонӕм Далидӕйы тыххӕй? Филистимаг хицӕуттӕй ӕхца райста, цӕмӕй Самсоны, Хуыцау израилӕгты филистимӕгтӕй кӕй къухӕй ирвӕзын кодта, уый, ауӕй кодтаид. Самсон уыд ӕмбисонды хъаруйы хицау, ӕмӕ йын филистимӕгтӕн сӕ бон ницы уыд бакӕнын (Тӕрхонгӕнджыты 13:5). Гъемӕ ӕххуысмӕ Далидӕмӕ ӕрбацыдысты.

 Филистимӕгтӕ Далидӕйӕн бафыстой, Самсонмӕ уыцы хъару кӕцӕй ис, уый базоныны тыххӕй. Далидӕ ӕхца райста, ӕмӕ кӕд цалдӕр хатты йӕ фӕнд йӕ къухы нӕ бафтыд, уӕддӕр иу ран не ’рлӕууыд, цалынмӕ йӕ нӕ базыдта, уӕдмӕ (Тӕрхонгӕнджыты 16:15–17). Стӕй, хабар цӕй мидӕг уыд, уый филистимӕгтӕн радзырдта, ӕмӕ уӕд Самсоны ӕрцахстой ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодтой (Тӕрхонгӕнджыты 16:18–21).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Далидӕйӕ? Далидӕйы хабар нын у зондзонӕн. Ӕхцауарзаг кӕй уыд, уый тыххӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕгыл хинӕй рацыд ӕмӕ йӕ ауӕй кодта.

  Деворӕ

 Чи уыди Деворӕ? Уый уыди пехуымпар. Израилы Хуыцау Йегъовӕ уый уылты дзырдта, йӕ адӕммӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, уый. Стӕй-иу Израилы фыртты ’хсӕн исты куы рауад, уӕд-иу сын Йегъовӕ Деворӕйы уылты ӕххуыс кодта (Тӕрхонгӕнджыты 4:4, 5).

 Цы зонӕм Деворӕйы тыххӕй? Пехуымпар Деворӕ хъӕбатырӕй ӕххуыс кодта Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн. Ханаайнӕгтӕ израилӕгты ӕнцад цӕрын куы нал уагътой, уӕд Деворӕ Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ Варакмӕ фӕдзырдта, цӕмӕй Израилы ӕфсады сӕргъы слӕууыдаид ӕмӕ семӕ схӕцыдаид (Тӕрхонгӕнджыты 4:6, 7). Ӕмӕ Варак Деворӕйӕн куы загъта, цӕмӕй йемӕ ацыдаид, уӕд Деворӕ нӕ фӕтарст, фӕлӕ йемӕ ацыд (Тӕрхонгӕнджыты 4:8, 9).

 Хуыцау израилӕгтӕн стыр уӕлахиз куы радта, уӕд Деворӕ ӕмӕ Варак уыцы хабары номыл цы зарӕг азарыдысты, уымӕн, чи зоны, йӕ кӕцыдӕр хай ӕрхъуыды кодта Деворӕ. Уыцы зарӕджы Деворӕ ракодта ӕндӕр хъӕбатыр сылгоймаг Иаилы кой – цы сарӕзта, цӕмӕй израилӕгтӕ ханаайнӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаиккой (Тӕрхонгӕнджыты 5-ӕм сӕр).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Деворӕйӕ? Деворӕ уыди удуӕлдай ӕмӕ хъӕбатыр сылгоймаг. Иннӕты разӕнгард кодта, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразынмӕ. Ӕмӕ-иу афтӕ куы кодтой, уӕд-иу сын, цы кады аккаг уыдысты, ахӕм кад скодта.

  Евӕ

 Чи уыди Евӕ? Уый уыди ӕппӕты фыццаг сылгоймаг, стӕй Библийы дӕр фыццаг уыцы сылгоймаджы кой ис.

 Цы зонӕм Евӕйы тыххӕй? Евӕ Хуыцауы бӕлвырд фӕдзӕхсты сӕрты ахызт. Йӕ лӕг Адамау Евӕ дӕр уыд ӕххӕст. Уымӕн дӕр йӕ бон уыд уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы миниуджытӕ уыд, уыцы миниуджытӕ йӕ удыхъӕды фидар кӕнын, зӕгъӕм, уарзондзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад (Райдиан 1:27). Евӕ зыдта, Хуыцау Адамӕн иу бӕласы тыххӕй кӕй загъта, куы дзы бахӕрат, уӕд амӕлдзыстут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Хӕйрӕг Евӕйы фӕсайдта, нӕ, дам, амӕлдзынӕ, ӕмӕ йын сылгоймаг дӕр йӕ ныхасыл баууӕндыд. Евӕйы бауырныдта, Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакӕса, уӕд ын хуыздӕр кӕй уыдзӕн. Гъемӕ дыргъӕй бахордта ӕмӕ дзы стӕй йӕ лӕгӕн дӕр бахӕрын кодта (Райдиан 3:1–6; 1 Тимофеймӕ 2:14).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Евӕйӕ? Евӕйы хабарӕй нӕ бон у базонын, зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕн бынат скӕнын куыд тӕссаг у, уый. Евӕйӕн уыцы фӕнд ахӕм тыхджын сси, ӕмӕ Хуыцауы бӕлвырд фӕдзӕхсты сӕрты ахызт ӕмӕ, йӕхи цы нӕ уыд, уый райсын ӕй бафӕндыд (Райдиан 3:6; 1 Иоанны 2:16).

  Есфир

 Чи уыди Есфир? Есфир уыди дзуттаг. Персы паддзах Ахашверош ӕй ракуырдта ӕмӕ сси паддзахы ус.

 Цы зонӕм Есфиры тыххӕй? Ус-паддзах Есфир спайда кодта йӕ бартӕй, ӕмӕ йӕ адӕмы ныццӕгъдын нӕ бауагъта. Есфир базыдта, паддзахы номӕй ахӕм бардзырд кӕй рацыд, цӕмӕй, Персы паддзахады чи цард, уыцы дзуттӕгты ныццагъдтаиккой. Фыст дзы уыд, уый бӕлвырдӕй кӕцы бон хъуамӕ уыдаид, уый. Уыцы фыдвӕнд скодта паддзахы фӕстӕ дыккаг лӕг чи уыд, уый – Аман (Есфир 3:13–15; 4:1, 5). Йӕ фыдыфсымӕр Мардохейы ӕххуысӕй Есфир уыцы фыдвӕнд раргом кодта йӕ сӕрыхицауӕн, паддзах Ахашверошӕн, кӕд ын мӕлӕтӕй тӕссаг уыди, уӕддӕр (Есфир 4:10–16; 7:1–10). Ахашверош Есфирӕн ӕмӕ Мардохейӕн загъта, цӕмӕй ӕндӕр бардзырд ныффыстаиккой. Уыцы бардзырд дзуттӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ цард бахъахъхъӕдтаиккой. Ӕмӕ дзуттӕгтӕ се знӕгты ныццагътой (Есфир 8:5–11; 9:16, 17).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Есфирӕй? Есфир нын тынг фӕзминаг у, хъӕбатыр, сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ кӕй уыд, уымӕй (Псалом 31:24; Филиппӕгтӕм 2:3). Кӕд тынг рӕсугъд уыди ӕмӕ паддзахы ус уыди, уӕддӕр иннӕтӕй уынаффӕ ӕмӕ ӕххуыс курын йӕ сӕрмӕ хаста. Йӕ сӕрыхицауимӕ ныхас кодта фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй, фӕлӕ фидарӕй. Ӕмӕ дзуттӕгтӕн мӕлӕтӕй тӕссаг куы уыд, уӕд хъӕбатырӕй загъта, уый дӕр дзуттаг кӕй у.

  Иаил

 Чи уыд Иаил? Уый уыд Хеверы ус. Хевер израилаг нӕ уыд. Иаил Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ стыр хъӕбатырдзинад равдыста.

 Цы зонӕм Иаилы тыххӕй? Иаил хъӕбатырӕй архайдта, ханаайнӕгты ӕфсады хистӕр Сисарӕ йӕ цатыры куы фӕзынд, уӕд. Сисарӕ израилӕгтимӕ тохы фӕхӕрд ӕмӕ ныр агуырдта, йӕ сӕр кӕм бафснайдтаид ӕмӕ йӕ фӕллад кӕм суагътаид, ахӕм бынат. Иаил ӕй йӕ цатырмӕ бахуыдта. Ӕмӕ Сисарӕ куы афынӕй, уӕд ӕй амардта (Тӕрхонгӕнджыты 4:17–21).

 Афтӕмӕй сӕххӕст, Деворӕ цы пехуымпар-ныхас загъта, уый: «Йегъовӕ Сисарӕйы ратдзӕн сылгоймаджы къухмӕ» (Тӕрхонгӕнджыты 4:9). Иаил цы сарӕзта, уый тыххӕй йӕ схуыдтой «сылгоймӕгтӕй се ’ппӕтӕй арфӕгонддӕр» (Тӕрхонгӕнджыты 5:24).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Иаилӕй? Иаилӕн дзурын нӕ бахъуыд, цы хъуамӕ сарӕзтаид, уый, стӕй равдыста хъӕбатырдзинад. Йӕ хабарӕй бӕрӕг у, Хуыцауӕн йӕ бон куыд у хъуыддӕгтӕ афтӕ рауайын кӕнын, цӕмӕй пехуымпарад сӕххӕст уа.

  Йезавел

 Чи уыд Йезавел? Уый уыд Израилы паддзах Ахавы ус. Йӕхӕдӕг израилаг нӕ уыд ӕмӕ Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кодта. Уый куывта ханаайнӕгты хуыцау Ваалӕн.

 Цы зонӕм Йезавелы тыххӕй? Ус-паддзах Йезавел уыди ӕгъатыр ӕмӕ фыдзӕрдӕ, ӕмӕ йӕхи йӕ лӕгӕй дӕр уӕлдӕр ӕвӕрдта. Уый адӕмы Ваалӕн кувыныл бафтыдта, ӕмӕ Ваалӕн кувын та ӕнӕгъдаудзинадимӕ баст уыд. Йезавелы фӕндыд, цӕмӕй адӕм ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн мауал куывтаиккой (1 Паддзӕхты 18:4, 13; 19:1–3).

 Йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕм искӕй асайын ӕмӕ амарын ӕппындӕр ницы каст (1 Паддзӕхты 21:8–16). Хуыцау йӕ пехуымпары уылты куыд загъта, афтӕ Йезавелы фыдмард акодтой ӕмӕ йӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакодтой (1 Паддзӕхты 21:23; 2 Паддзӕхты 9:10, 32–37).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Йезавелӕй? Йезавелы хабар нын у зондзонӕн. Йезавел уыди тынг ӕгъдаухӕлд ӕмӕ, цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй цыфӕнды дӕр бакодтаид. Уымӕ гӕсгӕ ацы ном хорз фидауы ӕдзӕсгом, ӕнӕгъдау ӕмӕ, нымады дӕр кӕмӕ ницы у, ахӕм сылгоймӕгтыл.

  Лийӕ

 Чи уыд Лийӕ? Лийӕ уыд Иаковӕн йӕ фыццаг ус, йӕ кӕстӕр хо Рахил та – йӕ иннӕ ус (Райдиан 29:20–29).

 Цы зонӕм Лийӕйы тыххӕй? Лийӕ Иаковӕн ӕхсӕз фырты ныййардта (Руф 4:11). Иаковы фӕндыд Рахилы ракурын, Лийӕйы нӕ, фӕлӕ. Фӕлӕ йын чызджыты фыд, Лаван, Рахилы бӕсты Лийӕйы радта. Иаков куы бамбӕрста, Лаван ыл хинӕй кӕй рацыд, уӕд ӕм балӕбурдта. Лаван ын загъта, зӕгъгӕ, дам, махмӕ ахӕм ӕгъдау нӕй, цӕмӕй хистӕр чызджы разӕй кӕстӕр смой кӕна. Уымӕй иу къуыри фӕстӕ Иаков ракуырдта Рахилы (Райдиан 29:26–28).

 Иаков Рахилы Лийӕйӕ фылдӕр уарзта (Райдиан 29:30). Уый тыххӕй Лийӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кодта ӕмӕ, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, цӕмӕй йӕ Иаков бауарзтаид. Хуыцау уыдта, Лийӕ цы уавӕры уыд, уый ӕмӕ йын раарфӕ кодта – ӕхсӕз фырты ӕмӕ йын иу чызг райгуырд (Райдиан 29:31).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Лийӕйӕ? Лийӕ йӕ ныфс Хуыцауыл дардта ӕмӕ йӕм куывта. Ӕмӕ кӕд йӕ цард ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, Хуыцау ын кӕй ӕххуыс кодта (Райдиан 29:32–35; 30:20). Лийӕйы цардӕй зыны, кӕд Хуыцау рӕстӕгмӕ бауагъта, цӕмӕй-иу нӕлгоймагӕн иу усӕй фылдӕр уыдаид, уӕддӕр уым хорзӕй кӕй ницы ис. Райдианы Хуыцау ахӕм фӕтк ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ нӕлгоймагӕн хъуамӕ уыдаид иу ус, сылгоймагӕн та – иу лӕг (Матфейы 19:4–6).

  Лоты ус

 Чи уыд Лоты ус? Библийы йӕ ном фыст нӕй. Фӕлӕ дзы фыст ис, дыууӕ чызджы йын кӕй уыд ӕмӕ йӕ бинонтимӕ горӕт Содомы кӕй цард (Райдиан 19:1, 15).

 Цы зонӕм Лоты усы тыххӕй? Уый Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ нӕ байхъуыста. Содом ӕмӕ йӕм хӕстӕг цы горӕттӕ уыд, уыдон Хуыцау се ’нӕгъдаудзинады тыххӕй фесафынмӕ хъавыд. Уыцы рӕстӕг рӕстгӕнӕг Лот ӕмӕ йӕ бинонтӕ цардысты Содомы, ӕмӕ сӕ Хуыцау кӕй уарзта, уый тыххӕй сӕм дыууӕ зӕды арвыста, цӕмӕй сӕ горӕтӕй ӕдас ранмӕ ракодтаиккой (Райдиан 18:20; 19:1, 12, 13).

 Зӕдтӕ Лотӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн загътой, цӕмӕй алыгъдаиккой ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕсгӕ дӕр ма фӕкодтаиккой, науӕд амардаиккой (Райдиан 19:17). Фӕлӕ Лоты ус «фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ цӕхдур фестад» (Райдиан 19:26).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Лоты усӕй? Лоты усыл цы ’рцыд, уымӕй бӕрӕг у, адӕймаг мулкуарзаг куы уа, уӕд тӕссаг кӕй у, Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакӕсдзӕн, уымӕй. Чырысти дӕр уый тыххӕй фӕдзӕхста: «Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы» (Лукайы 17:32).

  Мариам

 Чи уыд Мариам? Мариам уыди Моисей ӕмӕ Аароны хо. Библийы цы ус-пехуымпарты кой цӕуы, уыдонӕй фыццаг у Мариам.

 Цы зонӕм Мариамы тыххӕй? Пехуымпар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу иннӕтӕн фехъусын кодта, Хуыцау-иу цы загъта, уый. Израилы ’хсӕн уыди нымад сылгоймаг. Ӕмӕ Хуыцау египетӕгты Сырх денджызы раз куы ныццагъта, уӕд Мариам дӕр израилаг нӕлгоймӕгтимӕ уӕлахизы зарӕг зарыд (Рацыд 15:1, 20, 21).

 Цасдӕры фӕстӕ Мариам ӕмӕ Аарон Моисейы фыдкой кӕнын райдыдтой, ӕвӕццӕгӕн, сӕрбӕрзонд кӕй уыдысты ӕмӕ йӕм хӕлӕг кӕй кодтой, уый тыххӕй. Хуыцау «сӕм хъуыста», ӕмӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр карз уайдзӕф бакодта (Нымӕцтӕ 12:1–9). Уый фӕстӕ Хуыцау Мариамыл хъотыр бафтыдта, уымӕн ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг уый райдыдта фыдкой кӕнын. Моисей Мариамы тыххӕй Хуыцауӕн куы ныллӕгъстӕ кодта, уӕд ӕй Хуыцау сдзӕбӕх кодта. Мариам авд боны царди хибарӕй ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ цатырмӕ ӕрбаздӕхт (Нымӕцтӕ 12:10–15).

 Библийӕ бӕрӕг у, Мариам зондамындмӕ кӕй байхъуыста. Ӕнусты фӕстӕ Хуыцау израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, «уӕ разӕй уын арвыстон Моисейы, Аароны ӕмӕ Мариамы», зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, Мариам кадджын хӕс кӕй ӕххӕст кодта (Михей 6:4).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Мариамӕй? Мариамы хабарӕй бӕрӕг у, Хуыцау кӕй хъусы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзийӕн цы дзурынц ӕмӕ, кӕрӕдзи тыххӕй цы дзурынц, уый. Уымӕй уӕлдай ма базыдтам, цӕмӕй нӕ Хуыцау райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ сӕрбӕрзонд ма уӕм ӕмӕ иннӕтӕм ма хӕлӕг кӕнӕм, кӕннод, гӕнӕн ис, иннӕтӕй исты ахӕм зӕгъӕм, ӕмӕ сын сӕ хорз номыл цъыф бакалӕм.

  Марийӕ Магдалинӕ

 Чи уыд Марийӕ Магдалинӕ? Уый уыд Йесойы иузӕрдион ахуыргӕнинаг.

 Цы зонӕм Марийӕ Магдалинӕйы тыххӕй? Марийӕ Магдалинӕ уыди, Йесо ӕмӕ-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ цы сылгоймӕгтӕ цыди, уыдонӕй иу. Марийӕ сын, цы йӕм уыд, уый не ’вгъау кодта (Лукайы 8:1–3). Марийӕ Йесойы фӕдыл цыд, цалынмӕ Йесо зӕххыл лӕггад кодта, уӕдмӕ ӕмӕ йӕ куы ’рцауыгътой, уӕд дӕр уым хӕстӕг лӕууыд. Ӕмӕ Йесо куы райгас, уӕд ӕй фыццаг чи федта, уыдоны ’хсӕн уыд Марийӕ дӕр. Ӕмӕ уый дӕр стыр кад куыннӕ уыд (Иоанны 20:11–18).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Марийӕйӕ? Марийӕ Магдалинӕ Йесойӕн йӕ лӕггады рӕстӕг йе ’ххуыс не ’вгъау кодта ӕмӕ уыд йе ’нувыд ахуыргӕнинаг.

  Марийӕ (Йесойы мад)

 Чи уыд Марийӕ? Марийӕ уыд ӕрыгон дзуттаг сылгоймаг. Йесо йын куы райгуырд, уӕд уыди ӕнӕвнӕлд чызг. Сывӕллон та йӕ хуылфы сӕвзӕрд диссаджы хуызы.

 Цы зонӕм Марийӕйы тыххӕй? Марийӕ сӕрныллӕгӕй ӕххӕст кодта Хуыцауы фӕндон. Зӕд ӕм куы фӕзынд ӕмӕ йын куы загъта, кӕй басывӕрджын уыдзӕн ӕмӕ йын кӕй райгуырдзӕн, рагӕй кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Мессийӕ, уӕд уыди фидыд Иосифимӕ (Лукайы 1:26–33). Марийӕ уайтагъд сразы. Йесойы фӕстӕ Марийӕйӕн ӕмӕ Иосифӕн райгуырд цыппар лӕппуйы ӕмӕ ӕппынкъаддӕр дыууӕ чызджы. Уӕдӕ Марийӕ ӕнӕвнӕлд чызгӕй нӕ баззад (Матфейы 13:55, 56). Кӕд ӕм ахӕм стыр кад ӕрхауд, уӕддӕр уымӕ никуы ӕнхъӕлмӕ каст, цӕмӕй дзы иннӕтӕ ӕппӕлыдаиккой, стӕй йын уӕлдай кад дӕр ничи кодта – нӕдӕр, Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта уӕд, нӕдӕр, чырыстон ӕмбырды куы уыд, уӕд.

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Марийӕйӕ? Марийӕ уыди Хуыцауыл иузӕрдион сылгоймаг ӕмӕ уайтагъд сразы, цы стыр хъуыддаг ын бахӕс кодтой, ууыл. Фыстад дӕр тынг хорз зыдта. Иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Лукайы 1:46–55 стихты цы фыст ис, уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд Фыстадӕй ӕрхаста иу-20 скъуыддзаджы.

  Марийӕ (Марфӕ ӕмӕ Лазӕры хо)

 Чи уыд Марийӕ? Марийӕ дӕр йе ’фсымӕр Лазӕр ӕмӕ йӕ хо Марфӕйы хуызӕн уыд Йесойы хорз ӕмбал.

 Цы зонӕм Марийӕйы тыххӕй? Марийӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста, Йесойӕн кӕй аргъ кодта, Хуыцауы Фырт кӕй уыди, уый тыххӕй. Марийӕйы уырныдта, Йесойӕн йӕ бон кӕй уыд Лазӕры сдзӕбӕх кӕнын, ӕмӕ йӕхи цӕстӕй федта, Йесо Лазӕры куыд райгас кодта, уый. Йӕ хо Марфӕ йын бауайдзӕф кодта, хӕринӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн ын кӕй не ’ххуыс кодта, фӕлӕ Йесомӕ кӕй хъуыста, уый тыххӕй. Фӕлӕ дзы Йесо раппӕлыд, уымӕн ӕмӕ йын рӕстдзинад ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд (Лукайы 10:38–42).

 Ӕндӕр хатт та Марийӕ Йесойӕн ахӕм хорздзинад скодта, ӕмӕ йын йӕ сӕрыл ӕмӕ йӕ къӕхтыл «зынаргъ хӕрздӕф сой» рауагъта (Матфейы 26:6, 7). Уыцы ран чи уыд, уыдонӕн уый сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ загътой, зынаргъ сой дзӕгъӕлы кӕй бахардз кодта. Фӕлӕ Йесо йӕ сӕрыл рахӕцыд: «[Хуыцауы Паддзахады тыххӕй] хорз хабар ӕгас дунейы кӕмфӕнды ма хъусын кӕной, уым-иу ӕрымысдзысты ацы сылгоймаджы ӕмӕ-иу зӕгъдзысты, цы бакодта, уый тыххӕй» (Матфейы 24:14; 26:8–13).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Марийӕйӕ? Марийӕ йӕ уырнындзинад фидар кодта. Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ын цыфӕнды хъуыддӕгтӕй ахсджиагдӕр уыд. Уыд сӕрныллӕг ӕмӕ-иу Йесойӕн скад кодта, уый-иу ын аслам куы не слӕууыд, уӕд дӕр.

  Марфӕ

 Чи уыд Марфӕ? Уый уыд Лазӕры ӕмӕ Марийӕйы хо. Ӕртӕйӕ дӕр цардысты Иерусалиммӕ ’ввахс хъӕу Вифанийы.

 Цы зонӕм Марфӕйы тыххӕй? Марфӕ уыди Йесо Чырыстийы ӕввахс ӕмбал. Йесо «бирӕ уарзта Марфӕйы, Марфӕйӕн йӕ хойы ӕмӕ Лазӕры» (Иоанны 11:5). Марфӕ уыд уазӕгуарзон адӕймаг. Иухатт сӕм Йесо уазӕгуаты куы уыди, уӕд Марийӕ йӕ къӕхты раз сбадти ӕмӕ йӕм хъуыста, Марфӕ та цӕттӕ кӕныныл фӕци. Марфӕ Йесойӕн Марийӕйӕ рахъаст кодта, нӕ мын ӕххуыс кӕны, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Йесо фӕлмӕнӕй уынаффӕ радта (Лукайы 10:38–42).

 Лазӕр куы фӕрынчын, уӕд Марфӕ ӕмӕ йӕ хо Йесомӕ арвыстой, уымӕн ӕмӕ зыдтой, йӕ бон ӕй сдзӕбӕх кӕнын кӕй у, уый (Иоанны 11:3, 21). Фӕлӕ Лазӕр амард. Марфӕ Йесоимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй бӕрӕг у, кӕй йӕ уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ Йесойӕн йӕ бон кӕй уыд Лазӕры райгас кӕнын (Иоанны 11:20–27).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Марфӕйӕ? Марфӕ уыд тынг уазӕгуарзон. Цы уынаффӕ йын радтой, уымӕ байхъуыста. Ӕмӕ ӕргом дзырдта, йӕ зӕрдӕйы цы уыд ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндыд, уыдӕтты тыххӕй.

  •   Марфӕйы тыххӕй дӕ бон фылдӕр базонын у статьяйӕ «Уырны мӕ».

  Раав

 Чи уыд Раав? Раав уыд хӕтаг сылгоймаг. Уый цард ханаайнаг горӕт Иерихоны, ӕмӕ сси Йегъовӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг.

 Цы зонӕм Раавы тыххӕй? Раав дыууӕ израилаг сгарӕджы бамбӕхста. Афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ фехъуыста, израилӕгты Хуыцау Йегъовӕ йӕ адӕмы Египетӕй куыд ссӕрибар кодта ӕмӕ сӕ фӕстӕдӕр та аморейты къухӕй куыд фервӕзын кодта, уый тыххӕй.

 Раав сгарджытӕн куы баххуыс кодта, уӕд сын ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй израилӕгтӕ Иерихон басӕттынмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд ын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты цард дӕр бахъахъхъӕной. Уыдон сразы сты, фӕлӕ йын загътой, цӕмӕй сӕ ма рахъӕр кодтаид. Стӕй, израилӕгтӕ горӕт бацахсынмӕ куы ’рбацыдаиккой, уӕд хъуамӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр хӕдзары уыдаиккой ӕмӕ хъуамӕ йӕ рудзынгӕй сырх бӕттӕн ӕруагътаид, цӕмӕй, йӕ хӕдзар кӕцы у, уый бӕрӕг уыдаид. Раав, сгарджытӕ йын куыддӕриддӕр загътой, афтӕ бакодта. Ӕмӕ израилӕгтӕ Иерихон куы бацахстой, уӕд йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр удӕгасӕй баззадысты.

 Фӕстӕдӕр Раав израилагмӕ смой кодта, ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй райгуырдысты паддзах Давид ӕмӕ Йесо Чырысти (Йесо Навин 2:1–24; 6:25; Матфейы 1:5, 6, 16).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Раавӕй? Библийӕ бӕрӕг у, Раав кӕй уыд диссаджы уырнындзинады хицау (Дзуттӕгтӕм 11:30, 31; Иаковы 2:25). Йӕ хабарӕй зыны, Хуыцау кӕй у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кӕй никӕй хъулон кӕны. Стӕй кӕй арфӕ кӕны, чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, раздӕр цавӕрфӕнды цард ма кодтаиккой, уӕддӕр.

  Рахил

 Чи уыд Рахил? Уый уыд Лаваны чызг ӕмӕ Иаковы уарзондӕр ус.

 Цы зонӕм Рахилы тыххӕй? Рахил Иаковмӕ смой кодта ӕмӕ йын ныййардта дыууӕ фырты. Уыдон дӕр уыдысты рагон Израилы 12 мыггаджы хистӕртӕй. Рахил Иаковы фыццаг хатт федта, йӕ фыды фыстӕ куы хызта, уӕд (Райдиан 29:9, 10). Рахил уыд «рӕсугъд», Лийӕйӕ рӕсугъддӕр (Райдиан 29:17).

 Иаков Рахилы бауарзта ӕмӕ йӕ цӕмӕй ракуырдтаид, уый тыххӕй авд азы бакусыныл сразы (Райдиан 29:18). Фӕлӕ Лаван Иаковыл сайдӕй рацыд, ӕмӕ йын Рахилы радта, Лийӕйы йын йӕ ус куы бакодта, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ (Райдиан 29:25–27).

 Иаковы зӕрдӕйӕн Рахил Лийӕйӕ адджындӕр уыд, ӕмӕ йын йӕ фыртты дӕр Лийӕйы фырттӕй фылдӕр уарзта (Райдиан 37:3; 44:20, 27–29). Уый уымӕ ӕркодта, ӕмӕ дыууӕ сылгоймаджы кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кодтой (Райдиан 29:30; 30:1, 15).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Рахилӕй? Рахил, цы зын уавӕры уыд, уымӕн быхста ӕмӕ йӕ ныфс уыд, Хуыцау ын йӕ куывдтытӕ кӕй фехъусдзӕн (Райдиан 30:22–24). Йӕ хабарӕй бӕрӕг у, куыд тынг зын у, лӕгӕн дыууӕ усы кӕнӕ фылдӕр устытӕ кӕм ис, ахӕм бинонтӕн. Рахилы цардӕй бӕрӕг у, Хуыцау райдианы бинонты цардӕн цы фӕтк ӕрӕвӕрдта, уый йе стыр зондыл дзурӕг кӕй у: лӕгӕн хъуамӕ уа ӕрмӕстдӕр иу ус (Матфейы 19:4–6).

  Ревеккӕ

 Чи уыд Ревеккӕ? Уый уыд Исахъы бинойнаг ӕмӕ дыууӕ фаззон лӕппу Иаков ӕмӕ Исавы мад.

 Цы зонӕм Ревеккӕйы тыххӕй? Ревеккӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кодта, уый-иу ӕнцон куы нӕ уыд, уӕд дӕр. Иухатт цъайӕ дон куы иста, уӕд дзы иу нӕлгоймаг дон ракуырдта. Ревеккӕ йын уайтагъд дон радта ӕмӕ йын загъта, йӕ теуатӕн дӕр ын дон кӕй сисдзӕн (Райдиан 24:15–20). Уыцы нӕлгоймаг уыд Авраамы лӕггадгӕнӕг. Ӕмӕ дард фӕндагыл фӕцыд, цӕмӕй Авраамы фыртӕн, Исахъӕн, ус ссардтаид (Райдиан 24:2–4). Уыцы лӕггадгӕнӕг Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй йын раарфӕ кодтаид. Ӕмӕ Ревеккӕ куыд куыстуарзаг ӕмӕ уазӕгуарзон уыд, уый куы федта, уӕд ма йӕ цы бамбарын хъуыд, Хуыцау ын йӕ куывд кӕй фехъуыста: Исахъӕн кӕй равзӕрста, уый йын равдыста (Райдиан 24:10–14, 21, 27).

 Ревеккӕ нӕлгоймагӕн йе ’рбацыды сӕр куы базыдта, уӕд йемӕ ацӕуыныл сразы, цӕмӕй Исахъы бинойнаг бауыдаид (Райдиан 24:57–59). Ӕппынфӕстаг ын дыууӕ фаззон фырты райгуырд. Хуыцау ын раргом кодта, хистӕр, Исав, кӕй лӕггад кӕндзӕн кӕстӕрӕн, Иаковӕн (Райдиан 25:23). Исахъ хъавыд Исавӕн, хистӕр фыртмӕ цы арфӕдзинад ӕмбӕлд, уый раттынмӕ. Ревеккӕ уый куы базыдта, уӕд бацархайдта, цӕмӕй уыцы арфӕдзинад райстаид Иаков, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, уый Хуыцауы фӕндон кӕй уыд (Райдиан 27:1–17).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Ревеккӕйӕ? Ревеккӕ уыд бонзонгӕ, куыстуарзаг ӕмӕ уазӕгуарзон. Уыцы миниуджыты ’руаджы уыди диссаджы бинойнаг, раппӕлинаг мад ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг.

  Руф

 Чи уыд Руф? Уый уыд моаваг сылгоймаг. Руф ныууагъта йӕ хуыцӕутты ӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕ, цӕмӕй Израилы зӕххыл Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид.

 Цы зонӕм Руфы тыххӕй? Руф йе ’фсин Ноеминмӕ удуӕлдай уарзондзинад равдыста. Израилы ӕххормаг заман куы скодта, уӕд Ноемин йӕ сӕрыхицауимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ Моавмӕ алыгъд. Йӕ лӕппутӕ ракуырдтой моаваг чызджытӕ. Иуы ном дзы уыди Руф, иннӕйы ном та – Орфӕ. Цасдӕры фӕстӕ Ноеминӕн йӕ цардӕмбал ӕмӕ йӕ фырттӕ амардысты. Ӕмӕ ӕртӕ сылгоймаджы идӕдзтӕй баззадысты.

 Уӕдмӕ Израилы хус рӕстӕг фӕци, ӕмӕ Ноемин сфӕнд кодта фӕстӕмӕ Израилмӕ аздӕхын. Руф ӕмӕ Орфӕ дӕр йемӕ ацӕуынвӕнд скодтой. Фӕлӕ сын Ноемин загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ сӕ хиуӕттӕм ацыдаиккой. Орфӕ афтӕ бакодта ӕмӕ йӕ цӕгатмӕ аздӕхт (Руф 1:1–6, 15). Фӕлӕ Руф не сразы. Уый Ноемины уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыд Ноемины Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Руф 1:16, 17; 2:11).

 Руф йе ’фсиныл ӕнувыд кӕй уыд ӕмӕ куыстуарзаг кӕй уыд, уый кой цыбыр рӕстӕгмӕ айхъуыст ӕнӕхъӕн Вифлеемыл, Ноемины райгуырӕн горӕтыл. Иу хъӕздыг лӕгӕн, Воозӕн, Руф йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ Ноеминӕн дӕр хӕринаг фагӕй фылдӕр лӕвӕрдта (Руф 2:5–7, 20). Фӕстӕдӕр Руф Воозмӕ смой кодта, ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй райгуырдысты паддзах Давид ӕмӕ Йесо Чырысти (Матфейы 1:5, 6, 16).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Руфӕй? Руф Ноемины ӕмӕ Йегъовӕйы кӕй уарзта, уый тыххӕй йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ бинонты ныууагъта. Суанг зындзинӕдты рӕстӕг дӕр Руф уыд куыстуарзаг, иузӕрдион ӕмӕ ӕнувыд.

  Саррӕ

 Чи уыд Саррӕ? Уый уыд Авраамы бинойнаг ӕмӕ Исахъы мад.

 Цы зонӕм Саррӕйы тыххӕй? Саррӕ цард хъӕздыг горӕт Уры ӕмӕ хъуаг ницӕмӕй ӕййӕфта. Фӕлӕ йӕ хорз цард ныууагъта, уымӕн ӕмӕ йӕ уырныдта, Хуыцау ын йӕ цардӕмбал Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Хуыцау Авраамӕн загъта, цӕмӕй сыстадаид ӕмӕ Ханааны зӕхмӕ ацыдаид. Зӕрдӕ йын бавӕрдта, кӕй йын раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ дзы стыр адӕм кӕй рацӕудзӕн (Райдиан 12:1–5). Уыцы рӕстӕг Саррӕйыл цыди, ӕвӕццӕгӕн, 60 азы бӕрц. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Саррӕ ӕмӕ Авраам кодтой цӕугӕ цард ӕмӕ цардысты цатырты.

 Саррӕйы сӕрыхицау Авраам алкӕддӕр Хуыцауы разамындмӕ хъуыста, ӕмӕ йын Саррӕ алцӕмӕй дӕр ӕххуыс кодта, кӕд ын цатырты цӕрын тӕссаг уыд, уӕддӕр (Райдиан 12:10, 15). Саррӕйӕн бирӕ азты дӕргъы зӕнӕг нӕ цыд, ӕмӕ ууыл тынг маст кодта. Фӕлӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Авраамы байзӕддӕгтӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн (Райдиан 12:7; 13:15; 15:18; 16:1, 2, 15). Фӕстӕдӕр та Хуыцау ногӕй загъта, Саррӕйӕн Авраамӕй сывӕллон кӕй райгуырдзӕн. Саррӕйӕн лӕппу райгуырд, кӕд сывӕллон арыны кары нал уыд, уӕддӕр. Уӕд Саррӕйыл цыди 90 азы, йӕ сӕрыхицауыл та – 100 азы (Райдиан 17:17; 21:2–5). Сывӕллоны схуыдтой Исахъ.

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Саррӕйӕ? Йӕ хабарӕй бӕрӕг у, нӕ бон кӕй у Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндын, суанг нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ уыдӕттӕн гӕнӕн нӕй, уӕддӕр (Дзуттӕгтӕм 11:11). Йӕ сӕрыхицауимӕ куыд уыд, уымӕй та бӕрӕг у, цардӕмбалӕн аргъ кӕнын куыд ахсджиаг у, уый (1 Петры 3:5, 6).

  Суламитаг чызг

 Чи уыд суламитаг чызг? Уый уыд рӕсугъд хъӕуккаг чызг, Библийы чингуытӕй иуы, Соломоны зарӕджы, сӕйраг архайӕг. Библийы уыцы чызгӕн йӕ ном фыст нӕй.

 Цы зонӕм суламитаг чызджы тыххӕй? Суламитаг чызг уыд иузӕрдион, цы фыййау лӕппуйы уарзта, ууыл (Соломоны зарӕг 2:16). Фӕлӕ ӕмбисонды рӕсугъд кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ бауарзта хъӕздыг паддзах Соломон. Цӕмӕй йӕ чызг дӕр бауарзтаид, уый тыххӕй Соломон цы нӕ арӕзта, ахӕм нӕ уыд (Соломоны зарӕг 7:6). Иннӕтӕ суламитаг чызгӕн дзырдтой, цӕмӕй Соломоны равзӕрстаид. Фӕлӕ чызг не сразы. Уый уарзта хуымӕтӕг фыййау лӕппуйы ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта (Соломоны зарӕг 3:5; 7:10; 8:6).

 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм суламитаг чызгӕй? Кӕд тынг рӕсугъд уыд ӕмӕ йыл паддзах йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта, уӕддӕр уыд бонзонгӕ ӕмӕ не ’схъал. Йе ’мгӕрттӕ йын цы дзырдтой, уымӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ кӕд хъӕздыг ӕмӕ кадджын сылгоймаг суыдаид, уӕддӕр йӕ уарзон фыййауыл иузӕрдионӕй баззад. Суламитаг чызг уыд уӕззаузонд ӕмӕ йӕ сыгъдӕг номыл къӕм абадын нӕ бауагъта.

 Библийы кӕй кой ис, уыцы сылгоймӕгтӕй чи кӕд цард

  1.  Евӕ

  2. Доны хъаймӕт (нӕ эрӕйы размӕ 2370 аз)

  3.  Саррӕ

  4.  Лоты ус

  5.  Ревеккӕ

  6.  Лийӕ

  7.  Рахил

  8. Израилӕгтӕ рацыдысты Египетӕй (нӕ эрӕйы размӕ 1513 аз)

  9.  Мариам

  10.  Раав

  11.  Руф

  12.  Деворӕ

  13.  Иаил

  14.  Далидӕ

  15.  Аннӕ

  16. Израилы фыццаг паддзах (нӕ эрӕйы размӕ 1117 аз)

  17.  Авигейӕ

  18.  Суламитаг чызг

  19.  Йезавел

  20.  Есфир

  21.  Марийӕ (Йесойы мад)

  22. Йесо донаргъуыд райста (нӕ эрӕйы 29 аз)

  23.  Марфӕ

  24.  Марийӕ (Марфӕ ӕмӕ Лазӕры хо)

  25.  Марийӕ Магдалинӕ

  26. Йесо амард (нӕ эрӕйы 33 аз)