Зындонмӕ чи бахауы?
Дзуапп Библийӕ
Зындон (Библи цы ӕвзӕгтыл ӕрцыд фыст, уыцы ӕвзӕгтыл у «шеол» ӕмӕ «гадес») амоны ӕнӕуи ингӕнмӕ, адӕм кӕм хъизӕмар кӕнынц, ахӕм бынатмӕ нӕ, фӕлӕ. Зындонмӕ чи бахауы? Хорз адӕм дӕр ӕмӕ ӕвзӕр адӕм дӕр (Иов 14:13; Псалом 9:17). Библи уыцы ингӕн хоны, «иууылдӕр кӕм фембӕлдзысты, уыцы хӕдзар» (Иов 30:23).
Суанг Йесо Чырысти дӕр бахауд зындонмӕ, куы амард, уӕд. Фӕлӕ йӕ «Хуыцау ингӕны [кӕнӕ «зындоны», «Ног фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994] нӕ ныууагъта», райгас ӕй кодта (Хъуыддӕгтӕ 2:31, 32).
Зындон ӕнустӕм уыдзӕн?
Зындонмӕ чи бахауы, уыдон уырдыгӕй рацӕудзысты – Чырысти сӕ Хуыцауы хъаруйы фӕрцы фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн (Иоанны 5:28, 29; Хъуыддӕгтӕ 24:15). Раргомады 20:13 стихы уый тыххӕй фыст ис: «Мӕлӕт ӕмӕ ингӕн дӕр [кӕнӕ «зындон дӕр», «Ног фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994] радтой, чи дзы уыд, уыцы мӕрдты». Зындон куы сафтид уа, уӕд нал уыдзӕн. Уырдӕм никуы ничиуал бахаудзӕн, уымӕн ӕмӕ «нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Раргомад 21:3, 4; 20:14).
Фӕлӕ чи амард, уыдонӕй алчи зындонмӕ нӕ бахаудзӕн. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй иуӕй-иутӕ ахӕм фыдзонд сты, ӕмӕ никуы аивдзысты (Дзуттӕгтӕм 10:26, 27). Ахӕм адӕймӕгтӕ куы амӕлынц, уӕд зындонмӕ нӕ бахауынц, фӕлӕ гееннӕмӕ, ома ӕнустӕм фесӕфынц (Матфейы 5:29, 30). Зӕгъӕм, дины разамонджытӕй цӕстмӕ митӕ чи кодта, уыдонӕн Чырысти загъта, гееннӕмӕ кӕй бахаудзысты (Матфейы 23:27–33).