Зындон ӕцӕгдӕр ис? Библимӕ гӕсгӕ зындон цы у?
Дзуапп Библийӕ
Библийы иуӕй-иу тӕлмацты, зӕгъӕм, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир»-ы (1994 аз) кӕцыдӕр стихты ӕмбӕлы дзырд «зындон» (Псалом 15:10 [16:10, «Ног дунейы тӕлмац»]; Хъуыддӕгтӕ 2:27). Бирӕты уырны, зындон кӕй у, йӕ арт кӕмӕн нӕ хуыссы ӕмӕ фыдгӕнджытӕ кӕм хъизӕмар кӕнынц, ахӕм бынат, ӕмӕ уый бӕрӕг у ацы статьяйы нывӕй дӕр. Фӕлӕ цымӕ Библи та цы зӕгъы?
Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм:
Зындон, адӕм сӕ мӕлӕты фӕстӕ ӕнустӕм кӕм фӕхъизӕмар кӕнынц, ахӕм бынат у?
Нӕ. Библийы иуӕй-иу тӕлмацты дзырд «зындон»-ӕй цы дзырд ратӕлмац кодтой (дзуттаг дзырд «шеол» ӕмӕ грекъаг дзырд «гадес»), уый нысан кӕны ингӕн, ома сыджыт кӕнӕ зӕхх, мӕрдтӕ кӕм сты, уый. Библийӕ бӕрӕг у, ингӕны чи ис, уыцы адӕм кӕй нал сты, ома кӕй нал цӕрынц.
Мӕрдтӕ ницы ӕмбарынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ рыст дӕр не ’мбарынц. «Ингӕны... нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зонд» (Екклесиаст 9:10). Ингӕны фыррыстӕй ничи хъӕр кӕны. Библийы фыст ис: «Фӕхудинаг уӕнт фыдгӕнджытӕ, ингӕны [«зындоны», «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз] ӕмырӕй лӕууӕнт» (Псалом 31:17 [30:18]; Псалом 115:17).
Хуыцау загъта, адӕймаг йӕ тӕригъӕды тыххӕй мӕлгӕ кӕй акӕндзӕн, зындоны арты нӕ хъизӕмар кӕндзӕн, фӕлӕ. Хуыцау фыццаг нӕлгоймагӕн, Адамӕн, загъта, йӕ закъоны сӕрты йын куы ахиза, уӕд кӕй амӕлдзӕн (Райдиан 2:17). Афтӕ йын нӕ загъта, ӕнустӕм зындоны кӕй хъизӕмар кӕндзӕн. Фӕстӕдӕр, Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ын Хуыцау загъта, цавӕр тӕрхон ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый: «Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ» (Райдиан 3:19). Адам хъуамӕ мауал уыдаид. Хуыцау ын ахӕм тӕрхон куы рахастаид, цӕмӕй йӕ тӕригъӕды тыххӕй зындоны сыгъдаид, уӕд ын ӕй загътаид. Адӕймагмӕ Хуыцауы закъон фехалыны тыххӕй цы тӕрхон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ фӕивта. Адам тӕригъӕд куы ракодта, уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр Хуыцау Библийы ныффыссын кодта: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй» (Ромӕгтӕм 6:23). Тӕригъӕдджынтӕн ӕндӕр тӕрхон нӕй. Уый бӕрӕг у ацы ныхӕстӕй: «Чи амард, уый йӕ тӕригъӕды хӕсӕй ссӕрибар» (Ромӕгтӕм 6:7).
Адӕймаг ӕнустӕм хъизӕмар кӕна, ӕрмӕст уыцы хъуыды дӕр Хуыцауӕн ӕнад у (Йереми 32:35). Уыцы хъуыды Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу, уымӕн ӕмӕ Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй, ӕнустӕм кӕй хъизӕмар кӕндзыстӕм, уымӕй кӕй тӕрсӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ (Матфейы 22:36–38).
Хорз адӕм ацыдысты зындонмӕ. Дзырд «зындон» цы тӕлмацты ӕмбӕлы, уым Хуыцауыл иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ, зӕгъӕм, Иаков ӕмӕ Иов, дзырдтой, зындонмӕ кӕй ацӕудзысты (Райдиан 37:35; Иов 14:13). Суанг дзы Йесо Чырыстийы тыххӕй дӕр фыст ис, куы амард, уӕд цалынмӕ нӕ райгас, уӕдмӕ зындоны кӕй уыд (Хъуыддӕгтӕ 2:31, 32). Бӕрӕг у, уыцы тӕлмацты дзырд «зындон» кӕй амоны ингӕнмӕ a.
Йесойы фӕсномыг ныхас хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры тыххӕй куыд ӕмбаргӕ у?
Ацы фӕсномыг ныхас радзырдта Йесо ӕмӕ фыст ис Лукайы 16:19–31. Фӕсномыг ныхӕстӕй нӕ бон вӕййы цыдӕр зондӕн райсын кӕнӕ, Хуыцау цӕмӕдӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарын. Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры тыххӕй фӕсномыг ныхас, царды чи ӕрцыд, ахӕм хабар нӕу (Матфейы 13:34). Ацы фӕсномыг ныхасы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕр чи уыдысты?».
Зындон уый нысан кӕны, ӕмӕ мӕрдтӕ ӕмбарынц, Хуыцауӕй дард кӕй сты, уый?
Нӕ. Ацы ахуырад Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу, уымӕн ӕмӕ Библи ӕргом зӕгъы, мӕрдтӕ кӕй ницы ӕмбарынц (Псалом 146:3, 4; Екклесиаст 9:5).
Искуы исчи зындонӕй раздӕхт?
О. Библийы фыст ис, ингӕнӕй (Библийы иуӕй-иу тӕлмацты ацы дзырд ратӕлмац кодтой дзырдӕй «зындон») чи раздӕхт, ома чи райгас, фараст ахӕм адӕймаджы тыххӕй b. Уыдон зындоны куы уыдаиккой ӕмӕ уым исты куы федтаиккой, уӕд, куы райгас сты, уӕд ӕй радзырдтаиккой. Фӕлӕ сӕ иу дӕр афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ хъизӕмар кодта. Уӕвгӕ, исты ӕмбӕрстой, уый кой дӕр не скодтой. Цӕуылнӕ? Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй ницы ӕмбӕрстой, цыма тарффынӕй кодтой, афтӕ уыдысты (Иоанны 11:11–14; 1 Коринфӕгтӕм 15:3–6).