Исай 35:1—10
35 Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ ӕнӕдон бӕстӕ фырцинӕй зардзысты+, хус бӕстӕ цин кӕндзӕн ӕмӕ шафранау дидинӕг калдзӕн+.
2 О, дидинӕг калдзӕн+, цин кӕндзӕн ӕмӕ фырцинӕй хъӕр кӕндзӕн+. Лӕвӕрд ын ӕрцӕудзӕн Ливаны кад+, Кармил+ ӕмӕ Сароны+ рӕсугъддзинад. Адӕм фендзысты Йегъовӕйы кад+, нӕ Хуыцауы рӕсугъддзинад+.
3 Йӕ къухтӕ лӕмӕгъ кӕмӕн сты, уыцы адӕймаджы хъарутӕ бауадзут, йӕ уӕрджытӕ кӕмӕн зыр-зыр кӕнынц, уый бафидар кӕнут+.
4 Йӕ зӕрдӕ сагъӕстӕй дзаг кӕмӕн у, уыдонӕн зӕгъут+: «Фидар ут+. Ма тӕрсут+. Уӕ Хуыцау ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй йӕ маст райса+, Хуыцау ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй, кӕмӕн цы ’мбӕлы, уый бакӕна+. Уый ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕндзӕн»+.
5 Уӕд куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты+ ӕмӕ къуырматы хъустӕ байгом уыдзысты+.
6 Уӕд, къуылых чи у, уый сагау згъордзӕн+ ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг фырцинӕй хъӕр кӕндзӕн+. Ӕдзӕрӕг быдыры рагуылф кӕндзӕн суадӕттӕ, хус бӕстӕйы – цӕугӕдӕттӕ.
7 Хурсыгъд зӕхх фестдзӕн цад, ӕнӕдон бӕстӕ – суадӕтты бӕстӕ+. Хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынаты+, сӕ улӕфӕн бынаты, зайдзӕн цъӕх кӕрдӕг, хъӕз ӕмӕ папирус+.
8 Уым конд ӕрцӕудзӕн стыр фӕндаг+ ӕмӕ йӕ схондзысты Сыгъдӕг фӕндаг+. Уыцы фӕндагыл, сыгъдӕг чи нӕу, уый нӕ ацӕудзӕн+. Уыцы фӕндаг уыдзӕн, чи йыл цӕуа, уыдонӕн ӕмӕ йыл ӕнӕзонд адӕм нӕ рацу-бацу кӕндзысты.
9 Уым иу домбай дӕр нӕ уыдзӕн, иу тугдзых сырд дӕр уыцы фӕндагмӕ не ’рбацӕудзӕн+. Иу дӕр дзы нӕ фендзынӕ+. Цӕудзысты йыл, ӕлхӕд чи ’рцӕуа, уыдон+.
10 Йегъовӕ кӕй фервӕзын кӕна, уыдон фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзысты+ ӕмӕ, цины хъӕр кӕнгӕйӕ, Сионмӕ ссӕудзысты+ ӕмӕ цин кӕндзысты ӕнустӕм+. Сӕ хай бауыдзӕн стыр циндзинад ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад, хъыг ӕмӕ мастӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн+.