Йезекил 18:1—32
18 Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта:
2 «Сымах Израилы зӕххыл арӕх ӕрхӕссут ахӕм ӕмбисонд, зӕгъгӕ, фыд хӕры цъӕх сӕнӕфсир, цъӕх та систы фырты дӕндӕгтӕ. Фӕлӕ уӕ уымӕй цы зӕгъын фӕфӕнды?+
3 „Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– Израилы ацы ӕмбисонд нал дзурдзыстут.
4 Ӕппӕт удтӕ дӕр мӕн сты+. Мӕн у+ фыды уд+ дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи аразы+, уыцы уд* амӕлдзӕн+.
5 Кӕд адӕймаг рӕстӕй цӕры, раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ архайы+,
6 кӕд хӕхтыл+ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй нӕ хордта+, Израилы адӕмы фаджыс-хуыцӕуттӕм нӕ куывта+, никӕй усы фӕхудинаг кодта+, сылгоймагмӕ йӕ чъизийы бонты хӕстӕг никуы бацыд+,
7 кӕд никуы никӕй бафхӕрдта+, хӕсы тыххӕй-иу цъынды цы райста, уый-иу фӕстӕмӕ радта+, никуы никӕй бастыгъта+, ӕххормаг адӕймагӕн йӕ къӕбӕр не ’вгъау кодта+ ӕмӕ, бӕгънӕг чи уыд, уымӕн-иу уӕлӕдарӕс радта+,
8 кӕд ӕфстау проценттыл нӕ лӕвӕрдта+ ӕмӕ ӕхца никӕуыл куыста+, хӕрам хъуыддӕгтӕй йӕхи хызта+, дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн хъуыддаг рӕстӕй ӕвзӕрста+,
9 кӕд мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цард+ ӕмӕ мын мӕ тӕрхӕттӕ ӕххӕст кодта, цӕмӕй рӕстӕй архайдтаид+, уӕд уый у рӕстгӕнӕг+. Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
10 „Фӕлӕ кӕд фыдӕн йӕ фырт адӕмы стигъы+, адӕмы туг калы+, кӕд уыцы хъуыддӕгтӕй искӕцы арӕзта,–
11 фыд йӕхӕдӕг та уыцы хъуыддӕгтӕй ницы арӕзта,– кӕд хӕхтыл мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хордта+, искӕй усы фӕхудинаг кодта+,
12 кӕд ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕймаджы ссӕста+, адӕмы стыгъта+, цъынды-иу цы райста, уый-иу фӕстӕмӕ нӕ радта+ ӕмӕ куывта фаджыс-хуыцӕуттӕм+, уӕд уый кодта ӕлгъаг митӕ+.
13 Ӕфстау лӕвӕрдта иннӕтыл ӕхца бакусыны тыххӕй+ ӕмӕ иста проценттӕ+ – уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн. Уый кодта ӕппӕт ацы ӕлгъаг митӕ+. Уыцы адӕймаджы амардзысты. Ӕмӕ йӕ туг уыдзӕн йӕхиуыл+.
14 Фӕлӕ, зӕгъӕм, фыдӕн йӕ фырт уыны, йӕ фыд цы тӕригъӕдтӕ аразы, уыдон иууылдӕр, уыны сӕ, фӕлӕ йӕхӕдӕг афтӕ нӕ кӕны+,
15 хӕхтыл мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй нӕ хӕры, нӕ кувы Израилы адӕмы фаджыс-хуыцӕуттӕм+, никӕй усы фӕхудинаг кодта+,
16 никӕй ӕфхӕры+, цъынды никӕмӕй ницы исы+, никӕй стигъы+, ӕххормаг адӕймагӕн йӕ къӕбӕр не ’вгъау кӕны+ ӕмӕ бӕгънӕг адӕймагӕн ратты уӕлӕдарӕс+,
17 ӕфхӕрд адӕймаджы не ссӕнды, ӕхца никӕуыл кусы+ ӕмӕ проценттӕ никӕмӕй исы+, ӕххӕст кӕны мӕ тӕрхӕттӕ+ ӕмӕ цӕры мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ+, уӕд уыцы адӕймаг йӕ фыды фыдракӕндты тыххӕй нӕ амӕлдзӕн+. Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн+.
18 Йӕ фыд та ӕргом кӕй сайдта+, йе ’фсымӕры кӕй стыгъта+ ӕмӕ йӕ адӕмы ’хсӕн ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта+, уымӕ гӕсгӕ амӕлдзӕн йӕ фыдракӕндты тыххӕй+.
19 Сымах зӕгъдзыстут: „Ӕмӕ фырт йӕ фыды фыдракӕндты тыххӕй дзуапп цӕуылнӕ дӕтдзӕн?“+ Уымӕн ӕмӕ фырт архайдта раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+, ӕххӕст кодта ӕмӕ ӕххӕст кӕны мӕ закъӕттӕ иууылдӕр+. Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн+.
20 Мӕлгӕ акӕндзӕн, тӕригъӕд чи аразы, уыцы уд+. Фырт йӕ фыды фыдракӕндты тыххӕй дзуапп нӕ дӕтдзӕн, ӕмӕ фыд дӕр йӕ фырты фыдракӕндты тыххӕй дзуапп нӕ дӕтдзӕн+. Рӕстгӕнӕгӕн йӕ рӕстдзинад уыдзӕн йӕхиуыл+, ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн дӕр йӕ фыддзинад уыдзӕн йӕхиуыл+.
21 Фӕлӕ фыдгӕнӕг, цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдонӕй иу дӕр куы нал араза+ ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕ иууылдӕр куы ’ххӕст кӕна, раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ куы архайа+, уӕд уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн, нӕ амӕлдзӕн+.
22 Цы фыдракӕндтӕ сарӕзта, уыдонӕй йын иу дӕр нал ӕрхъуыды кӕндзысты+. Рӕстӕй кӕй архайы, уый тыххӕй цӕрдзӕн“+.
23 „Ау, мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт ӕхсызгон у?+ Ӕви мын уый у ӕхсызгон, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра?“+ – зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
24 „Фӕлӕ рӕстгӕнӕг йӕ раст фӕндаг куы ныууадза ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ куы араза+, фыдгӕнӕг цы ӕлгъаг митӕ кодта, уыдон иууылдӕр куы бафӕзма+ ӕмӕ афтӕмӕй куы цӕра, уӕд йӕ раст хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ферох уыдзысты+. Гадзрахатӕй кӕй рацыд ӕмӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй амӕлдзӕн+.
25 Сымах зӕгъдзыстут: „Йегъовӕ раст нӕ кӕны“+. Байхъусут-ма, уӕ хорзӕхӕй, Израилы адӕм. Ӕз нӕ кӕнын раст+ ӕви сымах нӕ кӕнут раст?+
26 Рӕстгӕнӕг йӕ раст фӕндаг куы ныууадза ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ куы араза+ ӕмӕ уыдоны тыххӕй куы амӕла, уӕд уый амӕлдзӕн йӕ хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй+.
27 Фыдгӕнӕг йӕ фыдхъуыддӕгтӕ куы ныууадза ӕмӕ раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ куы архайа+, уӕд уый та йӕ уд фервӕзын кӕндзӕн+.
28 Йе ’ппӕт фыдракӕндтӕ куы фена+ ӕмӕ сӕ куы ныууадза+, уӕд ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн, нӕ амӕлдзӕн+.
29 Израилы адӕм та зӕгъдзысты: „Йегъовӕ раст нӕ кӕны“+. Израилы адӕм, ӕз нӕ кӕнын раст+ ӕви сымах нӕ кӕнут раст?“+
30 „Уымӕ гӕсгӕ, Израилы адӕм, ӕз сымахӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон кӕндзынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+.– Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ ныууадзут уӕ фыдракӕндтӕ иууылдӕр+ ӕмӕ уӕ чи рӕдийын кӕна, ахӕм цӕлхдур уын мацы уӕд+.
31 Цы фыдракӕндтӕ арӕзтат, уыдон иууылдӕр ныууадзут+ ӕмӕ уӕ мидӕг скӕнут ног зӕрдӕ+ ӕмӕ ног зонд+. Цӕмӕн хъуамӕ фесӕфат+, о Израилы адӕм?“
32 „Мӕнӕн никӕй мӕлӕт у ӕхсызгон+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– Уӕдӕ раздӕхут ӕмӕ цӕрут!“»+
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «адӕймаг». Кӕс 20 ст. дӕр.