Лукайы 16:1—31
16 Уый фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр загъта: «Иу хъӕздыг лӕгӕн йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕй+ рахъаст кодтой, дӕ фӕллӕйттӕ дын хӕры, зӕгъгӕ+.
2 Гъемӕ йӕм фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: „Уый дӕ цытӕ хъусын? Дӕ куысты тыххӕй мын дзуапп ратт+. Ды мӕ хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕг нал уыдзынӕ“.
3 Уӕд уынаффӕгӕнӕг йӕхицӕн загъта: „Мӕ хицау+ мӕ мӕ бынатӕй тӕргӕ куы кӕны, уӕд ма цы кӕндзынӕн? Зӕхх къахон – уыцы хъару мӕм нӕй, мӕгуыргур цӕуын та мӕм худинаг кӕсы.
4 А-а! Зонын ӕй, цы мӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй, уынаффӕгӕнӕг куы нал уон, уӕд-иу мӕ адӕм сӕ хӕдзары суазӕг кӕной“+.
5 Ӕмӕ фӕдзырдта, йӕ хицауӕй хӕс чи дардта, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр. Иуы дзы бафарста: „Мӕ хицауӕй цас дарыс?“
6 Уый йын дзуапп радта: „Сӕдӕ дурыны* оливӕйы сой“. Уӕд ын загъта: „Айс дӕ гӕххӕтт, ӕрбад ӕмӕ рӕвдздӕр ныффысс: фӕндзай“.
7 Стӕй та иннӕйы бафарста: „Ды та цас дарыс?“ Уый йын дзуапп радта: „Сӕдӕ быркуыйы* мӕнӕу“. Уӕд уымӕн та загъта: „Айс дӕ гӕххӕтт ӕмӕ ныффысс: ӕстай“.
8 Ӕмӕ хицау, кӕд йӕ уынаффӕгӕнӕг ӕнӕууӕнк уыд, уӕддӕр дзы йӕ сӕрӕндзинады+ тыххӕй раппӕлыд. Зӕгъын уын, ацы дунейы адӕм сӕ фӕлтӕры адӕмимӕ исты хъуыддӕгтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд, рухсы+ чи ис, уыдонӕй сӕрӕндӕр вӕййынц.
9 Стӕй ма уын зӕгъын: скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ+ мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы+, цӕмӕй уӕм хъӕздыгдзинад куы нал уа, уӕд уӕ уыдон суазӕг кӕной ӕнусон цӕрӕнбынӕтты+.
10 Гыццыл хъуыддаджы ӕууӕнкджын чи у, уый ӕууӕнкджын уыдзӕн стыр хъуыддаджы дӕр, гыццыл хъуыддаджы ӕнӕууӕнк чи у, уый та стыр хъуыддаджы дӕр уыдзӕн ӕнӕууӕнк+.
11 Уӕдӕ кӕд, мӕнгард хъӕздыгдзинадимӕ куыд архайын хъӕуы, уымӕй уӕхи ӕууӕнкджынӕй нӕ равдыстат, уӕд уыл ӕцӕг хъӕздыгдзинад чи баууӕнддзӕн?+
12 Ӕмӕ кӕд, искӕй хъӕздыгдзинадимӕ куыд архайын хъӕуы, уымӕй уӕхи ӕууӕнкджынӕй нӕ равдыстат+, уӕд уын, сымахӕн цы у цӕттӕ, уый чи ратдзӕн?
13 Иу лӕггадгӕнӕгӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр»+.
14 Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуыстой ӕхцауарзаг фарисейтӕ дӕр, ӕмӕ йыл худын байдыдтой+.
15 Уӕд сын уый дӕр загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут+, фӕлӕ уын Хуыцау уыны, уӕ зӕрдӕты цы ис, уый+. Адӕмы цӕсты кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты у ӕлгъаг+.
16 Закъон ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕ амыдтой Иоанны заманы онг+. Уӕдӕй фӕстӕмӕ та хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕмӕ йӕм алыхуызон адӕм тырнынц сӕ тых, сӕ бонӕй+.
17 О, арв ӕмӕ зӕхх куы нал уой+, уӕддӕр Закъоны дамгъӕтӕй иуӕн дӕр йӕ иу хахх+ дӕр ӕнӕ сӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн+.
18 Йӕ усӕй чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны, ӕмӕ, йӕ лӕг кӕмӕй ахицӕн, ахӕм усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны+.
19 Цардис иу хъӕздыг лӕг+, дардта зынаргъ дарӕс – тарсырх хъуымацӕй ӕмӕ кӕттагӕй, ӕмӕ йӕ бонтӕ цӕл-минас кӕнгӕйӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвыста+.
20 Йӕ кулдуары размӕ та-иу ын ӕрбахастой, йӕ буар хъӕдгӕмттӕй кӕмӕн нӕ зынд, иу ахӕм мӕгуыргуры, Лазӕр, зӕгъгӕ.
21 Уый бӕллыд, уыцы хъӕздыг лӕджы фынгӕй цы муртӕ хауд, уыдонӕй йӕ гуыбын бафсадынмӕ. Ӕмӕ-иу ӕрбацыдысты куыйтӕ ӕмӕ-иу ын йӕ хъӕдгӕмттӕ стӕрдтой.
22 Цасдӕры фӕстӕ мӕгуыргур амард+, ӕмӕ йӕ зӕдтӕ Авраамы+ цурмӕ*+ ахастой.
Амард+ хъӕздыг лӕг дӕр ӕмӕ йӕ баныгӕдтой.
23 Дӕлдзӕхы* хъизӕмар кӕнгӕйӕ уый хӕрдмӕ скаст+, ӕмӕ дардмӕ ауыдта Авраамы, йӕ цуры* та – Лазӕры.
24 Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: „Авраам, мӕ фыд!+ Фӕтӕригъӕд мын кӕн ӕмӕ мӕм Лазӕры рарвит, цӕмӕй йе ’нгуылдз доны атула ӕмӕ мын дзы ме ’взаг ахуылыдз кӕна+, уымӕн ӕмӕ ацы пиллон арты хъизӕмарӕй мӕлын“+.
25 Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Хъӕбул, ӕрхъуыды-ма кӕн: ды дӕ удӕгасӕй дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн цардтӕ, Лазӕр та тухӕн кодта. Ныр уый ам рӕвдыд у, ды та хъизӕмар кӕныс+.
26 Уымӕй уӕлдай ма не ’хсӕн лӕууы+ стыр сӕрсӕфӕн+, ӕмӕ ардыгӕй уырдӕм ацӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕн уый сӕ бон нӕу, афтӕ уырдыгӕй дӕр ардӕм ӕрбацӕуӕн нӕй“+.
27 Уый та йӕм бахатыд: „Уӕд та дӕ, мӕ фыд, курын, арвит ӕй мӕ фыды хӕдзармӕ.
28 Фондз ӕфсымӕры мын ис, ӕмӕ сын алцыдӕр дзӕбӕх бамбарын кӕна, цӕмӕй уыдон ацы хъизӕмӕртты бынатмӕ ма ӕрбахауой“.
29 Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Ис сӕм Моисейы+ чингуытӕ ӕмӕ Пехуымпарты+ чингуытӕ, ӕмӕ уыдонмӕ хъусӕнт“+.
30 Уый та йын афтӕ бакодта: „Нӕ, нӕ, мӕ фыд Авраам. Фӕлӕ мӕрдтӕй исчи куы райгас уа ӕмӕ сӕм уый куы ацӕуа, уӕд ӕрфӕсмон кӕндзысты“.
31 Уӕд ын уый загъта: „Моисейы+ чингуыты ӕмӕ Пехуымпарты чингуыты цы фыст ис, уымӕ кӕд нӕ хъусынц, уӕд, мӕрдтӕй исчи куы райгас уа, уӕддӕр нӕ баууӕнддзысты“».
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «Сӕдӕ баты». Иу бат у 22 л бӕрц.
^ Комк. «Сӕдӕ коры». Иу кор у 170 кг мӕнӕу.
^ Комк. «хъӕбысмӕ».
^ Комк. «йӕ хъӕбысы».
^ Комк. «Гадесы». Кӕс Уӕлӕмх. 8.