Матфейы 16:1—28

16  Йесомӕ уырдӕм ӕрбацыдысты фарисейтӕ+ ӕмӕ саддукейтӕ. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй ракъахтаиккой, уый тыххӕй йӕм бахатыдысты, уӕларвӕй нын диссаг равдис+, зӕгъгӕ.  Фӕлӕ сын уый загъта: «[Изӕрӕй фӕзӕгъут: „Райсом хорз бон уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ арв сырх-сырхид у“.  Райсомӕй та фӕзӕгъут: „Абон дымгӕ кӕндзӕн ӕмӕ уардзӕн, уымӕн ӕмӕ кӕд арв сырх-сырхид у, уӕддӕр тар у“. Арвмӕ кӕсгӕйӕ уӕ бон у боныхъӕд раиртасын, цы рӕстӕджы цӕрут, уый* та уӕ бон раиртасын нӕу.]*+  Ацы фыдзӕрдӕ ӕмӕ хӕлд* фӕлтӕр агуры диссаг, фӕлӕ Ионӕйы диссагӕй уӕлдай+ ницы диссаг фендзысты»+. Уыйадыл сӕ ныууагъта ӕмӕ уырдыгӕй ацыд+.  Уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ахызтысты денджызӕн йӕ иннӕ фарсмӕ, дзултӕ рахӕссын та сӕ ферох+.  Йесо сын загъта: «Кӕсут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй»+.  Уӕд сӕ кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Немӕ дзул куы нӕ рахастам».  Афтӕтӕ кӕй дзурынц, уый зонгӕйӕ сын Йесо загъта: «Цӕмӕн дзурут, дзул нӕм нӕй, зӕгъгӕ? Кӕм ис уӕ уырнындзинад?+  Цӕй кой уын кӕнын, уый нӕма бамбӕрстат? Науӕд уӕ ферох ис, фондз мин лӕгӕн фондз дзулы куыд сфаг ӕмӕ дзы цал чыргъӕды ӕрӕмбырд кодтат, уый?+ 10  Кӕнӕ, цыппар мин лӕгӕн авд дзулы куыд сфаг ӕмӕ дзы цал чыргъӕды ӕрӕмбырд кодтат, уый?+ 11  Куыннӕ йӕ ӕмбарут, дзулты кой уын кӕй нӕ кӕнын? Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй»+. 12  Ӕмӕ йӕ уӕд бамбӕрстой, ӕнӕуи ӕнхъизӕны кой сын кӕй нӕ кӕны, фӕлӕ сын, фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ цы амонынц+, уымӕй кӕй дзуры, уӕхи дзы хъахъхъӕнут, зӕгъгӕ. 13  Йесо Филиппы Кесаримӕ куы ’рцыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Цы дзурынц адӕм Адӕймаджы Фыртӕй, чи, дам, у?»+ 14  Уыдон ын загътой: «Чи зӕгъы, Аргъауӕг Иоанн+, дам, у, чи – Илийа+, чи та – Йереми кӕнӕ иннӕ пехуымпартӕй чидӕр». 15  Уӕд сӕ бафарста: «Сымах та куыд хъуыды кӕнут, чи дӕн?»+ 16  Симон Петр ын дзуапп радта: «Ды дӕ Чырысти+ – удӕгас Хуыцауы Фырт»+. 17  Уӕд ын Йесо загъта: «Амондджын дӕ, Симон, Ионӕйы фырт, уымӕн ӕмӕ дын уый зӕххон адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ мӕ уӕларвон Фыд+. 18  Зӕгъын ма дын уый дӕр: ды дӕ Петр*+. Ацы къӕдзӕхдурыл+ ӕз сараздзынӕн ме ’мбырд, ӕмӕ йӕ ингӕны*+ дуӕрттӕ нӕ бауромдзысты+. 19  Ӕз дын ратдзынӕн уӕларвон паддзахады дӕгъӕлтӕ, ӕмӕ зӕххыл цы бабӕттай, уый уал раздӕр баст ӕрцӕудзӕн уӕлӕрвты. Зӕххыл цы райхалай, уый дӕр раздӕр хӕлд ӕрцӕудзӕн уӕлӕрвты»+. 20  Уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты тынг бафӕдзӕхста, ӕз Чырысти кӕй дӕн, уый макӕмӕн дзурут+, зӕгъгӕ. 21  Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кӕнын райдыдта, Иерусалиммӕ кӕй ацӕудзӕн ӕмӕ уым хистӕр лӕгты, сауджынты хистӕрты ӕмӕ чиныджыдӕсныты къухӕй бирӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн, стӕй йӕ кӕй амардзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон кӕй райгас уыдзӕн+. 22  Уӕд ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, Хицау. Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд»+. 23  Фӕлӕ Йесо иннӕрдӕм азылд ӕмӕ йын загъта: «Ацу мӕ разӕй, Сайтан*!+ Ды мын мӕ разы цӕлхдур ӕвӕрыс, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыдытӕ не сты+, фӕлӕ адӕймаджы». 24  Уӕд Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух+ мӕ фӕдыл цӕуӕд. 25  Йӕ цард* бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн, йӕ цард мӕн тыххӕй чи ратта, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн+. 26  Адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ цард та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда уыдзӕн?+ Науӕд адӕймаг йӕ царды тыххӕй цы ратдзӕн?+ 27  Адӕймаджы Фырт та ӕрцӕудзӕн йӕ зӕдтимӕ, йӕ Фыды кадимӕ. Ӕмӕ уӕд алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзӕн+. 28  Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, афтӕ фендзысты Адӕймаджы Фырты паддзахӕй ӕрцӕугӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «рӕстӕджыты нысӕнттӕ».
Цыппӕрдигъон къӕлӕтты цы ныхӕстӕ ис, уыдон рагон къухфыстытӕй кӕцыдӕрты не сты, ӕндӕрты та сты.
Ома «Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта».
Грекъ. Петро́с. «Петр» – амоны «дур, къӕдзӕхдур».
Комк. «гадесы». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Ома «ныхмӕлӕууӕг» кӕнӕ «ныхмӕдзӕуӕг».
Комк. «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.