Матфейы 26:1—75

26  Йесо йӕ ныхас куы фӕци, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта:  «Сымах зонут, дыууӕ боны фӕстӕ кӕй уыдзӕн Куадзӕн+, ӕмӕ уӕд Адӕймаджы Фырты хъӕдыл байтындздзысты»+.  Уӕд сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ ӕрӕмбырд сты хистӕр сауджын Кайафӕйы+ кӕрты  ӕмӕ бауынаффӕ кодтой+ Йесойы ӕрцахсынӕн исты хиндзинад ӕрымысын ӕмӕ йӕ амарын.  Фӕлӕ дзырдтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты»+.  Йесо Вифанийы+, раздӕр хъотырӕй+ рынчын чи уыди, уыцы Симоны хӕдзары  фынгыл куы бадт, уӕд ӕм бацыд иу сылгоймаг дурынимӕ*, дурыны мидӕг уыди зынаргъ хӕрздӕф сой+, ӕмӕ йын сой йӕ сӕрыл уадзын райдыдта.  Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд смӕсты сты ӕмӕ загътой: «Цӕмӕн хъуыди уыйбӕрц сой хардз кӕнын?+  Уыцы сой бирӕ ӕхца райстаид, ӕмӕ уыцы ӕхца уыдаид мӕгуыртыл+ байуарӕн». 10  Йесо зыдта+, сӕ кӕрӕдзийӕн афтӕтӕ кӕй дзурынц, ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн хъыгдарут ацы сылгоймаджы? Уый мӕнӕн хорздзинад ракодта+. 11  Мӕгуыртӕ+ ӕдзухдӕр уемӕ сты, ӕз та уемӕ ӕдзух нӕ уыдзынӕн+. 12  Ацы сылгоймаг мыл хӕрздӕф сой кӕй рауагъта, уымӕй мын мӕ буар ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кодта+. 13  Ӕцӕг уын зӕгъын: хорз хабар ӕгас дунейы кӕмфӕнды ма хъусын кӕной, уым-иу ӕрымысдзысты ацы сылгоймаджы ӕмӕ-иу зӕгъдзысты, цы бакодта, уый тыххӕй»+. 14  Уый фӕстӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ Искариот+, зӕгъгӕ, сауджынты хистӕртӕм ацыди 15  ӕмӕ сын загъта: «Уӕ къухы уын ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд мын цы ратдзыстут?»+ Уыдон ын зӕрдӕ бавӕрдтой ӕртын ӕвзист ӕхцайӕ+. 16  Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ, сӕ къухы сын ӕй куыд бафтын кодтаид, уымӕн хорз фадат агуырдта+. 17  Донгонд дзулты+ бӕрӕгбонӕн йӕ фыццаг бон ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты Йесомӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Куыд дӕ фӕнды, кӕм дын ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?»+ 18  Уый сын дзуапп радта: «Ацӕут горӕтмӕ, ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймагмӕ+, ӕмӕ йын зӕгъут, зӕгъгӕ, Ахуыргӕнӕг афтӕ зӕгъы: „Мӕ афон ӕрхӕццӕ, ӕмӕ Куадзӕн мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ дӕ хӕдзары бӕрӕг кӕндзынӕн“»+. 19  Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, куыддӕриддӕр сын загъта, афтӕ бакодтой, ӕмӕ, Куадзӕнмӕ цы хъуыди, уыдӕттӕ ӕрцӕттӕ кодтой+. 20  Уӕдмӕ баизӕр+. Йесо йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагимӕ бадти фынгыл+. 21  Ӕмӕ куы хордтой, уӕд сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: уӕ иу мӕ ауӕй кӕндзӕн»+. 22  Уыцы ныхӕсты фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тынг ӕрӕнкъард сты ӕмӕ йын райдыдтой радыгай дзурын: «Хицау, уый ӕз нӕ дӕн, афтӕ нӕу?»+ 23  Йесо сын загъта: «Йӕ къӕбӕр мемӕ къусы чи тулы, уыдонӕй иу у мӕ уӕйгӕнӕг+. 24  Уӕвгӕ, Адӕймаджы Фыртӕн ӕнӕацӕугӕ нӕй, уый тыххӕй фыст куыддӕриддӕр у, афтӕ+. Фӕлӕ додой йӕ къона+ йӕ уӕйгӕнӕгӕн!+ Уыцы адӕймаг куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид». 25  Уӕд ын Иудӕ, йӕ уӕйгӕнӕг, загъта: «Ахуыргӕнӕг, уый ӕз нӕ дӕн, афтӕ нӕу?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй загътай». 26  Нырма хӕргӕ кодтой, афтӕ Йесо дзул райста+, Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕрсаста+, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут. Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар»+. 27  Стӕй та райста сӕны къус+, уый тыххӕй дӕр Хуыцауӕн бузныг загъта, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ сын загъта: «Уе ’ппӕт дӕр дзы бануазут+, 28  уымӕн ӕмӕ ацы сӕн нысан кӕны+ мӕ туг+ – „бадзырды туг“+, ӕмӕ ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй+, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой+. 29  Фӕлӕ уын зӕгъын: амӕй фӕстӕмӕ ӕз сӕн нал бануаздзынӕн, цалынмӕ мӕ Фыды паддзахады уемӕ ног сӕн нӕ бануазон, уӕдмӕ»+. 30  Фӕстагмӕ ма Хуыцауӕн кады зарджытӕ азарыдысты+, ӕмӕ стӕй Оливӕбӕлӕсты хохы ’рдӕм араст сты+. 31  Уый фӕстӕ сын Йесо загъта: «Ахсӕв мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут*, уымӕн ӕмӕ фыст у: „Фыййауы ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ фысты дзуг алырдӕмты фӕлидздзӕн“+. 32  Фӕлӕ куы райгас уон, уӕд уӕ разӕй ацӕудзынӕн Галилейӕмӕ ӕмӕ уӕм уым ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн»+. 33  Уӕд ын Петр афтӕ: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой*, уӕддӕр дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн!»+ 34  Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын: ахсӕв, уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ды мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ»+. 35  Уӕддӕр Петр ныллӕууыд: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕддӕр афтӕ нӕ бакӕндзынӕн». Ӕмӕ афтӕ дзырдтой иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр+. 36  Уый фӕстӕ Йесо семӕ ӕрцыд, Гефсимани кӕй хонынц, уыцы бынатмӕ+, ӕмӕ сын загъта: «Цалынмӕ ӕз уӕртӕ уым кувон+, уӕдмӕ уал сымах ам абадут». 37  Уый фӕстӕ ацыд, ӕмӕ ма йемӕ акодта Петры ӕмӕ Зеведейы дыууӕ фырты+. Ӕмӕ уӕд тынг ӕрӕнкъард ӕмӕ йӕхимидӕг хъуырдухӕн кӕнын райдыдта+. 38  Ӕмӕ сын загъта: «Мӕ уд* дудгӕ рыст кӕны+. Фӕлӕуут ам мӕ фарсмӕ, ма бафынӕй ут»+. 39  Йӕхӕдӕг гыццыл фалдӕр ацыди, зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ кувын райдыдта+, стӕй загъта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд мӕ ацы къус+ нуазын ма бахъӕуӕд. Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ+, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд»+. 40  Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы ’рбаздӕхт, уӕд сӕ фынӕйӕ ӕрбаййӕфта ӕмӕ Петрӕн загъта: «Ау, иу сахат дӕр куыд нӕ бафӕрӕзтат мемӕ ӕнӕ фынӕйӕ?+ 41  Ма бафынӕй ут+ ӕмӕ ӕппынӕдзух кувут+, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат+. Уд бӕргӕ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у»+. 42  Дыккаг хатт дӕр та ацыд+ ӕмӕ куывта, ӕмӕ та загъта: «Мӕ Фыд, кӕд мын ацы къус ӕнӕбануазгӕ нӕй, уӕд, дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд»+. 43  Куы сӕм ӕрбацыд, уӕд та сӕ фынӕйӕ ӕрбаййӕфта, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕстытӕ хуыссӕгӕй ӕруӕззау сты+. 44  Ӕмӕ та сӕ уым ныууагъта, ацыд ӕмӕ та ӕртыккаг хатт+ дӕр афтӕ скуывта. 45  Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ныртӕккӕ уый рӕстӕг у, ӕмӕ фынӕй кӕнат ӕмӕ уӕ фӕллад уадзат? Ӕрхӕстӕг уыцы сахат, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухтӕм ратдзысты+. 46  Сыстут, цӕуын нӕ хъӕуы. Уӕртӕ ӕрбацӕуы мӕ уӕйгӕнӕг»+. 47  Ӕмӕ йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбазынд Иудӕ+, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Йемӕ йын сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ+ рарвыстой бирӕ адӕмы хъаматӕ+ ӕмӕ хъилтимӕ. 48  Йӕ уӕйгӕнӕг сын загъта, куыд ӕй уыдзӕн базонӕн, уый: «Кӕмӕн апъа кӕнон, уый у. Уый-иу ӕрцахсут»+. 49  Ӕмӕ комкоммӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Дзӕбӕх у, Ахуыргӕнӕг!»+ Ӕмӕ йын фӕлмӕн ба акодта+. 50  Йесо+ та йӕ бафарста: «Ам цӕмӕн дӕ?» Уӕд адӕм Йесомӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ йӕ ӕрцахстой+. 51  Уӕд, Йесоимӕ чи уыди, уыдонӕй иу йӕ хъама фелвӕста, хистӕр сауджыны цагъары дзы ӕрцавта ӕмӕ йын йӕ хъус ахауын кодта+. 52  Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Дӕ хъама йӕ бынаты сӕвӕр+, уымӕн ӕмӕ чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн+. 53  Ӕви афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ мӕ бон нӕу мӕ Фыдӕн ныллӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй мын ныртӕккӕ дӕр дыууадӕс ӕфсадӕй дӕр фылдӕр зӕдтӕ рарвита?+ 54  Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы не ’рцӕуой, уӕд Фыстад куыд сӕххӕст уыдзӕн?» 55  Ӕмӕ уӕд Йесо йе ’ргом адӕммӕ аздӕхта ӕмӕ загъта: «Раст цыма абырӕг дӕн, уыйау мӕм хъаматӕ ӕмӕ хъилтимӕ цы ’рбацыдыстут?+ Алы бон кувӕндоны куы бадтӕн+ ӕмӕ уӕ куы ахуыр кодтон, ӕмӕ мӕ уӕд куы нӕ ахстат? 56  Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй пехуымпарты фыстытӕ сӕххӕст уой»+. Уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты+. 57  Йесойы чи ’рцахста, уыдон ӕй акодтой хистӕр сауджын Кайафӕмӕ+. Уым ӕрӕмбырд сты чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ+. 58  Петр Йесойы фӕдыл дӕрддзӕфгомау фӕцыд суанг хистӕр сауджыны кӕрты онг+. Стӕй кӕртмӕ бахызт, ӕмӕ уым лӕггадгӕнджытимӕ ӕрбадт ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, хъуыддаг цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уымӕ+. 59  Уыцы рӕстӕг та сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондон* ӕгасӕй дӕр агуырдтой мӕнгӕвдисӕнтӕ Йесойы ныхмӕ, цӕмӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой+. 60  Фӕлӕ сӕ къухы ницы бафтыд, кӕд сӕм бирӕ мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбацыди, уӕддӕр+. Ӕппынфӕстаг ӕрбацыди дыууӕ мӕнгӕвдисӕны, 61  ӕмӕ уыдон загътой: «Ацы адӕймаг афтӕ загъта, мӕнӕн, дам, мӕ бон у Хуыцауы кувӕндон фехалын ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ саразын»+. 62  Уӕд хистӕр сауджын сыстад ӕмӕ йӕ бафарста: «Ницы дзурыс? Дӕ ныхмӕ цы дзурынц, уый тыххӕй дӕхӕдӕг та цы зӕгъдзынӕ?»+ 63  Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта+. Ӕмӕ йын уӕд хистӕр сауджын загъта: «Расомы кӕн удӕгас Хуыцауӕй, кӕй нӕ фӕсайдзынӕ+ ӕмӕ нын зӕгъ: ды дӕ Чырысти+, Хуыцауы Фырт?» 64  Уӕд ын Йесо загъта+: «Дӕхӕдӕг ӕй куы загътай+. Ӕз та уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырты+ нырӕй фӕстӕмӕ+ уындзыстут Ӕппӕтхъомысджыны рахиз фарс* бадгӕ+ ӕмӕ уӕларвон мигътыл ӕрцӕйцӕугӕ»+. 65  Уыцы ныхӕстӕм хистӕр сауджын йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ загъта: «Ай мӕнӕ Хуыцауы куы фауы!+ Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы?+ Хуыцауы куыд фауы, уый уӕхӕдӕг фехъуыстат!+ 66  Цы зӕгъдзыстут?» Уыдон ын загътой: «Хъуамӕ амӕла»+. 67  Ӕмӕ йын райдыдтой йӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнын+ ӕмӕ йӕ тымбылкъухӕй цӕвын+. Иннӕтӕ та йын йӕ уадултӕ дзӕхстытӕ кодтой+. 68  Ӕмӕ йын дзырдтой: «Чырысти+, кӕд пехуымпар дӕ, уӕд ма нын ӕй зӕгъ, чи дӕ ныццавта?»+ 69  Петр та ӕддейӕ кӕрты куы бадти, уӕд ӕм лӕггадгӕнӕг чызджытӕй иу бацыд ӕмӕ йын зӕгъы: «Ды дӕр галилейаг Йесоимӕ уыдтӕ!»+ 70  Фӕлӕ уый нӕ басаст ӕмӕ се ’ппӕты раз загъта: «Цӕй кой кӕныс, уый не ’мбарын». 71  Петр кулдуары ’рдӕм куы ацыд, уӕд та йӕ базыдта ӕндӕр лӕггадгӕнӕг чызг дӕр ӕмӕ, уым чи уыди, уыдонӕн загъта: «Ай дӕр назаретаг Йесоимӕ уыди»+. 72  Петр та уӕддӕр нӕ басаст ӕмӕ сомытӕ кӕнгӕ дзырдта: «Ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын!»+ 73  Гыццыл фӕстӕдӕр та, цы адӕм дзы лӕууыд, уыдон Петрмӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Нӕ, ды дӕр ӕнӕмӕнг уыдонӕй дӕ. Дӕ ныхасӕй дӕр бӕрӕг у»+. 74  Ӕмӕ уӕд Петр райдыдта сомытӕ кӕнын ӕмӕ ард хӕрын: «Ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын!» Ӕмӕ раст уыцы рӕстӕг уасӕг ныууасыд+. 75  Уӕд Петр ӕрхъуыды кодта Йесойы ныхӕстӕ, уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ды мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕддӕмӕ рацыди ӕмӕ тынг ныккуыдта+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «алебастр дурынимӕ».
Комк. «мӕн тыххӕй фӕкӕлдзыстут».
Комк. «куы фӕкӕлой».
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «Синедрион».
Комк. «уындзыстут хъаруйы рахиз цонджы фарсмӕ».