Райдиан 17:1—27
17 Аврамыл нӕуӕдз фараст азы куы цыди, уӕд ӕм Йегъовӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта+: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау+. Ӕдзухдӕр мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕр ӕмӕ у ӕнаипп+.
2 Ӕмӕ ӕз демӕ скӕндзынӕн бадзырд+ ӕмӕ дын ратдзынӕн тынг бирӕ байзӕддаг»+.
3 Уӕд Аврам дӕлгоммӕ ӕрхауд+, Хуыцау та йемӕ дарддӕр ныхас кодта ӕмӕ йын загъта:
4 «Ӕз демӕ скодтон бадзырд+, ӕмӕ ды суыдзынӕ бирӕ адӕмты фыд+.
5 Ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном Аврам* нал уыдзӕн, фӕлӕ Авраам*, уымӕн ӕмӕ дӕ ӕз скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыд.
6 Ратдзынӕн дын тынг бирӕ байзӕддаг, ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕн адӕмтӕ. Дӕуӕй рацӕудзӕн паддзӕхтӕ дӕр+.
7 Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, демӕ+ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ ӕнустӕм, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цы бадзырд скодтон+, уый – ӕз уыдзынӕн дӕ Хуыцау ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау+.
8 Ӕмӕ ныртӕккӕ ӕрцӕуӕггаг+ цы зӕххыл дӕ, уыцы Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕнустӕм ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн, ӕмӕ ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау»+.
9 Дарддӕр Хуыцау Авраамӕн загъта: «Ӕххӕст кӕн, демӕ цы бадзырд скодтон, уый, ӕххӕст ӕй кӕнут дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
10 Демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ кӕй скодтон ӕмӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнат, уыцы бадзырд у ахӕм+: алы нӕлгоймаг* дӕр уӕм хъуамӕ ӕрцӕуа сунӕтгонд+.
11 Хъуамӕ-иу лыг ӕрцӕуа уе ’фсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрон – уый уыдзӕн нысан, уемӕ цы бадзырд скодтон, уымӕн+.
12 Алы ноггуырд лӕппу дӕр ӕстӕм бон хъуамӕ сунӕтгонд+ ӕрцӕуа: дӕ хӕдзары чи райгуырд, уый дӕр ӕмӕ, дӕ байзӕддаг чи нӕу, фӕлӕ ӕндӕрбӕстагӕй кӕй балхӕдтай, уый дӕр. Афтӕ кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
13 Дӕ хӕдзары чи райгуырд, уый дӕр ӕмӕ, кӕй балхӕдтай, уый дӕр хъуамӕ ӕнӕмӕнг сунӕтгонд ӕрцӕуа+. Ӕмӕ уӕ буарыл цы бадзырды нысан хӕссат, уыцы бадзырд уыдзӕн ӕнустӕм+.
14 Сунӕтгонд чи нӕ уа, йе ’фсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрон лыг кӕмӕн нӕ уа, уыцы нӕлгоймаджы та йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъӕуы фесафын+. Уый мын мӕ бадзырд фехӕлдта».
15 Уый фӕстӕ Хуыцау Авраамӕн загъта: «Дӕ ус Сарӕйы та Сарӕ* мауал хон, уымӕн ӕмӕ ныр йӕ ном уыдзӕн Саррӕ*+.
16 Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дын уымӕй ратдзынӕн фырт+. Раарфӕ йын кӕндзынӕн, ӕмӕ уымӕй рацӕудзӕн бирӕ адӕмыхӕттытӕ+ ӕмӕ адӕмты паддзӕхтӕ»+.
17 Уӕд Авраам дӕлгоммӕ ӕрхауд, ныххудт ӕмӕ йӕхинымӕр загъта+: «Сӕдӕ азы кӕуыл цӕуы, уымӕй ма сывӕллон рацӕудзӕн? Ӕмӕ ма Саррӕ дӕр, нӕуӕдз азы кӕуыл цӕуы, уый, сывӕллон ныййардзӕн?»+
18 Уый фӕстӕ Авраам ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Измаил куы уаид дӕ арфӕйӕ хайджын!»+
19 Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Исахъ+. Ӕз йемӕ скӕндзынӕн бадзырд, уый уыдзӕн бадзырд ӕнустӕм йӕ байзӕддагимӕ дӕр+.
20 Измаилы тыххӕй цы загътай, уый дӕр фехъуыстон. Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ йын ратдзынӕн бирӕ зӕнӕг ӕмӕ йын йӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн+. Уымӕй рацӕудзысты дыууадӕс мыггаджы хистӕры ӕмӕ дзы рауадздзынӕн стыр адӕм+.
21 Фӕлӕ бадзырд скӕндзынӕн Исахъимӕ+, иннӕ аз дын ацафон Саррӕ кӕй ныййардзӕн, уыцы фыртимӕ»+.
22 Уыйадыл Хуыцау Авраамимӕ йӕ ныхас фӕци ӕмӕ ацыд+.
23 Ӕмӕ уӕд Авраам йӕ фырт Измаилӕн, стӕй, йӕ хӕдзары чи райгуырд ӕмӕ, ӕлхӕнгӕ кӕй бакодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр – йӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр тӕккӕ уыцы бон сунӕт скодта, ралыг сын кодта се ’фсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрон, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
24 Авраам сунӕтгонд куы ’рцыд, уӕд ыл цыди нӕуӕдз фараст азы+.
25 Йӕ фырт Измаил сунӕтгонд куы ’рцыд, уӕд ууыл та цыди ӕртындӕс азы+.
26 Тӕккӕ уыцы бон ӕрцыдысты сунӕтгонд Авраам дӕр ӕмӕ йӕ фырт Измаил дӕр+.
27 Авраамимӕ сунӕтгонд ӕрцыдысты, йӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдон иууылдӕр: йӕ хӕдзары чи райгуырд, уыдон дӕр ӕмӕ, ӕндӕрбӕстӕгтӕй кӕй балхӕдта, уыдон дӕр+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Нысан кӕны «кады фыд».
^ Нысан кӕны «бирӕ адӕмты фыд».
^ Хауынц ӕм гыццыл лӕппутӕ дӕр.
^ Нысан кӕны «хъуырхъуыргӕнаг».
^ Уыцы ном нысан кӕны, паддзахы бинонтӕй кӕй уыдзӕн.