Райдиан 21:1—34
21 Ӕмӕ Йегъовӕ ӕркаст Саррӕмӕ, куыд загъта, афтӕ, ӕмӕ Йегъовӕ, куыд дзырдта, афтӕ бакодта+.
2 Саррӕ басывӕрджын+ ӕмӕ Авраамӕн йӕ зӕронды бонты ныййардта лӕппу, Хуыцау Авраамӕн кӕд загъта, раст уыцы рӕстӕджы+.
3 Ӕмӕ Авраам, Саррӕ йын кӕй ныййардта, уыцы лӕппуйы схуыдта Исахъ+.
4 Стӕй Авраам ӕстӕм бон йӕ фырт Исахъӕн сунӕт скодта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
5 Авраамыл цыди сӕдӕ азы, йӕ фырт Исахъ куы райгуырд, уӕд.
6 Ӕмӕ Саррӕ загъта: «Хуыцау мӕ фырцинӕй фӕхудын кодта, ӕмӕ ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр мемӕ худдзӕн»+.
7 Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм ноджыдӕр бафтыдта: «Чи загътаид Авраамӕн, зӕгъгӕ, Саррӕ сывӕллонӕн дзидзи дардзӕн? Фӕлӕ йын ӕз йӕ зӕронды бонты ныййардтон лӕппу».
8 Сывӕллон рӕзыд, ӕмӕ йӕ иу бон дзидзийӕ фӕхицӕн кодтой+. Ӕмӕ, Исахъы дзидзийӕ цы бон фӕхицӕн кодтой, уыцы бон Авраам скодта стыр куывд.
9 Саррӕ та федта, Авраамӕн египетаг Агар+ цы лӕппуйы ныййардта, уый Исахъӕй кӕй хынджылӕг кӕны+.
10 Ӕмӕ Авраамӕн загъта: «Атӕр ацы цагъар-сылгоймаджы ӕмӕ йӕ фырты. Ацы цагъар-сылгоймаджы фыртӕн мӕ фыртимӕ, Исахъимӕ, бынтӕй хай нӕ уыдзӕн!»+
11 Фӕлӕ Авраамӕн тынг хъыг уыди, йӕ фырты тыххӕй йын афтӕ кӕй загъта, уый+.
12 Ӕмӕ уӕд Хуыцау Авраамӕн загъта: «Саррӕ дын лӕппуйы ӕмӕ цагъар-сылгоймаджы тыххӕй цы загъта, ууыл ма маст кӕн. Байхъус ӕм, уымӕн ӕмӕ дӕ байзӕддаг кӕй хондзысты, уый Исахъӕй рацӕудзӕн+.
13 Фӕлӕ цагъар-сылгоймаджы фыртӕй+ дӕр рауадздзынӕн адӕм, уымӕн ӕмӕ уый дӕр дӕ байзӕддаг у»+.
14 Авраам райсомӕй раджы сыстад, райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары+ ӕккой сӕ сӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ стӕй лӕппуимӕ+ арвыста. Агар ацыд ӕмӕ Вирсавийы+ ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл.
15 Йӕ лалымы дон куы фӕци+, уӕд лӕппуйы къутӕры бын ныууагъта+.
16 Йӕхӕдӕг та, фат цас атӕха, уыйбӕрц ацыд ӕмӕ уым сбадти, мӕ хъӕбул куыд мӕлдзӕн, уый ма фенон, зӕгъгӕ+. Гъемӕ уым дӕрддзӕф сбадт ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта+.
17 Ӕмӕ уӕд Хуыцау фехъуыста лӕппуйы дзыназын+, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕлӕрвтӕй Агармӕ ӕрдзырдта+: «Цы кӕныс, Агар? Ма тӕрс, лӕппу кӕм ис, уырдыгӕй йын Хуыцау йӕ дзыназын фехъуыста.
18 Ауай, сыстын ӕй кӕн ӕмӕ йыл дӕ къухӕй хӕц – ӕз дзы рауадздзынӕн стыр адӕм»+.
19 Уӕд Хуыцау Агарӕн йӕ цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ Агар федта цъай+. Ӕмӕ ацыд, лалым донӕй байдзаг кодта ӕмӕ лӕппуйӕн дон бадардта.
20 Ӕмӕ Хуыцау уымӕй фӕстӕмӕ дӕр уыди лӕппуимӕ+. Уый хъомыл кодта, цард ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ сси фатӕхсӕг+.
21 Измаил ӕрцард Фараны+ ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ йын йӕ мад Египетӕй ус ӕрхаста.
22 Уыцы рӕстӕг Авимелех йе ’фсады хистӕр Фихолимӕ ӕрцыд Аврааммӕ ӕмӕ йын загъта: «Дӕуӕн Хуыцау ӕххуыс кӕны дӕ алы хъуыддаджы дӕр+.
23 Ӕмӕ мын ныр ам Хуыцауӕй расомы кӕн+, хинӕй кӕй нӕ рацӕудзынӕ мӕныл дӕр, мӕ фырттыл дӕр ӕмӕ мӕ фыртты фырттыл дӕр+, ӕмӕ дӕ ӕз куыд ӕнувыд уарзтӕй уарзын+, ды дӕр мӕ афтӕ кӕй уарздзынӕ, мӕн дӕр ӕмӕ, ӕрцӕуӕггаг+ кӕуыл дӕ, уыцы зӕхх дӕр».
24 Ӕмӕ йын Авраам загъта: «Сомы дын кӕнын»+.
25 Фӕлӕ Авраам Авимелехӕн карзӕй бауайдзӕф кодта, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын йӕ цъай кӕй байстой, уый тыххӕй+.
26 Ӕмӕ уӕд Авимелех загъта: «Афтӕ чи бакодта, уый нӕ зонын. Ды дӕр мын ницы загътай, абон ӕй фыццаг хатт хъусын»+.
27 Уӕд Авраам ӕрбатардта фыстӕ ӕмӕ стуртӕ ӕмӕ сӕ Авимелехӕн радта+, ӕмӕ скодтой бадзырд+.
28 Авраам йӕ фысты дзугӕй рахицӕн кодта авд сыл уӕрыччы.
29 Ӕмӕ йӕ уӕд Авимелех бафарста: «Ацы авд уӕрыччы та цӕмӕн рахицӕн кодтай?»
30 Авраам ын загъта: «Айс ацы авд уӕрыччы – уый уыдзӕн бӕлвырдгӕнӕн+, ацы цъай ӕз кӕй скъахтон, уымӕн».
31 Ӕмӕ Авраам уыцы бынат схуыдта Вирсави*+, уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр уым расомы кодтой.
32 Уыйадыл Вирсавийы бадзырд+ скодтой. Ӕмӕ Авимелех йе ’фсады хистӕр Фихолимӕ фӕстӕмӕ филистимӕгты зӕхмӕ+ аздӕхтысты.
33 Уый фӕстӕ Авраам Вирсавийы ныссагъта тамарискбӕлас ӕмӕ уым Йегъовӕйы ном ссардта+, ӕнусон Хуыцауы+ ном.
34 Авраам бирӕ фӕцард ӕрцӕуӕггагӕй филистимӕгты зӕххыл+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Нысан кӕны «сомыйы цъай» кӕнӕ «авды цъай».