Райдиан 45:1—28
45 Иосиф уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ лӕггадгӕнджыты раз йӕ бон нал уыди йӕхиуыл хӕцын+, ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Уе ’ппӕт дӕр ацӕут ардыгӕй!» Ӕмӕ дзы йе ’фсымӕрты йеддӕмӕ куы ничиуал баззад, уӕд сын йӕхи схъӕр кодта+.
2 Ӕмӕ афтӕ хъӕрӕй ныккуыдта+, ӕмӕ йӕ египетӕгтӕ фехъуыстой. Уыцы хабар бахӕццӕ фараоны хӕдзармӕ дӕр.
3 Ӕмӕ Иосиф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Иосиф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у?» Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ афтӕ фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ бон дзурын дӕр нал уыди+.
4 Ӕмӕ сын уӕд Иосиф загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, хӕстӕгдӕр-ма мӕм ӕрбацӕут». Ӕмӕ йӕм уыдон дӕр бацыдысты.
Ӕмӕ сын уӕд загъта: «Ӕз уе ’фсымӕр дӕн, Иосиф, Египетмӕ кӕй ауӕй кодтат, уый+.
5 Фӕлӕ мӕ ардӕм кӕй ауӕй кодтат, уый тыххӕй уӕхи ма хӕрут+ ӕмӕ уӕхимӕ ма мӕсты кӕнут. Хуыцау мӕ уӕ разӕй рарвыста, цӕмӕй уӕ аирвӕзын кӕна+.
6 Ныр дыккаг аз ис зӕххыл ӕххормаг рӕстӕг+, ӕмӕ ма ноджыдӕр фондз азы ахӕсдзӕн – нӕдӕр хуым кӕндзысты, нӕдӕр тыллӕг ӕфснайдзысты+.
7 Ӕмӕ мӕ Хуыцау уӕ разӕй рарвыста, цӕмӕй уӕ диссаджы хуызы аирвӕзын кӕна, ӕмӕ зӕххыл уӕ мыггаг ма фесӕфа*+.
8 Уӕдӕ мӕ сымах нӕ рарвыстат ардӕм+, фӕлӕ мӕ ӕцӕг Хуыцау рарвыста, цӕмӕй мӕ сӕвӕрдтаид фараонӕн фыдӕй*+, стӕй хицауӕй йӕ хӕдзарӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Египетӕн дӕр.
9 Ныр тагъддӕр ацӕут мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъут: „Дӕ фырт Иосиф афтӕ зӕгъы: „Хуыцау мӕ сӕвӕрдта хицауӕй ӕгас Египетӕн дӕр+. Тагъддӕр мӕм ӕрцу.
10 Ӕрцӕрдзынӕ Гесемы зӕххыл+, ӕмӕ мӕ фарсмӕ уыдзынӕ: дӕхӕдӕг дӕр, дӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ дӕ фыртты фырттӕ дӕр, дӕ фос иууылдӕр ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон дӕр.
11 Ӕз дӕ уым хойрагӕй цух нӕ уадздзынӕн, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзар дӕр ма смӕгуыр уа ӕмӕ ӕнӕ ницӕмӕй ма баззайай, уымӕн ӕмӕ ӕххормаг рӕстӕг нырма фондз азы ахӕсдзӕн“+.
12 Сымах дӕр ӕмӕ йӕ ме ’фсымӕр Вениамин дӕр уӕхи цӕстӕй уынут, ӕз мӕхӕдӕг кӕй дзурын уемӕ+.
13 Уӕдӕ мӕ фыдӕн радзурут, Египеты мын цы стыр кад ис, уый тыххӕй, стӕй, цы федтат, уыдӕттӕ иууылдӕр. Ӕмӕ мын мӕ фыды тагъддӕр ардӕм ӕркӕнут».
14 Уый фӕстӕ Вениаминыл ныттыхсти ӕмӕ ныккуыдта. Ӕмӕ йыл Вениамин дӕр ныттыхст ӕмӕ уый дӕр куыдта+.
15 Ӕмӕ пъатӕ кодта йе ’фсымӕртӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ сын кӕугӕйӕ хъӕбыстӕ кодта+. Ӕмӕ уый фӕстӕ йе ’фсымӕртӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой.
16 Хабар фехъуыстой фараоны хӕдзары, Иосифӕн, дам, йе ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты. Ӕмӕ уый ӕхсызгон уыди фараонӕн дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕр+.
17 Ӕмӕ фараон Иосифӕн загъта: «Де ’фсымӕртӕн зӕгъ афтӕ: „Уӕ хӕссинӕгтӕ уӕ хӕрджытыл сӕвӕрут ӕмӕ ацӕут Ханааны зӕхмӕ+,
18 ӕмӕ ракӕнут уӕ фыды дӕр ӕмӕ уӕ бинонты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ ардӕм ӕрцӕут. Ӕз уын ратдзынӕн, Египеты хорзӕй цы ис, уый. Нӕ зӕххыл хуыздӕрӕй цы зайы, уыдон хӕрдзыстут“+.
19 Ӕмӕ сын ноджыдӕр бафӕдзӕхс+: „Египетӕй акӕнут уӕрдӕттӕ+ ӕмӕ раласут уӕ устыты, уӕ сывӕллӕтты ӕмӕ уӕ фыды ӕмӕ ардӕм ӕрцӕут+.
20 Уӕ мулк ныууадзын уӕм ӕвгъау ма фӕкӕсӕд+, уымӕн ӕмӕ, ӕгас Египеты дӕр хорзӕй цы ис, уый сымах уыдзӕн“»+.
21 Гъемӕ Израилы фырттӕ дӕр афтӕ бакодтой, ӕмӕ сын фараоны ныхасмӕ гӕсгӕ Иосиф радта уӕрдӕттӕ, стӕй сын радта, фӕндагмӕ сӕ цыдӕриддӕр хъуыди+, уый дӕр.
22 Алкӕмӕн дӕр сӕ радта фӕйнӕ ног уӕлӕдарӕсы+, Вениаминӕн та радта ӕртӕсӕдӕ ӕвзист ӕхцайы ӕмӕ фондз уӕлӕдарӕсы+.
23 Ӕмӕ йӕ фыдӕн арвыста дӕс нӕл хӕрӕджы ӕмӕ сыл сӕвӕрдта, Египеты хорзӕй цы уыди, уыдӕттӕ. Стӕй дӕс сыл хӕрӕджы, уыдоныл та йӕ фыдӕн фӕндагмӕ сӕвӕрдта хор, дзул ӕмӕ ӕндӕр хӕринаг.
24 Ӕмӕ уый фӕстӕ йе ’фсымӕрты афӕндараст кодта, ӕмӕ араст сты. Ӕрмӕст сӕ бафӕдзӕхста: «Фӕндагыл-иу кӕрӕдзимӕ ма хыл кӕнут»+.
25 Ӕмӕ рацыдысты Египетӕй ӕмӕ ӕрыздӕхтысты Ханааны зӕхмӕ, сӕ фыд Иаковмӕ.
26 Ӕмӕ йын загътой: «Иосиф ӕгас у! Уый у хицау ӕгас Египетӕн дӕр!»+ Фӕлӕ сын Иаков сӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг нӕ айста, уымӕн ӕмӕ сыл нӕ баууӕндыд+.
27 Фӕлӕ сын Иосиф цы загъта, уыдӕттӕ йын иууылдӕр куы радзырдтой, стӕй Иосиф йӕ раласынӕн цы уӕрдӕттӕ рарвыста, уыдон куы федта, уӕд дзы ныфс* бацыд+.
28 Ӕмӕ Израил загъта: «Ныр мӕ уырны, мӕ фырт Иосиф ӕгас кӕй у! Фӕцӕуон ӕмӕ ма цалынмӕ ӕгас дӕн, уӕдмӕ йӕ фенон!»+
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «ӕмӕ уӕ зӕххыл исчи баззайа».
^ Ӕвӕц., нысан кӕны, фараоны хӕдзары стыр бынат кӕй ахста, уый.
^ Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.