Райдиан 50:1—26

50  Уӕд Иосиф йӕ фыдыл ныддӕлгом+ ӕмӕ йыл куыдта ӕмӕ йын пъатӕ кодта+.  Уый фӕстӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн, дохтыртӕн, бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ фыдмӕ базылдаиккой, буар ӕмбийын чи нӕ уадзы, ахӕм хостӕй+. Ӕмӕ дохтыртӕ Израилмӕ хостӕй базылдысты.  Уымӕн сӕ бахъуыди цыппор боны – уал боны сын ацӕуы мардмӕ хостӕй базилыныл. Ӕмӕ йыл египетӕгтӕ ӕвдай боны фӕкуыдтой+.  Уӕдмӕ Израилыл хъыг кӕныны рӕстӕг фӕци, ӕмӕ Иосиф фараоны хӕдзаронтӕн загъта: «Кӕд уын уӕ хорзӕх ссардтон+, уӕд уӕ курӕг дӕн, фараонӕн мӕ номӕй зӕгъут:  „Мӕ фыд мын дзырд раттын кодта+, зӕгъгӕ, ӕз мӕлын+ ӕмӕ-иу мын мӕ мард бавӕр+, Ханааны зӕххыл мӕхицӕн цы бынат ӕрцӕттӕ кодтон, уым+. Ӕмӕ дӕ ныр курӕг дӕн, ауадз мӕ ӕмӕ мӕ фыды бавӕрон. Стӕй фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзынӕн“».  Ӕмӕ йын фараон загъта: «Ацу, бавӕр дӕ фыды ӕмӕ сӕххӕст кӕн, цы дзырд ын радтай, уый»+.  Гъемӕ Иосиф йӕ фыды аласта, цӕмӕй йӕ бавӕрдтаид. Йемӕ ацыдысты фараоны лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр, фараоны хӕдзары хистӕр лӕгтӕ+ ӕмӕ, Египеты зӕххыл цыдӕриддӕр хистӕр лӕгтӕ уыди, уыдон,  стӕй Иосифы хӕдзаронтӕ, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фыды хӕдзаронтӕ иууылдӕр+. Гесемы ма баззадысты ӕрмӕст сӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ фос.  Йемӕ рацыди бӕхуӕрдӕттӕ+ ӕмӕ барджытӕ дӕр. Иосифы фӕдыл рацыд тынг бирӕ адӕм. 10  Ӕмӕ Иорданмӕ хӕстӕг+ Атады найгӕнӕн мусмӕ куы бахӕццӕ сты+, уӕд мардыл хъарджытӕ кӕнын райдыдтой ӕмӕ сӕхи кӕуынӕй мардтой. Ӕмӕ Иосиф йӕ фыдыл авд боны фӕхъыг кодта+. 11  Атады найгӕнӕн мусы раз адӕм мардыл куыд хъыг кӕнынц, уый уымы цӕрджытӕ, ханаайнӕгтӕ, куы федтой, уӕд загътой: «Египетӕгтыл стыр зиан ӕрцыд!» Ӕмӕ уыцы бынат схуыдтой Авел-Мицраим*, уый ис Иорданмӕ хӕстӕг+. 12  Израил йӕ фырттӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой+. 13  Йӕ мард ын аластой Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ уым Мамрейы раз, Махпелӕйы быдыры, Авраам йӕ марды бавӕрынӕн хеттаг Ефронӕй кӕй балхӕдта, уыцы быдыры цы лӕгӕт ис, уым бавӕрдтой+. 14  Ӕмӕ Иосиф йӕ фыды куы баныгӕдта, уӕд йӕхӕдӕг дӕр, йе ’фсымӕртӕ дӕр ӕмӕ йемӕ йӕ фыды ныгӕнынмӕ чи ацыд, уыдон иууылдӕр фӕстӕмӕ Египетмӕ ӕрыздӕхтысты. 15  Сӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ Иосифы ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Ныр нӕм кӕд Иосиф йӕ зӕрдӕйы маст хӕссы+, уӕд нӕ афтӕ нӕ ныууадздзӕн. Цы ӕвзӕрдзинад ын ракодтам, уый тыххӕй нӕ йӕ маст райсдзӕн»+. 16  Гъемӕ Иосифмӕ фӕхӕццӕ кодтой сӕ фыды фӕдзӕхст: «Дӕ фыд нын йӕ мӕлӕты размӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, 17  Иосифӕн-иу афтӕ зӕгъут: „Лӕгъстӕ дын кӕнын, ныххатыр кӕн+ де ’фсымӕртӕн сӕ фыдракӕнд ӕмӕ сӕ тӕригъӕд, ӕвзӕрдзинадӕй дын цы ракодтой, уый“+. Ӕмӕ дӕ ныр курӕг стӕм, дӕ фыды Хуыцауы цагъартӕн сӕ фыдракӕнд ныххатыр кӕн»+. Иосиф уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд ныккуыдта. 18  Уый фӕстӕ йӕм йе ’фсымӕртӕ бацыдысты, йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ йын загътой: «Мах стӕм дӕ цагъартӕ!»+ 19  Уӕд сын Иосиф загъта: «Ма тӕрсут. Исты ӕз Хуыцау дӕн?+ 20  Сымах мын ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ хъавыдыстут, фӕлӕ йӕ ныр куыд уынут, афтӕмӕй йӕ Хуыцау хорзырдӕм фӕкодта, цӕмӕй бирӕты аирвӕзын кӕна+. 21  Уӕдӕ тӕрсгӕ ма кӕнут. Уӕхи дӕр ӕмӕ уын уӕ сывӕллӕтты дӕр хойрагӕй цух нӕ уадздзынӕн»+. Ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ӕрсабыр кодта ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ фӕлмӕн ныхасӕй барӕвдыдта. 22  Ӕмӕ Иосиф йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ фыды хӕдзарвӕндаг дӕр цардысты Египеты. Иосиф фӕцард сӕдӕ дӕс азы. 23  Уый ма федта Ефремы фыртты фыртты дӕр+, стӕй Манассийы фырт Махиры+ фыртты дӕр. Уыдон хъомыл кодтой Иосифы хъӕбысы*+. 24  Ӕмӕ иу бон Иосиф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз мӕлын, фӕлӕ уӕм Хуыцау ӕнӕмӕнг йе ’ргом раздахдзӕн+ ӕмӕ уӕ ардыгӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исахъӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕххы тыххӕй расомы кодта, уырдӕм»+. 25  Ӕмӕ Иосиф Израилы фырттӕн дзырд раттын кодта, загъта сын: «Хуыцау уӕм ӕнӕмӕнг йе ’ргом раздахдзӕн. Ӕмӕ-иу мын уӕд ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут»+. 26  Уый фӕстӕ Иосиф амард, цыди йыл сӕдӕ дӕс азы. Ӕмӕ йӕм хостӕй базылдысты+ ӕмӕ йӕ Египеты чырыны нывӕрдтой.

Фиппаинӕгтӕ

Нысан кӕны «египетӕгты кӕуын».
Комк. «райгуырдысты Иосифы уӕрджытыл».