Рацыд 15:1—27

15  Уӕд Моисей ӕмӕ Израилы фырттӕ Йегъовӕйӕн ныззарыдысты+:«Зардзынӕн Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ йӕхи скадджын кодта+.Бӕхы ӕд барӕг денджызы ныппӕрста+.   Йагъ*+ у мӕ хъару ӕмӕ мӕ тых, уымӕн ӕмӕ уый у мӕ ирвӕзынгӕнӕг+.Уый у мӕ Хуыцау, ӕмӕ йӕ ӕз кадджын кӕндзынӕн+. Уый у мӕ фыды Хуыцау+, ӕмӕ йын йӕ кад бӕрзонд сисдзынӕн+.   Йегъовӕ у хъӕбатыр хӕстон+. Йегъовӕ у йӕ ном+.   Фараонӕн йӕ бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йе ’фсад денджызы ныппӕрста+.Йӕ хуыздӕр хӕстонтӕ Сырх денджызы аныгъуылдысты+.   Абухгӕ дӕттӕ сӕ сӕ быны фӕкодтой+, дурау ацыдысты денджызы бынмӕ+.   О Йегъовӕ, дӕ рахиз къухы ис стыр тых+,О Йегъовӕ, дӕ рахиз къух знӕгты ныппырх кӕны+.   Дӕуӕй уӕлдӕр ничи ис, ӕмӕ дӕ ныхмӕ чи рацӕуы, уыдоны фесафыс+.Ныккалыс сыл дӕ масты цӕхӕр, ӕмӕ сӕ хъӕмпау аныхъуыры+.   Ды дӕ фындзыхуынчъытӕй раулӕфыдтӕ+, ӕмӕ дӕттӕ цӕхгӕр слӕууыдысты.Лӕууыдысты донуромӕн къулау.Абухгӕ дӕттӕ денджызы астӕу сӕ бынаты бандзыг сты.   Знаг загъта: „Фӕстейӕ сӕ асурдзынӕн+ ӕмӕ сӕ баййафдзынӕн!+Адих кӕндзынӕн мӕ амӕттаг+, ӕмӕ мӕ уд бафсӕддзӕн!Сласдзынӕн мӕ хъама! Мӕ къухӕй сӕ мӕлӕт ссардзысты!“+ 10  Ды раулӕфыдтӕ+, ӕмӕ денджызы бын фесты+.Здыйау ацыдысты абухгӕ дӕтты бынмӕ+. 11  О Йегъовӕ, хуыцӕутты ’хсӕн дӕу хуызӕн чи у?+Чи у дӕу хуызӕн сыгъдӕг?+Дӕуӕй хъӕуы тӕрсын+ ӕмӕ дӕ кадӕн хъӕуы зарын+. Ды аразыс диссӕгтӕ+. 12  Дӕ рахиз къух радардтай+, ӕмӕ сӕ зӕхх аныхъуырдта+. 13  Ды де ’нувыд уарзтӕй кӕныс, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы+.Ӕмӕ сӕ дӕ хъаруйы фӕрцы бакӕндзынӕ дӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынатмӕ+. 14  Адӕмтӕ уый тыххӕй фехъусдзысты+ ӕмӕ скатай уыдзысты+.Филистийы цӕрджытӕ арӕг сылгоймагау хъӕрздзысты+. 15  Едомӕгты мыггӕгты хистӕртӕ стыхсдзысты.Моавы хъомысджын хицӕуттӕ фыртӕссӕй риздзысты+.Ханааны цӕрджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ныфс асӕтдзӕн+. 16  Тӕрсдзысты ӕмӕ зыр-зыр кӕндзысты+.Дӕ цонджы стыр хъаруйӕ цавддурау лӕудзысты,Цалынмӕ дӕ адӕм+, о Йегъовӕ, сӕ рӕзты нӕ ацӕуой,Цалынмӕ де сконд адӕм+ сӕ рӕзты нӕ ацӕуой, уӕдмӕ+. 17  Ды сӕ ӕрбакӕндзынӕ ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕ* дӕ хохыл+,Дӕхицӕн цӕрынӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыцы бынаты+, о Йегъовӕ,Дӕхи къухтӕй кӕй скодтай, уыцы кувӕн бынаты+, о Йегъовӕ. 18  Йегъовӕ уыдзӕн паддзах ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ+. 19  Фараоны бӕхтӕ+ йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ ӕмӕ йӕ барджытимӕ денджызмӕ куы бацыдысты+,Уӕд Йегъовӕ денджызы дӕттӕ фӕстӕмӕ раздӕхта, ӕмӕ сӕ быны фесты+,Израилы фырттӕ та денджызы астӕуты сур зӕххыл ацыдысты»+. 20  Уӕд Аароны хо+, пехуымпар Мариам, йӕ къухмӕ дала райста+. Ӕмӕ йемӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ дӕр се ’ппӕт дӕр далатӕй цӕгъдгӕ рацыдысты ӕмӕ кафын райдыдтой+. 21  Ӕмӕ лӕгты зарынмӕ Мариам дӕр базарыд+: «Зарут Йегъовӕйӕн+, уымӕн ӕмӕ йӕхи скадджын кодта+.Бӕхы ӕд барӕг денджызы ныппӕрста»+. 22  Уый фӕстӕ Моисей израилӕгты Сырх денджызӕй акодта, ӕмӕ бахӕццӕ сты Суры ӕдзӕрӕг быдырмӕ+. Ӕмӕ ӕртӕ боны фӕцыдысты ӕдзӕрӕг быдыры, фӕлӕ дзы дон никуы ссардтой+. 23  Иуцасдӕры фӕстӕ бахӕццӕ сты Меррӕмӕ+, фӕлӕ Меррӕйы донӕй сӕ бон нуазын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ маст уыди. Ӕмӕ уыцы бынат Меррӕ* дӕр уый тыххӕй схуыдта+. 24  Ӕмӕ адӕм Моисейыл+ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, цы бануазӕм, зӕгъгӕ. 25  Уӕд Моисей Йегъовӕмӕ скуывта+. Ӕмӕ йын Йегъовӕ бацамыдта иу гыццыл бӕласмӕ. Моисей йӕ доны ныппӕрста, ӕмӕ дон маст нал уыди+. Уым сын Хуыцау сфидар кодта уагӕвӕрд ӕмӕ сын равдыста, тӕрхон цӕмӕ гӕсгӕ кӕндзӕн, уый. Стӕй сӕ уыцы ран бафӕлвӕрдта+. 26  Загъта сын: «Кӕд уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ лӕмбынӕг хъусат ӕмӕ, йӕ цӕсты раст цы у, уый аразат, кӕд ын йӕ фӕдзӕхстытӕм уӕ хъус дарат ӕмӕ йе ’ппӕт уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрат+, уӕд, египетӕгтыл цы бӕллӕхтӕ* ӕруагътон, уыдонӕй уыл иу дӕр не ’руадздзынӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, чи уӕ дзӕбӕх кӕны, уыцы Хуыцау»+. 27  Уый фӕстӕ бахӕццӕ сты Елиммӕ. Уым уыди дыууадӕс суадоны ӕмӕ ӕвдай пальмӕбӕласы+. Ӕмӕ уым донмӕ хӕстӕг сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой.

Фиппаинӕгтӕ

«Йагъ» у ном «Йегъовӕ»-йы цыбыр формӕ. Фыццаг хатт ам ӕмбӕлы. Кӕс Уӕлӕмх. 1.
Комк. «ныссадздзынӕ».
Нысан кӕны «маст».
Кӕнӕ «низтӕ».