Титмӕ 2:1—15
2 Фӕлӕ ды уӕддӕр дзур, раст+ ахуырадмӕ гӕсгӕ цы у, уый.
2 Ацӕргӕ нӕлгоймӕгтӕ+ хъуамӕ алцӕмӕй дӕр бӕрц зоной, уой уӕззаузонд+, ӕмбаргӕ, сӕ уырнындзинадӕй+, сӕ уарзондзинадӕй ӕмӕ сӕ уды фидарӕй+ фӕзминаг*.
3 Афтӕ ацӕргӕ сылгоймӕгтӕ+ дӕр хъуамӕ уой ӕгъдауджын, макӕй фыдкой кӕной+, ма уой нозтмӕ* ӕмхиц, иннӕты ахуыр кӕной, хорз цы у, ууыл,
4 сӕ бон куыд уа ӕрыгон сылгоймӕгты ахӕм зондыл аразын, цӕмӕй сӕ лӕгты+, стӕй сӕ сывӕллӕтты+ уарзой,
5 уой ӕмбаргӕ, хӕдӕфсарм+, хӕдзары куыстытӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕной, уой хӕларзӕрдӕ, сӕ лӕгты коммӕ кӕсой+, цӕмӕй Хуыцауы ныхас мачи фауа+.
6 Афтӕ зонд амон ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕн дӕр, цӕмӕй уой ӕмбаргӕ+.
7 Дӕхӕдӕг алкӕддӕр фӕзминаг у дӕ хорз хъуыддӕгтӕй+. Амон+, раст цы у, уый+, у уӕззаузонд,
8 дзур, иннӕтӕн пайда чи уыдзӕн, уайдзӕф бакӕнӕн дын кӕй тыххӕй нӕ уыдзӕн, ахӕм ныхӕстӕ+, ныхмӕлӕуджытӕ нӕ ӕвзӕр исты зӕгъынхъом куыд нӕ уой ӕмӕ сӕм худинаг куыд ӕркӕса+.
9 Цагъартӕ+ хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр сӕ хицӕутты коммӕ кӕсой+ ӕмӕ архайой сӕ зӕрдӕ сын рухс кӕныныл, фӕстӕмӕ сӕм ма дзурой+,
10 мацы сӕ давой+, фӕлӕ алцӕмӕй дӕр уой ӕууӕнкджын+, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр нӕ Ирвӕзынгӕнӕг+ Хуыцауы ахуырад рӕсугъд кӕной*.
11 Раргом+ Хуыцауы стыр хорзӕх+, алыхуызон адӕмӕн+ ирвӕзындзинад+ чи хӕссы, уый.
12 Стыр хорзӕх нын амоны, цӕмӕй ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй+ ӕмӕ зӕххон монцтӕй+ дард лидзӕм ӕмӕ ацы дунейы*+ уӕм ӕмбаргӕ, цӕрӕм рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй+,
13 цалынмӕ нӕ диссаджы ныфс+ нӕ сӕххӕст ӕмӕ Стыр Хуыцау, стӕй нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти кады+ мидӕг нӕ раргом сты, уӕдмӕ.
14 Уый йӕхи радта+ мах тыххӕй, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна+ ӕппӕт фыдхъуыддӕгты уацарӕй ӕмӕ йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна+, уӕлдай зынаргъ ын чи уа+ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтыл йӕ уд чи хъара, ахӕм адӕм+.
15 Амӕй фӕстӕмӕ дӕр дзур ацы хъуыддӕгтыл, амон зонд ӕмӕ барджынӕй уайдзӕф кӕн+. Ӕнӕрвӕссон дыл мачи кӕнӕд+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «ӕнӕниз».
^ Комк. «сӕнмӕ».
^ Кӕнӕ «фидауц уой».
^ Кӕнӕ «цардӕвӕрды». Грекъ. айо́н.