Ӕмбисӕндтӕ 17:1—28
17 Цӕйнӕфӕлтау дӕ хӕдзар нывӕндты дзидзайӕ йедзаг уа, ӕмӕ хыл кӕнат+, фӕлтау уӕм хус дзулы къӕбӕр уӕд, ӕмӕ сабырӕй цӕрут+.
2 Ӕмбаргӕ цагъар уыдзӕн хицау худинаггӕнӕг фыртӕн+ ӕмӕ йын йе ’фсымӕртимӕ бынтӕй хай райсдзӕн+.
3 Тайынгӕнӕн мигӕнӕн у ӕвзистӕн, пец – сызгъӕринӕн+, зӕрдӕтӕм та кӕсы Йегъовӕ+.
4 Фыдгӕнӕг хъусы, фыдӕвзаг чи у, уымӕ+. Фӕлитой байхъусы, йе ’взаг фыдбылыз кӕмӕн у, ахӕм адӕймагмӕ+.
5 Мӕгуырыл чи худы, уый йын йе Скӕнӕджы худинаг кӕны+. Искӕй ӕнамонддзинадыл чи цин кӕны, уый ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн+.
6 Зӕрӕдтӕн сӕ кадыхуд сты сӕ цоты цот+, цоты фидауц сты сӕ ныййарджытӕ+.
7 Ӕнӕзондыл раст ныхӕстӕ нӕ фидауы+. Ӕмӕ уӕд кадджын адӕймагыл мӕнг ныхӕстӕ кӕцӕй фидауы!+
8 Лӕвар, чи йӕ дӕтты, уый цӕсты у зынаргъ дуры хуызӕн ӕмӕ йӕм уый фӕрцы хорз цӕстӕй ракӕсынц+. Кӕдӕмфӕнды ма бацӕуа,– йӕ хъуыддаг рауайы+.
9 Рӕдыд чи ныххатыр кӕны, уый тырны уарзондзинадмӕ+, чи йыл фӕдзуры, уый та хорз ӕмбӕлтты кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны+.
10 Ӕмбаргӕ адӕймагӕн уайдзӕф дӕр фаг у+, ӕнӕзондмӕ та сӕдӕ цӕфы дӕр нӕ хъары+.
11 Ӕвзӕр адӕймаг ӕдзух кӕны змӕнтгӕ+, ӕмӕ йӕм цы минӕвары арвитой, уый йын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн+.
12 Цӕйнӕфӕлтау дыл ӕнӕзонд йе ’нӕзонддзинадимӕ амбӕла+, фӕлтау дыл амбӕлӕд, йӕ лӕппынты кӕмӕн ахастой, ахӕм арс+.
13 Хорздзинад ӕвзӕрдзинадӕй чи фиды+, уымӕн йӕ хӕдзар ӕнӕфыдбылыз никуы уыдзӕн+.
14 Хылӕн йӕ райдайӕн у, дон куыд ратона, уый хуызӕн+. Уӕдӕ цалынмӕ хыл нӕ райдыдта, уӕдмӕ ацу+.
15 Фыдгӕнӕджы рӕстгӕнӕг чи схоны+, рӕстгӕнӕджы та – фыдгӕнӕг+, уыдон сӕ дыууӕ дӕр Йегъовӕйӕн сты ӕнад+.
16 Ӕнӕзонд куы ницы ’мбары*+, уӕд ӕй зонд самал кӕнынӕн фӕрӕзтӕ цӕмӕн хъӕуы?+
17 Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы+. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр+.
18 Ӕнӕзонд* адӕймаг йӕ къух ратты+ – иннӕйы раз фидарӕй ратты дзырд+.
19 Тӕригъӕд аразын чи уарзы, уый уарзы хыл кӕнын+. Ӕмӕ йӕхицӕн бӕрзонд кулдуар чи скӕны, уый фыдбылыз агуры+.
20 Мӕнгардзӕрдӕ чи у, уый хорздзинад не ссардзӕн+, ӕмӕ йе ’взаг хинӕйдзаг кӕмӕн у, уый бӕллӕхы бахаудзӕн+.
21 Ӕнӕзонд сывӕллон йӕ фыдӕн у масты хос+, ӕмӕ ӕнӕзонды фыд цин нӕ фӕкӕны+.
22 Хъӕлдзӕг зӕрдӕ хосау дзӕбӕх кӕны+, ныфссаст зӕрдӕ та стджытӕ хус кӕны+.
23 Фыдгӕнӕг сусӕгӕй* райсы гӕртам+, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндӕгтӕ сзыгъуыммӕ кӕна+.
24 Ӕмбаргӕ адӕймагӕн зонд ис йӕ тӕккӕ раз+, ӕнӕзонды цӕстытӕ та сты зӕххы кӕрон+.
25 Ӕнӕзонд фырт йӕ фыдӕн у масты хос+, йӕ ныййарӕг мадӕн – зӕрдӕниз+.
26 Хорз нӕу рӕстгӕнӕджы ивар кӕнын+. Кадджын адӕймагмӕ йӕ къух чи исы, уый раст нӕ кӕны+.
27 Дзурынмӕ тагъд чи нӕ кӕны, уымӕ ис ӕцӕг зонындзинӕдтӕ+, ӕмӕ арфуынӕг адӕймаг у хиуылхӕцгӕ+.
28 Ӕнӕзонд куы ницы фӕдзуры, уӕд уый дӕр зондджын фенхъӕлынц+, ӕмӕ хъусӕй чи фӕлӕууы, уый дӕр иннӕтӕм ӕмбаргӕ фӕкӕсы.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «зӕрдӕ куы нӕй».
^ Комк. «Зӕрдӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм».
^ Комк. «ронӕй», кӕнӕ «тарӕй».