Ӕмбисӕндтӕ 23:1—35

23  Паддзахимӕ фынгыл куы бадай, уӕд лӕмбынӕг кӕс, дӕ разы цы ис, уымӕ+,  ӕмӕ кӕд дӕ уд ӕфсис нӕ зоны, уӕд дӕ хъуырыл кард сӕвӕр+.  Йӕ адджын хӕринӕгтӕм ын дӕ былыцъӕрттӕ ма хӕр, уымӕн ӕмӕ дӕ йӕ хӕринӕгтӕ фӕсайдзысты+.  Хъӕздыгдзинад скӕныны тыххӕй ма фыдӕбон кӕн+. Дӕхи зондӕй мауал у ныфсджын+.  Хъӕздыгдзинад куы ницы у, уӕд ӕм цы кӕсыс?+ Уый йӕхицӕн цӕргӕсы базыртӕ акӕндзӕн ӕмӕ арвы бӕрзӕндмӕ атӕхдзӕн+.  Чъынды адӕймагӕн йӕ фынгыл ма ӕрбад+ ӕмӕ йын йӕ адджын хӕринӕгтӕм дӕ былыцъӕрттӕ ма хӕр+.  Уый ахӕм адӕймаг у, ӕмӕ йын алцыдӕр нымад у+. Дзурдзӕн дын, ахӕр, ануаз, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын йӕ зӕрдӕ та уый нӕ зӕгъы+.  Цы къӕбӕр бахордтай, уый фӕстӕмӕ скалдзынӕ, ӕмӕ дӕ дзӕбӕх ныхӕстӕ дӕр дзӕгъӕлы фӕуыдзысты+.  Ӕнӕзондӕн мацы дзур+, уымӕн ӕмӕ дын дӕ зондджын ныхӕстыл былысчъилтӕ кӕндзӕн+. 10  Зӕххӕн раджы заман цы арӕн скодтой, ууыл фалдӕр ма ахӕц+, ӕмӕ сидзӕрты* зӕхмӕ дӕ къах ма бавӕр+, 11  уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕлхӕнӕг тыхджын у, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг рахӕцдзӕн сӕ сӕрыл, хъаст дыл куы кӕной, уӕд+. 12  Дӕ зӕрдӕ сараз зондамындмӕ ӕмӕ дӕ хъус ӕрдар зонды ныхӕстӕм+. 13  Сывӕллоны ӕнӕбафхӕргӕ* ма ныууадз+. Уисӕй йӕ куы ныццӕвай, уӕд нӕ амӕлдзӕн. 14  Фӕнӕм ӕй уисӕй, цӕмӕй йын йӕ уд ингӕнӕй* фервӕзын кӕнай+. 15  Мӕ хъӕбул, дӕ зӕрдӕ зондджын куы суа+, уӕд цин кӕндзӕн мӕ зӕрдӕ дӕр+. 16  Дӕ дзыхӕй рӕстдзинад куы цӕуа, уӕд мӕ* цинӕн кӕрон нал уыдзӕн+. 17  Дӕ зӕрдӕ ма бахӕлӕг кӕнӕд тӕригъӕдджынтӕм+, фӕлӕ дӕ мидӕг ӕдзухдӕр уӕд Йегъовӕйы тас+. 18  Уӕд дын уыдзӕн фидӕн+ ӕмӕ дӕ ныфсӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзынӕ+. 19  Мӕ хъӕбул, байхъус мӕм, ӕмӕ суыдзынӕ зондджын. Дӕ зӕрдӕ араз раст фӕндагыл+. 20  Сӕнӕй бӕрц чи нӕ зоны+ ӕмӕ дзидзайӕ ӕфсис кӕмӕн нӕй, уыдонимӕ ма у+, 21  уымӕн ӕмӕ расыггӕнаг ӕмӕ гуыбындзӕл смӕгуыр уыдзысты+, ӕмӕ хуыссӕг адӕймагыл бызгъуыртӕ скӕндзӕн+. 22  Дӕ ныййарӕг фыдмӕ хъус+ ӕмӕ, дӕ мад кӕй базӕронд, уый тыххӕй йыл былысчъилтӕ ма кӕн+. 23  Балхӕн рӕстдзинад*+ ӕмӕ йӕ ма ауӕй кӕн. Балхӕн зонд, зондамынд ӕмӕ ӕмбарындзинад+. 24  Рӕстгӕнӕджы фыд цин кӕндзӕн+, ӕмӕ, зондджынӕн цард чи радта, уыцы фыд дӕр ӕфсӕст уыдзӕн йӕ цинӕй+. 25  Цин кӕндзысты дӕ фыд ӕмӕ дӕ мад, дӕ ныййарӕджы зӕрдӕ цинӕй райдзӕн+. 26  Мӕ хъӕбул, дӕ зӕрдӕ мӕнӕн ратт ӕмӕ мӕ фӕндӕгтӕ дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон уӕнт+. 27  Хӕтаг сылгоймаг у арф дзыхъхъ+, хӕлд сылгоймаг* у нарӕг цъай. 28  Абырӕгау ӕрӕмбӕхсы ӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсы, кӕй ӕрцахса, уымӕ+, ӕмӕ, гадзрахатӕй чи цӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕн сӕ нымӕц фылдӕр кӕны+. 29  Йӕ сӕр додойаг кӕмӕн у? Тыхст чи у? Хылтӕ чи кӕны?+ Катайы чи бацӕуы? Ницӕй тыххӕй цъӕхтӕй чи цӕуы? Йӕ цӕстытӕ сырх кӕмӕн сты? 30  Бон-изӕрмӕ сӕн чи нуазы+, хъӕбӕр сӕн агурӕг чи зилы, уыдонӕн у афтӕ сӕ хабар+. 31  Сӕн куыд сырх у, къусы куыд тыбар-тыбур кӕны, хъуыры куыд лӕгъзӕй цӕуы, уымӕ ма кӕс. 32  Фӕстагмӕ дыл калмау фӕхӕцдзӕн+, маргджын калмау дӕ йӕ марг бауадздзӕн+. 33  Дӕ цӕстытыл ӕнахуыр нывтӕ уайдзӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ хӕлд митӕ ӕрцагурдзӕн+. 34  Ӕмӕ афтӕ уыдзынӕ, цыма хуыссыс денджызы астӕу, наупӕлӕзы хъӕды цъуппыл+. 35  Ӕмӕ зӕгъдзынӕ: «Цавтой мӕ, фӕлӕ мын нӕ рысти. Надтой мӕ, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстон. Кӕд райхъал уыдзынӕн+, цӕмӕй та ногӕй нозт агурон?»+

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕнӕ фыдӕй чи баззад, ахӕм лӕппуты».
Кӕс Ӕм 1:2, фип.
Комк. «шеолӕй». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Комк. «мӕ уыргты».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Комк. «ӕндӕрбӕстаг».