1 Паддзӕхты 17:1—24
17 Фесвӕйаг Илийа+, Галаады+ зӕххӕй чи уыд, уый, Ахавӕн загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕйы раз, ӕз кӕмӕн лӕггад кӕнын+, уыцы удӕгас Хуыцауы раз дын сомы кӕнын+: ацы цалдӕр азы зӕххыл нӕдӕр ӕртӕх уыдзӕн, нӕдӕр къӕвда ӕруардзӕн+, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ»+.
2 Йегъовӕ Илийайӕн загъта+:
3 «Ардыгӕй ацу, дӕ фӕндаг скӕсӕнырдӕм акӕн ӕмӕ Иорданӕн скӕсӕнырдыгӕй Хорафы дӕлвӕзы бамбӕхс+.
4 Дон нуаздзынӕ цӕугӕдонӕй+, хӕринаг та дын халӕттӕн*+ хӕссын кӕндзынӕн»+.
5 Уый дӕр уайтагъд ацыд ӕмӕ йын Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ бакодта+: ацыд ӕмӕ Иорданӕн скӕсӕнырдыгӕй Хорафы дӕлвӕзы ӕрцард.
6 Ӕмӕ йын алы райсом дӕр ӕмӕ алы изӕр дӕр халӕттӕ хастой дзул ӕмӕ дзидза, дон та нызта цӕугӕдонӕй+.
7 Фӕлӕ къӕвда кӕй нӕ уарыд, уый тыххӕй цасдӕры фӕстӕ цӕугӕдон бахус+.
8 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Илийайӕн загъта+:
9 «Сыст, ацу Сидоны Сарептӕмӕ+ ӕмӕ уал уым цӕр. Уым ӕз иу идӕдз сылгоймагӕн бафӕдзӕхсдзынӕн, цӕмӕй дын хӕринаг дӕтта».
10 Илийа дӕр сыстад ӕмӕ Сарептӕмӕ ацыд. Ӕмӕ горӕты кулдуарыл куы фӕцӕйхызт, уӕд кӕсы, ӕмӕ иу идӕдз сылгоймаг сугтӕ ӕмбырд кӕны. Илийа йӕм фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, иу гыццыл-ма мын дон радав, цӕмӕй бануазон»+.
11 Сылгоймаг донмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд та йӕм адзырдта: «Дӕ хорзӕхӕй, демӕ-ма мын дзулы къӕбӕр+ дӕр рахӕсс».
12 Фӕлӕ йын сылгоймаг загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын+, нӕй мӕм дзул+. Стыр дурыны ма мӕм иу армыдзаг+ ссад ис, гыццыл дурыны та – иу гыццыл сой+. Мӕнӕ иу гыццыл сугтӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, стӕй ацӕудзынӕн ӕмӕ мӕхицӕн ӕмӕ мӕ лӕппуйӕн исты ӕрцӕттӕ кӕндзынӕн. Цы ’рцӕттӕ кӕнон, уый бахӕрдзыстӕм ӕмӕ уый фӕстӕ амӕлдзыстӕм»+.
13 Уӕд ын Илийа загъта: «Ма тӕрс+. Ацу ӕмӕ, куыд загътай, афтӕ бакӕн. Ӕрмӕст дӕм цы ис, уымӕй уал иу гыццыл гуыл мӕнӕн скӕн+ ӕмӕ мын ӕй ӕрбахӕсс, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕхицӕн ӕмӕ дӕ лӕппуйӕн дӕр исты скӕндзынӕ.
14 Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Стыр дурыны ссад нӕ фӕуыдзӕн ӕмӕ гыццыл дурыны сой нӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн, цалынмӕ Йегъовӕ зӕххыл къӕвда нӕ рауадза, уӕдмӕ“»+.
15 Сылгоймаг дӕр ацыд ӕмӕ йын Илийа куыд загъта, афтӕ бакодта. Ӕмӕ бирӕ рӕстӕг Илийайӕн дӕр, сылгоймагӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр уыди, цы хордтаиккой, уый+.
16 Стыр дурыны ссад нӕ фӕуд кодта ӕмӕ гыццыл дурыны сой нӕ къаддӕр кодта+, Йегъовӕ Илийайы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
17 Уый фӕстӕ сылгоймагӕн, хӕдзары ӕфсинӕн, йӕ лӕппу фӕрынчын. Ӕмӕ афтӕ ӕвзӕр уыди, ӕмӕ амард+.
18 Уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дын кодтон+, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг? Ды мӕм уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, цӕмӕй мын мӕ тӕригъӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнай+ ӕмӕ мын мӕ хъӕбулы амарай».
19 Фӕлӕ йын Илийа загъта: «Ӕри-ма дӕ лӕппуйы». Ӕмӕ йын ӕй йӕ хъӕбысӕй райста, уӕллаг уатмӕ йӕ схаста+, йӕхӕдӕг кӕм цард, уырдӕм, ӕмӕ йӕ уым йӕ хуыссӕныл ӕрӕвӕрдта+.
20 Стӕй Йегъовӕмӕ скуывта: «О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау!+ Ау, кӕмӕ цӕрын, уыцы идӕдз сылгоймагӕн йӕ лӕппуйы амардзынӕ, ӕмӕ уымӕн дӕр маст бавзарын кӕндзынӕ?»
21 Уый фӕстӕ сывӕллоныл ӕртӕ хатты ныддӕлгом+ ӕмӕ та Йегъовӕмӕ скуывта: «О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, курын дӕ, ацы сывӕллоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздах!»+
22 Йегъовӕ фехъуыста Илийайы+, ӕмӕ сывӕллон фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхт, райгас+.
23 Уӕд Илийа сывӕллоны систа, уӕллаг уатӕй йӕ бынмӕ хӕдзармӕ ӕрхаста, йӕ мадмӕ йӕ радта ӕмӕ йын загъта: «Уыныс, дӕ лӕппу ӕгас у!»+
24 Ӕмӕ уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Ныр ӕй зонын, ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы адӕймаг кӕй дӕ+ ӕмӕ, Йегъовӕйы номӕй цы дзурыс, уый раст кӕй у»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «сынтытӕн». Сау маргъ, халӕтты мыггагӕй.