1 Самуилы 1:1—28

1  Ефремы+ хӕхбӕсты, Рамафаим-Цофимы+ цард иу адӕймаг, Елхъан+, зӕгъгӕ. Елхъан уыд Йерохамы фырт, Йерохам – Елиуйы фырт, Елиуй – Тохуйы фырт, Тоху та – Цуфы+ фырт. Елхъан уыд ефремаг.  Уыди йын дыууӕ усы. Иу дзы хуынди Аннӕ, иннӕ та – Феннанӕ. Феннанӕйӕн уыди сывӕллӕттӕ, Аннӕйӕн та нӕ уыди+.  Уыцы адӕймаг-иу алы аз дӕр йӕ горӕтӕй Силоммӕ ацыд, цӕмӕй-иу ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕн бакуывтаид+ ӕмӕ йын-иу нывӕндтӕ ӕрхастаид+. Уым Йегъовӕйӕн сауджынтӕй+ лӕггад кодтой Илийы дыууӕ фырты, Офни ӕмӕ Финеес+.  Елхъан-иу нывонд куы ’рхаста, уӕд-иу йӕ ус Феннанӕйӕн ӕмӕ Феннанӕйы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕй алкӕмӕн дӕр радта хӕйттӕ+.  Аннӕйӕн та-иу радта иу хай. Ӕнӕуи та Аннӕйы тынг уарзта+, фӕлӕ йын Йегъовӕ зӕнӕг нӕ лӕвӕрдта+.  Елхъаны иннӕ ус ӕй йе ’лхыскъ ныхӕстӕй+ уый онг скодта, ӕмӕ-иу йӕхимӕ ныхъхъуыста, Йегъовӕ йын зӕнӕг кӕй нӕ лӕвӕрдта, уый тыххӕй.  Афтӕ йын кодта, алы аз+ дӕр-иу Йегъовӕйы хӕдзармӕ куы цыдысты, уӕд+. Йӕ хъуырмӕ-иу ӕй скодта, ӕмӕ-иу Аннӕ цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта ӕмӕ-иу хӕргӕ дӕр ницы кодта.  Йӕ лӕг Елхъан та-иу ын дзырдта: «Аннӕ, цӕмӕн кӕуыс ӕмӕ цӕуылнӕ хӕрыс? Цӕуыл ӕнкъард кӕны дӕ зӕрдӕ?+ Ӕз дын дӕс фыртӕй дӕр хуыздӕр нӕ дӕн?»+  Иухатт та Силомы куы уыдысты ӕмӕ куы ахордтой ӕмӕ куы анызтой, уӕд Аннӕ сыстад – уыцы рӕстӕг сауджын Илий та Йегъовӕйы кувӕндоны+ бахизӕны бандоныл бадти – 10  ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ маст сыгъта+, афтӕмӕй Йегъовӕмӕ кувын райдыдта+, ӕмӕ судзгӕ цӕссыг калдта+. 11  Уӕд Аннӕ Хуыцауӕн дзырд радта+: «О ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, кӕд дӕ цагъары хъизӕмармӕ ӕркӕсай+ ӕмӕ мӕ ӕрхъуыды кӕнай+, кӕд нӕ ферох кӕнай дӕ цагъары ӕмӕ йын лӕппу радтай, уӕд ӕй ӕз йӕ цард-цӕрӕнбонтӕм ратдзынӕн Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йӕ сӕрыл сӕрдасӕн нӕ андзӕвдзӕн»+. 12  Цалынмӕ Аннӕ афтӕ бирӕ рӕстӕг Йегъовӕмӕ куывта+, уӕдмӕ йӕм Илий та кӕсгӕ кодта. 13  Аннӕ куывта йӕхинымӕр+: ӕрмӕстдӕр йӕ былтӕ змӕлыдысты, йӕ ныхас та нӕ хъуысти. Гъемӕ Илий афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ расыг у+. 14  Ӕмӕ йын загъта: «Кӕдмӕ уыдзынӕ расыг?+ Ацу ӕмӕ уал ӕрӕрвонг у». 15  Фӕлӕ йын Аннӕ загъта: «Цытӕ дзурыс, мӕ буц хицау! Дӕ разы цы сылгоймаг лӕууы, уымӕн йӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг у. Ӕз нӕдӕр сӕн банызтон, нӕдӕр карз нозт. Мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дзурын Йегъовӕйӕн+. 16  Дӕ цагъар-сылгоймаджы ницӕйаг+ сылгоймагыл ма банымай. Мӕ судзгӕ сагъӕсӕй ӕмӕ мӕ маствӕллад зӕрдӕйӕ куывтон уыйбӕрц рӕстӕг»+. 17  Ӕмӕ йын уӕд Илий загъта: «Фарнимӕ цу+ ӕмӕ дын Израилы Хуыцау раттӕд, цы дзы куырдтай, уый»+. 18  Аннӕ уый куы фехъуыста, уӕд ын загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ дӕр дӕ цагъары дӕ хорзӕх уӕд»+. Ӕмӕ рацыд уырдыгӕй. Ӕмӕ уӕд хӕргӕ дӕр бакодта+, ӕмӕ йӕ цӕсгом дӕр раздӕрау ӕнкъард нал уыд+. 19  Стӕй райсомӕй раджы сыстадысты, Йегъовӕйӕн бакуывтой ӕмӕ сӕхимӕ Рамӕмӕ+ аздӕхтысты. Елхъан йӕ ус Аннӕимӕ ӕмуат ӕрцыд+, ӕмӕ Аннӕ Йегъовӕйы зӕрдыл ӕрлӕууыд+. 20  Афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ Аннӕ басывӕрджын ӕмӕ лӕппу ныййардта. Схуыдта+ йӕ Самуил*, уымӕн ӕмӕ загъта: «Ӕз ӕй Йегъовӕйӕ ракуырдтон»+. 21  Цасдӕры фӕстӕ та Елхъан йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ ацыд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕрхастаид ӕрвылазон нывонд+, стӕй ма, дзырд кӕй радта, уый номыл нывонд+ дӕр. 22  Фӕлӕ Аннӕ семӕ нӕ ацыд+. Йӕ лӕгӕн загъта: «Лӕппуйы дзидзийӕ куы фӕхицӕн кӕнон+, уӕд ӕй акӕндзынӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы раз ӕрлӕууа ӕмӕ цӕрӕнбонты уым уа»+. 23  Уӕд ын йӕ лӕг+, Елхъан, загъта: «Гъемӕ хорз, хуыздӕр дӕм куыд кӕсы, афтӕ бакӕн+. Баззай хӕдзары, цалынмӕ сывӕллоны дзидзийӕ нӕ фӕхицӕн кӕнай, уӕдмӕ. Ӕмӕ уадз Йегъовӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕнӕд»+. Сылгоймаг дӕр хӕдзары баззад ӕмӕ йӕ фырты хъомыл кодта, цалынмӕ йӕ дзидзийӕ нӕ фӕхицӕн кодта, уӕдмӕ+. 24  Ӕмӕ йӕ дзидзийӕ куы фӕхицӕн кодта, уӕд ӕй йемӕ акодта ӕмӕ ацыд Йегъовӕйы хӕдзармӕ, Силоммӕ+. Йемӕ ракодта ӕртӕаздзыд гал, стӕй ахаста иу ефӕ* ссад ӕмӕ стыр дурыны сӕн+. Лӕппу дӕр уыди йемӕ. 25  Уым галы аргӕвстой ӕмӕ лӕппуйы Илиймӕ+ бакодтой. 26  Ӕмӕ йын Аннӕ загъта: «Ныххатыр мын кӕн, мӕ буц хицау! Сомы дын кӕнын+, мӕ буц хицау, ам дӕ разы чи лӕууыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ+ чи куывта, ӕз уыцы сылгоймаг дӕн. 27  Мӕнӕ ацы лӕппуйы тыххӕй куывтон, ӕмӕ мын Йегъовӕ радта+, цы дзы куырдтон, уый+. 28  Ӕмӕ йӕ ныр ӕз дӕттын* Йегъовӕйӕн+. Цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ уыдзӕн Йегъовӕйы». Ӕмӕ уым Елхъан Йегъовӕйӕн бакуывта+.

Фиппаинӕгтӕ

Нысан кӕны «Хуыцауы номмӕ сидын».
22 л бӕрц.
Дзут. «ӕфстау дӕттын».