1 Самуилы 25:1—44

25  Цасдӕры фӕстӕ амарди Самуил+. Израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕрӕмбырд сты, фӕкуыдтой+ йыл ӕмӕ йӕ Рамӕйы+ йӕ хӕдзары фарсмӕ бавӕрдтой. Уый фӕстӕ Давид сыстад ӕмӕ Фараны ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕрцыд+.  Маоны+ цард иу лӕг, Кармилы+ та фос дардта. Уыцы лӕг уыди тынг хъӕздыг, ӕртӕ мины йӕм фыстӕ уыди, иу мин та – сӕгътӕ. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг Кармилы йӕ фыстӕ ӕлвыдта+.  Йӕ ном уыди Навал+, йӕ усы ном та – Авигейӕ+. Авигейӕ уыди тынг ӕмбаргӕ+ ӕмӕ рӕсугъд сылгоймаг, лӕг та уыд тызмӕг адӕймаг, фыдлӕг+. Уыди Халевы+ байзӕддаг.  Давид ӕдзӕрӕг быдыры куы уыд, уӕд фехъуыста, Навал йӕ фыстӕ кӕй ӕлвыны+, уый.  Ӕмӕ Давид йӕ адӕмӕй дӕс лӕджы арвыста ӕмӕ сын загъта: «Ссӕут Кармилмӕ, уым Навалмӕ бацӕут ӕмӕ йӕ мӕ номӕй бафӕрсут, куыд у, цы у, уымӕй+.  Ӕмӕ-иу ме ’фсымӕрӕн афтӕ зӕгъут: „Фӕрнӕйдзаг у+ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр, ӕнӕфыдбылыз уӕд, цыдӕриддӕр дӕм ис, уый дӕр.  Афтӕ фехъуыстон, ӕмӕ дӕ фыстӕ ӕлвыныс. Дӕ фыййӕуттӕ-иу немӕ уыдысты+, ӕмӕ сӕ мах никуы бахъыгдардтам+. Цалынмӕ Кармилы немӕ уыдысты, уӕдмӕ сӕ фосӕй ӕппындӕр ницы фесӕфт.  Бафӕрс дӕ адӕмы, ӕмӕ дын уыдон дӕр зӕгъдзысты. Гъемӕ мӕ адӕмы дӕ хорзӕх уӕд, уымӕн ӕмӕ дӕм цины бон ӕрбацыдыстӕм. Курӕг дӕ дӕн, дӕ къухы цы ис, уымӕй дӕ цагъартӕн ӕмӕ дӕ фырт Давидӕн фӕхай кӕн“»+.  Уыдон дӕр Навалмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын Давиды номӕй уыцы ныхӕстӕ загътой ӕмӕ дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты. 10  Навал Давиды лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Чи у Давид+ та? Чи у Йессейы фырт? Йӕ хицауӕй чи алыгъд, ахӕм цагъартӕ цас ис, уый зонут!+ 11  Ӕмӕ ныр хъуамӕ мӕ дзул+, мӕ дон ӕмӕ, мӕ фысӕлвынджытӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтон, уыцы дзидза райсон ӕмӕ, зонгӕ дӕр кӕй нӕ кӕнын, уыдонӕн сӕ раттон?»+ 12  Давиды ӕрвыст адӕм дӕр разылдысты, фӕстӕмӕ Давидмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын Навалы ныхӕстӕ радзырдтой. 13  Уӕд Давид йӕ адӕмӕн загъта: «Уӕ хъаматӕ уӕ астӕутыл ӕрбабӕттут!»+ Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сӕ хъаматӕ сӕ астӕутыл ӕрбабастой, йӕ хъама ӕрбабаста Давид дӕр. Ӕмӕ иу-цыппарсӕдӕйӕ Давиды фӕдыл ацыдысты, дыууӕсӕдӕ лӕджы та баззадысты уӕрдӕтты раз+. 14  Уӕдмӕ Навалы ус Авигейӕйӕн лӕггадгӕнджытӕй сӕ иу фӕхабар кодта: «Давид ӕдзӕрӕг быдырӕй йӕ адӕмы ӕрбарвыста нӕ хицауӕн раарфӕ кӕнынмӕ, фӕлӕ сын уый алывыдтӕ фӕкалдта+. 15  Афтӕмӕй нын уыцы адӕм та тынг хорз уыдысты, никуы нӕ бахъыгдардтой. Цалынмӕ быдыры нӕ фарсмӕ уыдысты, уӕдмӕ нӕ фосӕй нӕ фӕхъуыд+. 16  Нӕ дзугтимӕ сӕ фарсмӕ цы рӕстӕг уыдыстӕм, уыцы рӕстӕг нӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй хъахъхъӕдтой, нӕ алыварс къулау+ лӕууыдысты. 17  Уӕдӕ ӕркӕс ӕмӕ ахъуыды кӕн, ныр куыд бакӕнын хъӕуы, ууыл, уымӕн ӕмӕ нӕ хицаумӕ ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фыдбылыз кӕсы+. Уыцы ницӕйаг адӕймагӕн+ та фӕнды дзур, фӕнды ма дзур». 18  Авигейӕ+ ауади, райста дыууӕсӕдӕ дзулы, дыууӕ стыр сӕны дурыны+, фондз фысы ӕргӕвстӕй+, фондз къусы* цӕкуытӕ+, сӕдӕ тъӕпӕн гуылы чисмисӕй+ ӕмӕ дыууӕсӕдӕ тъӕпӕн гуылы та хус легъуитӕй+ ӕмӕ сӕ хӕрджытыл сӕвӕрдта. 19  Стӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Сымах разӕй ацӕут+, ӕмӕ ӕз дӕр уӕ фӕдыл фӕцӕуын». Йӕ лӕгӕн та, Навалӕн, ницы загъта. 20  Ӕмӕ хӕрӕгыл+ бадгӕйӕ, куыд ничи йӕ федтаид, афтӕ хохӕй дӕлӕмӕ куы ’рцӕйцыд, уӕд йӕ размӕ фесты Давид ӕмӕ йӕ адӕм. Хӕрхӕмбӕлд фесты. 21  Давид та уый хӕдразмӕ афтӕ загъта: «Дзӕгъӕлы хъахъхъӕдтон уыцы адӕймаджы фӕллой ӕдзӕрӕг быдыры. Ӕппындӕр дзы ницы фесӕфт+, уый та мын мӕ хорз ӕвзӕрӕй фиды+. 22  Хуыцауы фыдӕх баййафӕд+ Давиды знӕгты, кӕд ын ардыгӕй райсоммӕ+ йӕ хӕдзары нӕлгоймаджы+ мыггагӕй иуы дӕр ныууадзон, уӕд». 23  Куыддӕр Авигейӕ Давиды ауыдта, афтӕ хӕрӕгӕй ӕрхызт, Давиды раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг ныллӕг акуывта+. 24  Стӕй йӕ къӕхтӕм ӕрхауд+ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ буц хицау, уыцы тӕригъӕд мӕныл уӕд+. Дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъарӕн демӕ дзурыны бар ратт+ ӕмӕ байхъус, дӕ цагъар цы зӕгъдзӕн, уымӕ. 25  Мӕ буц хицау, курын дӕ, уыцы ницӕйаг+ адӕймаг Навалы ныхӕстӕ дӕ зӕрдӕмӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ йӕ ном йӕ уӕлӕ ис. Навал* хуыйны, ӕмӕ йе ’нӕзонддзинад дӕр йемӕ ис+. Дӕ цагъар та, мӕ буц хицау, де ’рвыст адӕмы нӕ федта. 26  Мӕ буц хицау, удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз+ ӕмӕ дӕ разы сомы кӕнын+: Йегъовӕ дӕ нӕ бауагъта+, цӕмӕй туг ныккалдтаис+ ӕмӕ дӕ маст дӕхи къухӕй райстаис+. Де знӕгтӕ та ӕмӕ, мӕ буц хицауӕн фыддзинад ракӕнынмӕ чи хъавы, уыдон се ’ппӕт дӕр Навалы+ хуызӕн суӕнт. 27  Дӕ цагъар дын цы арфӕйы хуын+ ӕрхаста, уый та у, мӕ буц хицауы фӕдыл чи цӕуы+, уыцы адӕмӕн. 28  Дӕ хорзӕхӕй, ныххатыр кӕн дӕ цагъар-сылгоймаджы тӕригъӕд+. Йегъовӕ ӕнӕмӕнг сфидар кӕндзӕн мӕ буц хицауы хӕдзар+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хӕстыты хӕцы+. Дӕумӕ дӕ цӕрӕнбонты ӕвзӕрдзинадӕй ницы разындзӕн+. 29  Исчи дӕ фӕдыл куы зила ӕмӕ дӕ марынмӕ куы хъава, уӕд та дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ+ дӕ уд хъахъхъӕндзӕн, зынаргъ хӕзна дзӕкъулы ӕлхынцъбаст куыд бакӕнай, афтӕ+. Де знӕгты та дын, дурӕхсӕнӕй дур куыд фехсай, афтӕ фехсдзӕн+. 30  Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, мӕ буц хицауы тыххӕй хорзӕй цыдӕриддӕр загъта, уый, ӕмӕ дӕ Израилӕн разамонӕгӕй сӕвӕрдзӕн+. 31  Мӕ буц хицау, дзӕгъӕлы туг ма ныккал+ ӕмӕ дӕ маст дӕхи къухӕй ма райс+, цӕмӕй стӕй дӕхи фӕсмонӕй ма хӕрай. Йегъовӕ мӕ буц хицауӕн хорздзинад ракӕндзӕн, ӕмӕ ды дӕ цагъар-сылгоймаджы ӕрхъуыды кӕндзынӕ»+. 32  Уӕд Давид Авигейӕйӕн загъта: «Табу Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн+, абон дӕу мӕ размӕ чи рарвыста! 33  Де ’рхъуыдыдзинад+ домбай уӕд. Арфӕгонд у, абон мӕ туг ныккалын+ ӕмӕ мӕ маст мӕхи къухӕй райсын кӕй нӕ бауагътай+, уый тыххӕй. 34  Фӕлӕ дын Израилы Хуыцау Йегъовӕйы раз, мӕн дӕуӕн зиан ракӕнын чи нӕ бауагъта+, уыцы удӕгас Хуыцауы раз сомы кӕнын: мӕ размӕ куы нӕ ратагъд кодтаис+, уӕд ардыгӕй боныцъӕхтӕм Навалы хӕдзары нӕлгоймаджы мыггагӕй иу дӕр нал баззадаид»+. 35  Уый фӕстӕ йын Давид йӕ къухӕй йӕ хуын райста ӕмӕ йын загъта: «Фарнимӕ цу+ дӕ хӕдзармӕ. Дӕ ныхасмӕ дын байхъуыстон. Цы мӕ куырдтай, уый дын сараздзынӕн»+. 36  Авигейӕ Навалмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд йӕ хӕдзары ахӕм куывд уыд, ӕмӕ раст паддзахы+ куывды хуызӕн. Навалы зӕрдӕ хъӕлдзӕг уыд, ныррасыг+. Ӕмӕ йын Авигейӕ райсоммӕ ӕппындӕр ницы загъта. 37  Райсомӕй куы ӕрӕрвонг, уӕд ын йӕ ус алцыдӕр радзырдта. Ӕмӕ Навалӕн йӕ зӕрдӕ+ ныллӕууыд ӕмӕ цавддурау аззад. 38  Иу-дӕс боны куы рацыд, уӕд ӕй Йегъовӕ ӕрцавта+, ӕмӕ Навал амард. 39  Навал кӕй амард, уый Давид куы фехъуыста, уӕд загъта: «Табу Йегъовӕйӕн, мӕ хъуыддагмӕ мын чи ӕркаст+ ӕмӕ Навалӕн ме ’фхӕрд+ чи нӕ ныххатыр кодта! Йегъовӕ йӕ цагъары фыддзинадӕй бахызта+ ӕмӕ Навалӕн йӕ фыддзинад йӕхирдӕм фӕкодта!»+ Стӕй Давид Авигейӕмӕ арвыста, смой мӕ кӕн+, зӕгъгӕ. 40  Гъемӕ Давиды лӕггадгӕнджытӕ Авигейӕмӕ Кармилмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын загътой: «Давид нӕ дӕумӕ рарвыста, смой, дам, мӕ кӕн». 41  Авигейӕ фестад, йӕ сӕрӕй зӕххы онг ныллӕг акуывта+ ӕмӕ загъта: «Дӕ цагъар дын ӕнӕзивӕгӕй лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ мӕ буц хицауы лӕггадгӕнджытӕн+ сӕ къӕхтӕ ӕхсдзӕн»+. 42  Гъемӕ Авигейӕ+ уайтагъд хӕрӕгыл абадт ӕмӕ, йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ дӕр фондзӕй йемӕ, афтӕмӕй ацыд+ Давиды ӕрвыст минӕвӕрттимӕ ӕмӕ Давиды ус сси. 43  Уымӕй размӕ ма Давид ракуырдта Ахиноамӕйы+, Изреелӕй+. Уыцы сылгоймӕгтӕ дыууӕйӕ дӕр йӕ устытӕ баисты+. 44  Саул та йӕ чызг Мелхолӕйы+, Давиды усы, радта галлимаг+ Лаисы фырт Фалтийӕн+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «фондз сатӕйы». Иу сатӕ у 7,33 л.
Нысан кӕны «ӕнӕзонд».