Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ сывӕллонӕн цавӕр къахвӕдтӕ уадзыс?

НЫЙЙАРДЖЫТӔН

8. Уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг ут

8. Уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг ут

УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ

Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг вӕййынц, цӕуыл сӕ фӕахуыр кӕнынц, сӕхӕдӕг уымӕ гӕсгӕ куы фӕцӕрынц, уӕд. Зӕгъӕм, исчи-иу уӕм куы ’рбадзура, ӕмӕ-иу дӕ сывӕллонӕн куы зӕгъай, зӕгъ ын, хӕдзары нӕ дӕн, зӕгъгӕ, уӕд дзы ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг зынтӕй рауайдзӕн.

«Ныййарджытӕй фехъусӕн вӕййы: „Ӕз куыд кӕнын, афтӕ ма кӕн, куыд дын дзурын, афтӕ кӕн“. Фӕлӕ афтӕмӕй сывӕллон ницӕуыл сахуыр уыдзӕн. Цы дзурӕм ӕмӕ цы аразӕм, уый сывӕллӕттӕ губкӕйау сцъирынц. Ӕмӕ дзургӕ иу куы кӕнӕм, кӕнгӕ та – иннӕ, уӕд нын ӕй уайтагъд зӕгъдзысты» (Дэвид).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Иннӕтӕн афтӕ куы дзурыс, ма дав, зӕгъгӕ, уӕд дӕхӕдӕг куыд давыс?» (Ромӕгтӕм 2:21).

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У

Гыццыл сывӕллӕттыл ӕмӕ, рӕзгӕ кары чи ис, уыцы сывӕллӕттыл дӕр сӕ ныййарджыты цӕвиттон куыд ӕндавы, афтӕ сыл суанг се ’мгӕртты цӕвиттон дӕр не ’ндавы. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сымахӕй хуыздӕр фадат никӕмӕн ис уӕ сывӕллӕтты раст фӕндагыл сӕвӕрынӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй та уӕхӕдӕг хъуамӕ цӕрат, цы сын дзурут, уымӕ гӕсгӕ.

«Гӕнӕн ис, дӕ сывӕллонӕн сӕдӕ хатты дӕр иу цыдӕр зӕгъай, фӕлӕ йӕхи афтӕ дара, цыма дӕ хъусгӕ дӕр нӕ кӕны. Фӕлӕ цы дзурыс, уый дӕхӕдӕг иу хатт куы нӕ саразай, уӕд дын ӕй уайтагъд зӕгъдзӕн. Сывӕллӕттӕ алцыдӕр фенынц, афтӕ нӕм куы фӕкӕсы, цыма нӕ уынгӕ дӕр нӕ кӕнынц, уӕд дӕр» (Николь).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... хъулон никӕй кӕны, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ» (Иаковы 3:17).

ЦЫ ИС САРАЗӔН

Алчидӕр уӕ ахъуыды кӕнӕд, цавӕр адӕймаг у, ууыл. Цавӕр кинотӕм ӕмӕ передачӕтӕм фӕкӕсыс? Дӕ цардӕмбал ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕн куыд дӕ? Де ’мбӕлттӕ цавӕр адӕймӕгтӕ сты? Иннӕтыл тыхсыс? Иудзырдӕй, фӕнды дӕ, цӕмӕй дӕ сывӕллон дӕхи хуызӕн уа?

«Мӕ сӕрыхицауимӕ нӕхӕдӕг цы нӕ аразӕм, уый нӕ сывӕллӕттӕй дӕр нӕ домӕм» (Кристин).

Хатыр курын зонут. Уӕ сывӕллӕттӕ ӕнӕуи дӕр зонынц, сымах дӕр кӕй рӕдийут. Ӕмӕ-иу уӕ цардӕмбалӕй ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕй хатыр куы ракурат, уӕд афтӕмӕй ӕвдисдзыстут, ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй стут, ӕмӕ сын фӕзминаг уыдзыстут.

«Нӕ сывӕллӕтты раз-иу хъуамӕ нӕ рӕдыдыл басӕттӕм ӕмӕ-иу хатыр ракурӕм. Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд сӕ рӕдыдтытыл сӕттын нӕ сахуыр уыдзысты» (Робин).

«Ныййарджытӕ ӕдзух сывӕллӕтты цӕстыты раз сты, ӕмӕ, цы дзурӕм, уый хъусынц, стӕй цы аразӕм, уый уынынц. Уымӕ гӕсгӕ нӕ сывӕллӕттыл махӕй тынгдӕр ничи ӕндавы. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ махӕй ахуыр кӕнынц, куыд цӕрын хъӕуы, ууыл» (Уэндел).