46 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йегъовӕ фидарӕй загъта: «Зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт!»
«Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ сты раст, цы дзурын, уый у ӕцӕг» (ИС. 45:19).
3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a
1. Исайы ныхӕстӕ израилӕгтӕн цӕуыл дзурӕг уыдысты?
ЙЕГЪОВӔ пехуымпар Исайӕн ныффыссын кодта: «Мӕ ныхӕстӕ сты раст, цы дзурын, уый у ӕцӕг» (Ис. 45:19). Исайы ныхӕстӕ израилӕгтӕн ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ, Йегъовӕ фидӕны тыххӕй цы загъта, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр йӕ алы зӕрдӕвӕрд дӕр сӕххӕст кодта.
2. Йегъовӕ фидӕны тыххӕй цы загъта, ууыл нӕ бон цӕмӕн у ӕууӕндын ӕмӕ цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?
2 Цымӕ махӕн дӕр нӕ бон у, Йегъовӕ фидӕны тыххӕй цы загъта, ууыл фидарӕй ӕууӕндын? Исайы заманӕй 800 азы бӕрц куы рацыд, уӕд апостол Павел бамбарын кодта, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у. Павел загъта: «Хуыцауӕн йӕ бон... нӕу фӕсайын» (Дзут. 6:18). Зӕгъӕм, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ суадонӕй ӕнӕуи дон дӕр кӕла ӕмӕ цӕхджын дон дӕр. Афтӕ рӕстдзинады Хуыцау Йегъовӕйӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ сайа. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у йӕ алы ныхасыл дӕр ӕууӕндын. Ӕмӕ, фидӕны тыххӕй цы загъта, уыдон дӕр иууылдӕр ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: Йегъовӕ нын цавӕр фидӕнӕй бавӕрдта зӕрдӕ? Ӕмӕ, йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл цӕмӕн ис ӕууӕндӕн?
ЙЕГЪОВӔ ЗӔРДӔ ЦӔМӔЙ БАВӔРДТА?
3. а) Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн Библийӕ цавӕр ныхӕстӕ сты сӕ зӕрдӕйӕн адджын? (Раргомад 21:3, 4). б) Уыцы ныхӕстӕ уацамынды адӕмӕн куы бакӕсӕм, уӕд иуӕй-иутӕ цы фӕзӕгъынц?
3 Ӕркӕсӕм Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕй иумӕ. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр йӕ сӕххӕстмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. (Бакӕс Раргомад 21:3, 4.) Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй нал уыдзӕн «нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст». Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд ацы ныфсы ныхӕстӕ адӕмӕн арӕх бакӕсӕм, цӕмӕй сын равдисӕм, дзӕнӕты цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц: «Уый бӕргӕ хорз у, фӕлӕ афтӕ никуы уыдзӕн».
4. а) Йегъовӕ цы зыдта? б) Йегъовӕ куыд равдыста, йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый?
4 Йегъовӕ апостол Иоаннӕн дзӕнӕты тыххӕй куы ныффыссын кодта, уӕд ӕй зыдта, абон мах Хуыцауы Паддзахады тыххӕй адӕмӕн куы хъусын кӕнӕм, уӕд сын уыцы ныфсы тыххӕй кӕй дзурдзыстӕм. Стӕй ма Йегъовӕ уый дӕр зыдта, ӕмӕ бирӕты нӕ уырндзӕн, фидӕны цард бынтон ӕндӕрхуызон кӕй уыдзӕн, уый (Ис. 42:9; 60:2; 2 Кор. 4:3, 4). Уӕдӕ нӕ бон куыд у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ бауырна, Раргомады 21:3, 4 стихты фыст ныхӕстӕ ӕцӕгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты? Ӕмӕ нӕхицӕн дӕр цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уый ноджы тынгдӕр уырна? Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн ӕрхаста фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ сты?
ЙЕГЪОВӔ ЙӔ ЗӔРДӔВӔРД КӔЙ СӔХХӔСТ КӔНДЗӔН, УУЫЛ «ЙӔ КЪУХ ӔРФЫСТА»
5. Кӕцы стихтӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ зӕххыл дзӕнӕт ӕнӕмӕнг кӕй скӕндзӕн, уый? Цавӕр ныхӕстӕ дзы ис?
5 Йегъовӕ зӕххыл дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, ууыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, уый тыххӕй бакӕсӕн ис Раргомады 21:5, 6 стихты. Уым фыст ис: «Паддзахбадӕныл чи бадт, уый загъта: „Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!“ Ӕмӕ мын афтӕ: „Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг“. Стӕй ма мын загъта: „Сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон“».
6. Раргомад 21:5, 6 стихтӕ фидар бӕлвырдгӕнӕн цӕмӕн сты, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн?
6 Ацы ныхӕстӕ фидар бӕлвырдгӕнӕн цӕмӕн сты, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн? Ацы стихты тыххӕй чиныджы «Апогей Откровения» фыст ис: «Уый афтӕ у, цыма Йегъовӕ документыл йӕ къух ӕрӕвӕрдта. Уыцы документ у бӕлвырдгӕнӕн, кӕй нӕ фӕсайдзӕн ӕмӕ, иузӕрдион адӕмӕн зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдонӕй сӕ кӕй схайджын кӕндзӕн» b. Уӕдӕ Раргомады 21:3, 4 стихты ис Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд. 5-ӕм ӕмӕ 6-ӕм стихты та, зӕгъӕн ис, уыцы зӕрдӕвӕрдыл «йӕ къух ӕрӕвӕрдта». Ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, цы загъта, уый ӕнӕмӕнг кӕй сараздзӕн. Цӕй ӕмӕ ацы ныхӕстӕм лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.
7. 5-ӕм стих куыд райдайы, уый цымыдисаг цӕмӕй у?
7 5-ӕм стих райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Паддзахбадӕныл чи бадт, уый загъта» (Рарг. 21:5а). Раргомады чиныджы ӕрмӕстдӕр ӕртӕ скъуыддзаджы ис фыст, Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй дзуры цӕстылуайӕнты. Ӕмӕ уыцы ӕртӕ скъуыддзагӕй ай у сӕ иу. 5-ӕм ӕмӕ 6-ӕм стихты чи ис, уыцы ныхӕстӕ нӕдӕр хъомысджын зӕд загъта, нӕдӕр Йесо. Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг дзуры, йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ йыл хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, уымӕн ӕмӕ «йӕ бон сайын... нӕу» (Тит. 1:2).
«ЦЫДӔРИДДӔР АРАЗЫН,– ӔППӔТ ДӔР У НОГ!»
8. Йегъовӕ ма ноджыдӕр куыд бамбарын кодта, йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый? (Исай 46:10).
8 Ныр та ӕркӕсӕм ацы ныхӕстӕм: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!» (Рарг. 21:5). Грекъаг тексты ма ацы ныхӕстӕн сӕ разӕй ис иу дзырд, ӕмӕ йӕ ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ: «кӕс-ма» кӕнӕ «байхъус-ма». Раргомады чиныджы арӕх ӕмбӕлы. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, ацы дзырд кӕсджыты ӕргом здахы, уый фӕстӕ цы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ. Ӕмӕ ацы ран адӕймаг хъуамӕ йе ’ргом раздаха Хуыцауы ныхӕстӕм, зӕгъгӕ, «цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног». Йегъовӕ ацы ран дзуры фидӕны ивындзинӕдты тыххӕй. Фӕлӕ афтӕ дзуры, цыма уыцы хъуыддӕгтӕ ныридӕгӕн райдыдта аразын, уымӕн ӕмӕ зоны, йӕ зӕрдӕвӕрд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. (Бакӕс Исайы 46:10.)
9. а) Ацы ныхӕстӕ, «цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног», зӕгъгӕ, цӕмӕ амонынц? б) Ныртӕккӕйы «арв» ӕмӕ «зӕхмӕ» цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?
9 Йегъовӕйы ныхӕстӕ, «цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног», зӕгъгӕ, цӕуыл дзурӕг сты? Ацы сӕры уый амоны, Йегъовӕ дыууӕ хъуыддаджы кӕй сараздзӕн. Фыццаг: фесафдзӕн зӕронд дуне. Дыккаг: скӕндзӕн ног дуне. Раргомады 21:1 стихы фыст ис: «Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх... нал сты». «Раздӕры арв» амоны, Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ дӕлимонты зондӕй чи архайы, уыцы зӕххон хицауӕдтӕм (Матф. 4:8, 9; 1 Иоан. 5:19). «Зӕхх» та Библийы кӕцыдӕр рӕтты фӕамоны зӕххыл цӕрӕг адӕммӕ (Дык. з. 32:1; 1 Аз. 16:31). Уымӕ гӕсгӕ, «раздӕры зӕхх» амоны, нӕ рӕстӕджы чи ис, уыцы ӕнӕхуыцау адӕммӕ. Йегъовӕ ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхмӕ ӕнӕуи базилынмӕ кӕнӕ сӕ ӕнӕуи бадзӕбӕхтӕ кӕнынмӕ нӕ хъавы, фӕлӕ бынтондӕр фесафынмӕ. Ӕмӕ сӕ баивдзӕн «ног арв ӕмӕ ног зӕххӕй», ома уыдзӕн ног хицауад, йӕ дӕлбар та цӕрдзысты рӕстгӕнӕг адӕм.
10. Йегъовӕ цы сног кӕндзӕн?
10 Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ алцыдӕр цӕмӕйдӕр баивдзӕн. Зӕгъӕм, нӕ зӕхх ӕндӕр зӕххӕй нӕ баивдзӕн, фӕлӕ йӕм базилдзӕн, ӕмӕ, цыма ног зӕхх у, афтӕ суыдзӕн. Пехуымпар Исай куыд загъта, афтӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр суыдзӕн Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн рӕсугъд. Стӕй адӕмы се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕмӕ суыдзысты ӕххӕст. Алы адӕймаг дӕр уыдзӕн, цыма ногӕй райгуырд, афтӕ. Къуылых чи у, цӕстӕй чи нӕ уыны ӕмӕ хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдоны сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕмӕ ма суанг мӕрдты дӕр фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн (Ис. 25:8; 35:1–7).
«АЦЫ НЫХӔСТӔ СТЫ РАСТ ӔМӔ ӔЦӔГ. ...СӔХХӔСТ СТЫ АЦЫ НЫХӔСТӔ!»
11. Йегъовӕ Иоаннӕн цы саразын кодта ӕмӕ цӕмӕн?
11 Хуыцау ма ноджыдӕр куыд бамбарын кодта, йӕ ныхӕстыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый? Иоаннӕн загъта: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг» (Рарг. 21:5). Иоаннӕн ӕнӕуи нӕ загъта, ацы ныхӕстӕ ныффысс, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын загъта, цӕмӕн сӕ хъуамӕ ныффысса, уый дӕр – ацы ныхӕстӕ, дам, сты «раст ӕмӕ ӕцӕг». Ома Хуыцауы ныхӕстыл ис ӕууӕндӕн. Хорз ӕмӕ Иоанн Йегъовӕмӕ байхъуыста ӕмӕ ацы ныхӕстӕ ныффыста. Уый фӕрцы базыдтам, Йегъовӕ зӕххыл дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, ӕмӕ нӕм цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл нӕ бон у хъуыды кӕнын.
12. Йегъовӕйӕн йӕ бон цӕмӕн уыд зӕгъын: «Сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ!»?
12 Уый фӕстӕ та Йегъовӕ загъта: «Сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ!» (Рарг. 21:6). Афтӕ дзуры, цыма, дзӕнӕты тыххӕй цы загъта, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст сты. Ӕмӕ йӕ бон бӕгуыдӕр у афтӕ зӕгъын, уымӕн ӕмӕ йӕ ницы бахъыгдардзӕн йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕ уый фӕстӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон дӕр сты фидар бӕлвырдгӕнӕн, йӕ зӕрдӕвӕрд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн.
«ӔЗ ДӔН АЛЬФӔ ӔМӔ ОМЕГӔ»
13. Йегъовӕ цӕмӕн загъта: «Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ»?
13 Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй Йегъовӕ ӕртӕ хатты йӕхӕдӕг дзуры, Иоаннӕн цы цӕстылуайӕнтӕ ӕрцыд лӕвӕрд, уыдоны (Рарг. 1:8; 21:5, 6; 22:13). Ӕмӕ ӕртӕ хатты дӕр дзуры ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ». «Альфӕ» у грекъаг алфавитӕн йӕ фыццаг дамгъӕ, «омегӕ» та – йӕ фӕстаг дамгъӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕхи «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» кӕй схуыдта, уымӕй бамбарын кодта, цыдӕр аразын куы райдайы, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕны.
14. а) Йегъовӕ «Альфӕ» кӕд загъта ӕмӕ «Омегӕ» кӕд зӕгъдзӕн, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс. б) Райдианы 2:1–3 стихты цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис?
14 Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд загъта, зӕххы ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Библийы фыст ис: «Ӕмӕ сын Хуыцау раарфӕ кодта ӕмӕ сын загъта: „Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут“» (Райд. 1:28). Уӕд, зӕгъӕн ис, Йегъовӕ загъта: «Альфӕ». Йӕ фӕнд цы у, уый бӕлвырд бамбарын кодта. Иу бон зӕхх байдзаг уыдзӕн Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй. Уыдон уыдзысты ӕххӕст ӕмӕ коммӕгӕс адӕм ӕмӕ зӕххӕй скӕндзысты дзӕнӕт. Ӕмӕ йӕ фӕнд куы сӕххӕст уа, уӕд уый уыдзӕн «Омегӕ». Йегъовӕ «арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон» куы сфӕлдыста, уӕд равдыста, йӕ фӕнд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис Райдианы 2:1–3 стихты. (Бакӕс сӕ.) Йегъовӕ ӕвдӕм бон рахицӕн кодта, схуыдта йӕ сыгъдӕг бон. Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ ӕвдӕм бон рахицӕн кодта, цӕмӕй сӕххӕст уа, адӕмы ӕмӕ йӕм зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Ӕмӕ ӕвдӕм бон афтӕ кӕй рахицӕн кодта, уый уыд фидар бӕлвырдгӕнӕн, уыцы боны кӕронмӕ йӕ фӕнд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн.
15. Хӕйрӕгмӕ афтӕ цӕмӕн кастаид, ӕмӕ Йегъовӕйы бахъыгдардта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын?
15 Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд систы тӕригъӕдджын, ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ систы (Ром. 5:12). Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хӕйрӕг бахъыгдардта Йегъовӕйы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын ӕмӕ зӕхх ӕххӕст, коммӕгӕс адӕмӕй нӕ байдзаг уыдзӕн? Хӕйрӕг цы сарӕзта, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн «Омегӕ» зӕгъын? Хӕйрӕг, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйы къуыммӕ батардта ӕмӕ ныр йӕ гӕнӕнтӕ къуындӕг сты. Зӕгъӕм, чи зоны, ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы фесафдзӕн, сӕ бӕсты та сфӕлдисдзӕн ӕндӕр ӕххӕст лӕг ӕмӕ усы, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый. Фӕлӕ, Йегъовӕ афтӕ куы бакодтаид, уӕд дзы Хӕйрӕг загътаид, фӕсайдта ӕмӕ йӕ ныхасӕн хицау нӕ разынд, зӕгъгӕ. Цӕмӕн? Райдианы 1:28 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, зӕхх уыдоны байзӕддӕгтӕй кӕй байдзаг уыдзӕн.
16. Хӕйрӕг афтӕ цӕмӕн хъуыды кодтаид, ӕмӕ йӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйӕн бафидис кӕнын, цы сфӕнд кодтай, уый дӕ бон саразын дӕр нӕу, зӕгъгӕ?
16 Кӕнӕ та, чи зоны, Хӕйрӕг афтӕ хъуыды кодта: «Йегъовӕ бауадздзӕн, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйӕн зӕнӕг рацӕуа, фӕлӕ сӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕнӕххӕст ӕмӕ ӕххӕст адӕймӕгтӕ никуы суыдзысты» (Еккл. 7:20; Ром. 3:23). Ӕмӕ уӕд та Йегъовӕйӕн бафидис кодтаид, цы сфӕнд кодтай, уый дӕ бон саразын дӕр нӕу, зӕгъгӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕр Хуыцауы фӕнд нӕ сӕххӕст уыдаид, ома зӕхх ӕххӕст адӕмӕй нӕ байдзаг уыдаид.
17. Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта ӕмӕ ӕппынфӕстаг хабар куыд рауайдзӕн? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
17 Фӕлӕ Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уымӕй Хӕйрӕг арвы цӕфау фӕуыдаид (Пс. 92:5). Уый бауагъта, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйӕн цот рацыдаид, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, кӕй нӕ фӕсайдта. Стӕй ма равдыста, цы фӕзӕгъы, уый саразын ӕй кӕй ницы бахъыгдардзӕн. Уый загъта, кӕй фӕзындзӕн «байзӕддаг» ӕмӕ уый кӕй фервӕзын кӕндзӕн, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй Хуыцауӕн коммӕгӕс чи уа, уыдоны (Райд. 3:15; 22:18). Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, уый Хӕйрӕгӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд! Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн уымӕн ӕрхаста, ӕмӕ адӕмы уарзы удуӕлдай уарзтӕй (Матф. 20:28; Иоан. 3:16). Хӕйрӕг та у хиуарзон ӕмӕ йӕм уарзондзинад иу мур дӕр нӕй. Уӕдӕ уыцы нывонды фӕрцы Хуыцауӕн цы бантысдзӕн? Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕронмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр цӕрдзысты Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ. Уыдон уыдзысты ӕххӕст, Хуыцауӕн коммӕгӕс адӕм, ӕмӕ зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт. Афтӕмӕй сӕххӕст уыдзӕн Йегъовӕйы фӕнд. Уӕд уый афтӕ уыдзӕн, цыма Йегъовӕ загъта, «Омегӕ», зӕгъгӕ.
ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ НӔ ТЫНГДӔР УЫРНА, ЙЕГЪОВӔ ДЗӔНӔТ КӔЙ СКӔНДЗӔН?
18. Хуыцау йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн цавӕр ӕртӕ бӕлвырдгӕнӕны ӕрхаста? (Кӕс рамкӕ дӕр « Йегъовӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕндзӕн: ӕртӕ бӕлвырдгӕнӕны».)
18 Ацы статьяйы цы бӕлвырдгӕнӕнтӕм ӕркастыстӕм, уыдоны фӕрцы нӕ бон у иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ бауырна, зӕхх дзӕнӕт кӕй суыдзӕн. Нӕ зӕрдыл сӕ ӕрлӕууын кӕнӕм. Фыццаг: Йегъовӕ уымӕй йӕхӕдӕг бавӕрдта зӕрдӕ. Раргомады чиныджы фыст ис: «Паддзахбадӕныл чи бадт, уый загъта: „Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!“» Уымӕ ис зонд ӕмӕ тых, цӕмӕй уыцы зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕна, ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕны. Дыккаг: Йегъовӕ зоны, йӕ зӕрдӕвӕрд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ афтӕ нымайы, цыма сӕххӕст. Ӕмӕ афтӕ дӕр уый тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг» ӕмӕ «сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ!». Ӕртыккаг: Йегъовӕ цыдӕр аразын куы райдайы, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕны. Ӕмӕ уый бӕрӕг у ацы ныхӕстӕй: «Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ». Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ равдисдзӕн, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны ӕмӕ йӕ бон кӕй нӕу Йегъовӕйы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын бахъыгдарын.
19. Хуыцау зӕххыл дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, уый искӕй куы нӕ уырна, уӕд дӕ бон куыд у бакӕнын?
19 Дӕ зӕрдыл дар: уацамынды адӕмӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ’рхӕссыс, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзысты, уымӕн, уӕд уый дӕхи дӕр тынгдӕр бауырны. Уӕдӕ иннӕ хатт искӕмӕн Раргомад 21:4 стих куы бакӕсай ӕмӕ дын куы зӕгъа, уый бӕргӕ хорз у, фӕлӕ афтӕ никуы уыдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕ бон куыд уыдзӕн бакӕнын? Бакӕс-иу ын 5-ӕм ӕмӕ 6-ӕм стихтӕ дӕр ӕмӕ-иу ын сӕ бамбарын кӕн. Зӕгъ-иу ын, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл йӕхӕдӕг йӕ къух кӕй ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ ныхас ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Ис. 65:16).
145 ЗАРӔГ Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн
a Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста, зӕххыл дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, уымӕн. Уыцы бӕлвырдгӕнӕнты тыххӕй иннӕтӕн дӕр куы фӕдзурӕм, уӕд уый нӕхи дӕр ноджы тынгдӕр бауырны.