Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарын, уый фӕрцы цӕрын ӕдасӕй

Мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарын, уый фӕрцы цӕрын ӕдасӕй

ИСЧИ мын куы фӕзӕгъы, дӕ лӕггады тыххӕй-ма мын исты радзур, зӕгъгӕ, уӕд арӕх фӕзӕгъын: «Ӕз дӕн чемодан Йегъовӕйы къухы!» Уымӕй цы зӕгъинаг вӕййын? Искуыдӕм балцы куы фӕцӕуын, уӕд райсын мӕ чемодан дӕр. Ӕмӕ, кӕдӕм цӕуын, уый чемодан нӕ аскъуыддзаг кӕны, фӕлӕ ӕз. Раст афтӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй, кӕдӕм ацӕуон ӕмӕ кӕд ацӕуон, уый скъуыддзаг кӕной Йегъовӕ ӕмӕ йӕ организаци. Ӕз-иу сразы дӕн зын уавӕрты лӕггад кӕныныл дӕр, мӕ цардӕн дӕр-иу тӕссаг уыд. Фӕлӕ ӕз бамбӕрстон, мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарон, ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй цӕрдзынӕн ӕдасӕй.

ЙЕГЪОВӔЙЫ КУЫД БАЗЫДТОН

Ӕз райгуырдтӕн 1948 азы Нигерийы, хуссар-ныгуылӕнырдыгӕй чи ис, иу ахӕм гыццыл хъӕуы. Уыцы рӕстӕг мӕ фыды кӕстӕр ӕфсымӕр Мустафа ӕмӕ стӕй та мӕ хистӕр ӕфсымӕр Вахаби донаргъуыд райстой ӕмӕ систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. 9 азы мыл куы цыд, уӕд нӕ фыд амард. Уый мын тынг зын уыд. Вахаби мын загъта, нӕ фыд кӕй райгас уыдзӕн ӕмӕ та йӕ ногӕй кӕй фендзыстӕм. Уыцы ныхӕстӕй мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр ӕмӕ мӕ бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын. 1963 азы донаргъуыд райстон. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ иннӕ ӕртӕ ӕфсымӕры дӕр донаргъуыд райстой.

1965 азы ацыдтӕн мӕ хистӕр ӕфсымӕр Уилсонмӕ Лагосмӕ. Уым тынг балымӕн дӕн ӕмбырд «Игбоби»-йы пионертимӕ. Сӕ циндзинад ӕмӕ сӕ зынгзӕрдӕдзинад мӕныл дӕр бахӕцыдысты. Ӕмӕ 1968 азы январы ӕз дӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон.

Ӕфсымӕр Альберт Олугбеби (лӕггад кодта Вефилы) иухатт скодта сӕрмагонд фембӕлд ӕрыгӕттимӕ. Ӕмӕ нын загъта, Нигерийы цӕгатырдыгӕй сӕрмагонд пионертӕ кӕй хъӕуы. Ныр дӕр ма мӕ хъустыл уайынц йӕ зӕрдиаг ныхӕстӕ: «Сымах ӕрыгон стут, ӕмӕ уӕ бон у уӕ рӕстӕг ӕмӕ уӕ хъарутӕ Йегъовӕйӕн дӕттын. Хуымты бирӕ куыст ис!» Мӕн фӕндыд, цӕмӕй уыдаин пехуымпар Исайы хуызӕн (Ис. 6:8). Гъемӕ байдзаг кодтон курдиат сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй.

1968 азы майы мӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй горӕт Каномӕ. Уый ис Нигерийӕн цӕгатырдыгӕй. Уыцы рӕстӕг дзы цыди Биафры хӕст (1967–1970). Фӕстӕдӕр ахӕццӕ скӕсӕнырдӕм дӕр. Уый уыд тугкалӕн хӕст. Иу ӕфсымӕр мын дзырдта, ма, дам, ацу, исты, дам, дыл ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ йын ӕз загътон: «Бузныг дын, кӕй мыл тыхсыс, уый тыххӕй. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын уым лӕггад кӕнон, уӕд ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, мемӕ кӕй уыдзӕн, ууыл».

ХӔСТЫ РӔСТӔГ МӔ ЗӔРДӔ ДАРЫН ЙЕГЪОВӔЙЫЛ

Кано уыд стыр горӕт. Фӕлӕ, цыхуызӕн баци, уый уынгӕйӕ-иу зӕрдӕ бамӕгуыр. Уацамынды-иу куы уыдыстӕм, уӕд-иу иуӕй-иу хатт уынгты федтам мӕрдтӕ. Канойы уыди цалдӕр ӕмбырды, фӕлӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ фылдӕр алыгъдысты ӕндӕр рӕттӕм. Баззади ма дзы 15 хъусынгӕнӕджы бӕрц, ӕмӕ уыдон дӕр уыдысты тарст ӕмӕ ныфссаст. Ӕмӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты цинӕн кӕрон нал уыд, куы сӕм ӕрцыдыстӕм, уӕд. Уыдыстӕм 6 сӕрмагонд пионеры. Мах сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтам, фидар сӕ кодтам, ӕмӕ та сӕ ныфс бацыд. Стӕй сын баххуыс кодтам, цӕмӕй та райдыдтаиккой ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма райдыдтой филиалмӕ уацамынды хыгъдтӕ ӕрвитын ӕмӕ литературӕ заказ кӕнын.

Мах райдыдтам ӕвзаг хаусӕ ахуыр кӕнын. Ӕмӕ-иу нӕм адӕмӕй бирӕтӕ байхъуыстой, се ’взагыл сын кӕй хъусын кодтам, уый тыххӕй. Фӕлӕ, уыцы ран сӕйрагыл нымад чи уыд, уыцы диныл хӕст адӕмы зӕрдӕмӕ нӕ цыд, кӕй хъусын кодтам, уый, ӕмӕ нӕ хъуыди нӕхи хъахъхъӕнын. Иухатт нӕ ме ’мбалимӕ иу лӕг кардимӕ расырдта. Нӕ амондӕн, мах уымӕй тагъддӕр згъордтам, ӕмӕ дзы алыгъдыстӕм. Кӕд нын тӕссаг бирӕ цӕмӕйдӕрты уыд, уӕддӕр нын Йегъовӕ ӕххуыс кодта «ӕдасӕй» цӕрынӕн, ӕмӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр фылдӕр кӕнын райдыдтой (Пс. 4:8). Абон Канойы ис 11 ӕмбырды ӕмӕ дзы лӕггад кӕны 500 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр.

НИГЕРЫ НӔ НЫХМӔ ЦӔУЫНЦ

Лӕггад кӕнын сӕрмагонд пионерӕй Ниамейы (Нигер)

Канойы фӕлӕггад кодтон ӕрмӕстдӕр цалдӕр мӕйы. 1968 азы августы мӕ арвыстой Ниамеймӕ, Республикӕ Нигеры сӕйраг горӕтмӕ. Нигер ис Ныгуылӕн Африкӕйы. Мемӕ ма арвыстой ноджыдӕр дыууӕ сӕрмагонд пионеры. Уым нӕхиуыл бавзӕрстам, уыцы бӕстӕ кӕй у зӕххыл ӕппӕты тӕвддӕр бынӕттӕй сӕ иу. Хъуамӕ сахуыр уыдаиккам ахӕм тӕвды хъусын кӕнын. Стӕй ма нӕ хъуыди уыцы бӕстӕйы сӕйраг ӕвзаг дӕр сахуыр кӕнын – французаг ӕвзаг. Ӕнцон нын нӕ уыд, фӕлӕ нӕ зӕрдӕ дардтам Йегъовӕйыл. Ӕмӕ Ниамейы хъусын кӕнын райдыдтам, чи дзы цард, уыцы хъусынгӕнджытимӕ иумӕ. Армыдзаг йеддӕмӕ нӕ уыдысты. Уыцы горӕты цӕрджытӕй кӕсын чи зыдта, уыдонӕн-иу ныууагътам, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы ахуыр кодтам, уыцы чиныг – «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгдзинад». Ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ, зӕгъӕн ис, се ’ппӕтмӕ дӕр уыцы чиныг уыд. Чидӕртӕ-иу нӕ сӕхӕдӕг дӕр агуырдтой, цӕмӕй сын уыцы чиныг радтаиккам.

Цасдӕры фӕстӕ йӕ бамбӕрстам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хицауады зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц. 1969 азы июлы ӕрӕмбырд стӕм фыццаг районон конгресмӕ. Уыдыстӕм иу-20 адӕймаджы. Хъуамӕ дзы 2 ног хъусынгӕнӕджы донаргъуыд райстаиккой. Фӕлӕ конгрессы фыццаг бон ӕрбацыдысты пъӕлицӕйӕгтӕ ӕмӕ нӕ нал бауагътой конгресс дарддӕр ауадзын. Сӕрмагонд пионерты ӕмӕ районон цӕстдарӕджы участокмӕ акодтой. Уым нӕ рафӕрс-бафӕрс кодтой ӕмӕ нын загътой, цӕмӕй та иннӕ бон ногӕй ӕрбацыдаиккам. Мах бамбӕрстам, хабар хорз кӕй нӕу. Ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам, донаргъуыды раныхас кӕмӕдӕр хӕдзары кӕй уыдзӕн. Уыцы дыууӕ хъусынгӕнӕгӕн та донаргъуыд радтам сусӕгӕй цӕугӕдоны.

Цалдӕр къуырийы фӕстӕ Мидхъуыддӕгты министрад уынаффӕ рахаста, мӕн ӕмӕ ма иннӕ 5 сӕрмагонд пионеры бӕстӕйӕ кӕй арвитдзысты. Сӕ бӕстӕйӕ ацӕуынӕн нын радтой 48 сахаты, ӕмӕ алцыдӕр хъуамӕ нӕхи хардзӕй бакодтаиккам. Мах дӕр афтӕ бакодтам. Уырдыгӕй ацыдыстӕм Нигерийы филиалмӕ, ӕмӕ нӕ уым снысан кодтой ӕндӕр рӕттӕм.

Снысан мӕ кодтой нигериаг хъӕу Орисунбаремӕ. Уыди дзы гыццыл къорд, ӕмӕ семӕ хъусын кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Библийы ахуыртӕ дӕр уагътам. Фӕлӕ мын 6 мӕйы фӕстӕ филиалӕй ӕфсымӕртӕ загътой, цӕмӕй фӕстӕмӕ Нигермӕ ацыдаин. Уый мӕм фыццаг тынг диссаг фӕкаст, стӕй куыддӕр ратыхстӕн. Фӕлӕ стӕй ахъуыды кодтон, зӕгъын, Нигермӕ куы аздӕхон, уӕд та ӕфсымӕрты фендзынӕн. Ӕмӕ ууыл цин кодтон.

Гъемӕ фӕстӕмӕ Ниамеймӕ ӕрыздӕхтӕн. Иннӕ бон иу нигериаг бизнесмен куы базыдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уый, уӕд мӕм райдыдта Библийы тыххӕй фарстатӕ дӕттын. Йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Уый дымдта тамако ӕмӕ нуазгӕ дӕр кодта. Ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ куы ныууагъта, уӕд донаргъуыд райста. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хъусын кодтам Нигеры алы рӕтты. Ӕз уыдтон, хъусынгӕнджыты нымӕц гыццылгай куыд фылдӕр кӕны, ӕмӕ мын уый циндзинад хаста. Уыцы бӕстӕмӕ фыццаг хатт куы ’рцыдтӕн, уӕд дзы уыди 31 Ӕвдисӕны, уырдыгӕй куы цыдтӕн, уӕд та – 69.

«ГВИНЕЙЫ ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ КУЫД ЦӔУЫ, УЫЙ НӔ ЗОНӔМ»

1977 азы декабры аздӕхтӕн Нигеримӕ. Уым 3 къуырийы ахуыр кодтон. Ахуыры кӕрон мын Филиалы комитеты координатор Малком Вайго бакӕсын кодта писмо Сьерра-Леонейы филиалӕй. Ӕфсымӕрты хъуыд ӕнӕниз, ӕнӕус ӕфсымӕр, англисагау ӕмӕ французагау чи дзырдта ӕмӕ пионерӕй чи лӕггад кодта, ахӕм, цӕмӕй йӕ бон уыдаид Гвинейы районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ мын ӕфсымӕр Вайго загъта, уыцы хъуыддаджы тыххӕй, дам, дӕ ахуыр кодтам. Загъта ма мын, уый, дам, ӕнцон хӕслӕвӕрд нӕ уыдзӕн, ӕмӕ, дам, цалынмӕ сразы уай, уӕдмӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕн. Ӕз ын уайтагъд дзуапп радтон: «Уырдӕм мӕ Йегъовӕ ӕрвиты, ӕмӕ ацӕудзынӕн».

Хӕдтӕхӕгыл атахтӕн Сьерра-Леонемӕ ӕмӕ уым филиалы ӕфсымӕртимӕ фембӕлдтӕн. Филиалы комитетӕй мын иу ӕфсымӕр загъта: «Гвинейы хъусын кӕныны хъуыддаг куыд цӕуы, уый нӕ зонӕм». Уыцы филиал дзуапп лӕвӕрдта Гвинейӕн дӕр. Фӕлӕ дзы хъусынгӕнджытӕ цы уавӕры сты, уый сӕ бон базонын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ дзы змӕстытӕ цыди. Цалдӕр хатты афӕлвӕрдтой ӕфсымӕртӕй искӕй уырдӕм арвитын, фӕлӕ сын нӕ бантыст. Гъемӕ мын ӕфсымӕртӕ загътой, цӕмӕй ацыдаин Гвинейы сӕйраг горӕт Конакримӕ ӕмӕ хицауадӕй сӕ бӕстӕйы цӕрыны бар ракуырдтаин.

«Уырдӕм мӕ Йегъовӕ ӕрвиты, ӕмӕ ацӕудзынӕн»

Конакримӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд ацыдтӕн Нигерийы посольствомӕ ӕмӕ минӕваримӕ фембӕлдтӕн. Загътон ын, кӕй мӕ фӕнды Гвинейы хорз хабар хъусын кӕнын. Уый мын загъта, зӕгъгӕ, дам, хуыздӕр уыдзӕн, куы нӕ баззайай, уӕд. Гӕнӕн ис, ӕмӕ, дам, дӕ ӕрцахсой кӕнӕ дын фыддӕр исты дӕр бакӕной. Загъта ма мын афтӕ: «Фӕстӕмӕ Нигеримӕ аздӕх ӕмӕ уым хъусын кӕн». Ӕз ын дзуапп радтон: «Нӕ, хъуамӕ ам баззайон». Ӕмӕ уӕд Гвинейы Мидхъуыддӕгты министрмӕ ныффыста писмо, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид. Ӕмӕ мӕм министр хорз цӕстӕй ракаст.

Уӕд фӕстӕмӕ Сьерра-Леонейы филиалмӕ аздӕхтӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн радзырдтон, министр цы уынаффӕ рахаста, уый тыххӕй. Гвинейы цӕрыны бар мын радтой! Йегъовӕ мын мӕ балцӕн куыд раарфӕ кодта, уый куы базыдтой, уӕд фырцинӕй зӕххыл нал лӕууыдысты.

Лӕггад кӕнын районон цӕстдарӕгӕй Сьерра-Леонейы

1978 азӕй 1989 азмӕ лӕггад кодтон районон цӕстдарӕгӕй Гвинейы ӕмӕ Сьерра-Леонейы, стӕй районон цӕстдарӕджы хӕдивӕгӕй Либерийы. Райдианты-иу арӕх рынчын кодтон. Хатт-иу фӕрынчын дӕн, дард рӕтты чи цард, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты-иу куы бӕрӕг кодтон, уӕд. Фӕлӕ-иу ӕфсымӕртӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзтой, цӕмӕй-иу мӕ рынчындонмӕ аластаиккой.

Иухатт тынг фӕрынчын дӕн тӕфсӕгӕй (малярия), стӕй мӕм кӕлмытӕ дӕр уыд. Куы сдзӕбӕх дӕн, уӕд базыдтон, ӕфсымӕртӕ мын аирвӕзын ӕнхъӕл кӕй нал уыдысты ӕмӕ кӕй ныхас кодтой, кӕм мӕ баныгӕндзысты, ууыл! Кӕд-иу мӕ цард ӕрдуйыл лӕууыд, уӕддӕр никуы ахъуыды кодтон уыцы лӕггад ныууадзыныл. Ӕмӕ йӕ ныр дӕр фидарӕй зонын, ӕцӕг ӕдас ӕрмӕстдӕр Хуыцауы фӕрцы кӕй уыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ бон у мӕрдты дӕр райгас кӕнын.

МӔ БИНОЙНАГИМӔ НӔ ЗӔРДӔ ДАРӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ

Нӕ чындзӕхсӕвы бон, 1988 аз

1988 азы базонгӕ дӕн Доркасимӕ. Уый лӕггад кодта пионерӕй. Доркас у тынг сӕрныллӕг хо ӕмӕ Йегъовӕйы тынг уарзы. Нӕ цард баиу кодтам, ӕмӕ уый фӕстӕ ӕмбырдтӕ иумӕ бӕрӕг кодтам. Доркас у ӕнувыд бинойнаг ӕмӕ удуӕлдай адӕймаг. Хатт-иу иу ӕмбырдӕй иннӕмӕ цыдыстӕм 25 километры ӕмӕ-иу нӕ дзаумӕттӕ дӕр нӕхӕдӕг хастам. Дарддӕр-иу нӕ куы хъуыд цӕуын, уӕд та-иу сбадтыстӕм, цы транспортыл-иу фӕхӕст стӕм, ууыл, ӕмӕ-иу цъыф, къуыппытӕ-дзыхъхъытӕ фӕндӕгтыл цыдыстӕм.

Стӕй Доркас тынг хъӕбатыр у. Иуӕй-иу хатт-иу нӕ хъуыди, крокодилтӕ кӕм уыд, ахӕм цӕугӕдӕттыл цӕуын. Иухатт нӕ хъуыд 5 боны цӕуын. Хъӕдын хидтӕ кӕй ныппырх сты, уый тыххӕй нӕ бахъуыд каноэтыл цӕуын. Доркас куы сыстад, цӕмӕй каноэйӕ рахызтаид, уӕд арф доны ныххауд. Нӕ иу дӕр нӕ ленк кӕнын нӕ зыдта, ӕмӕ ма уыцы цӕугӕдоны крокодилтӕ дӕр уыд. Нӕ амондӕн, цалдӕр ӕрыгон лӕппуйы донмӕ ныггӕппытӕ кодтой ӕмӕ йӕ аирвӕзын кодтой. Уый фӕстӕ цасдӕр рӕстӕг уыдтам фыдфынтӕ, фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр лӕггад кодтам.

Нӕ сывӕллӕттӕ Джагифт ӕмӕ Эрик нын сты Йегъовӕйы лӕвар

1992 азы райдианы базыдтам, Доркас йӕхи бар кӕй нӕу. Уый нын ӕнӕнхъӕлӕджы хабар уыд. Цымӕ ма дарддӕр нӕ бон ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын бауыдзӕн? Мах ахъуыды кодтам: «Йегъовӕ нын ахӕм лӕвар радта!» Ӕмӕ нӕ чызджы схуыдтам Джагифт (англисагау уый нысан кӕны «Йагъы лӕвар»). 4 азы фӕстӕ та райгуырд йе ’фсымӕр Эрик. Нӕ дыууӕ сывӕллоны дӕр нын ӕцӕгдӕр сты Йегъовӕйы лӕвар. Джагифт иу цасдӕр лӕггад кодта тӕлмацгӕнджыты офисы Конакрийы, Эрик та у кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр.

Доркасӕн йӕ бон нал уыд дарддӕр сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ лӕггад кодта пионерӕй, кӕд ӕй сывӕллӕттӕм дӕр хъуыди кӕсын, уӕддӕр. Йегъовӕйы фӕрцы ӕз дарддӕр лӕггад кодтон сӕрмагонд пионерӕй. Нӕ сывӕллӕттӕ куы сыстыр сты, уӕд Доркас дӕр ногӕй райдыдта сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнын. Ныр лӕггад кӕнӕм миссионертӕй Конакрийы.

ЙЕГЪОВӔ У НӔ ХЪАХЪХЪӔНӔГ

Йегъовӕ-иу мӕ кӕдӕм кодта, уырдӕм-иу алкӕддӕр ацыдтӕн. Мӕ бинойнагимӕ нӕхиуыл цал ӕмӕ цал хатты банкъардтам, куыд нӕ хъахъхъӕны ӕмӕ нын куыд арфӕ кӕны, уый. Нӕ зӕрдӕ хъӕздыгдзинадыл нӕ дардтам, фӕлӕ Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый фӕрцы нӕхи бирӕ мӕстытӕй бахызтам. Мах ӕй нӕхицӕй зонӕм, нӕ Хъахъхъӕнӕг кӕй у «нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау» Йегъовӕ (1 Аз. 16:35). Ӕз ӕй фидарӕй зонын, йӕ зӕрдӕ йыл чи дары, уыдонӕй алкӕй цард дӕр кӕй «хъахъхъӕндзӕн, зынаргъ хӕзна дзӕкъулы ӕлхынцъбаст куыд бакӕнай, афтӕ» (1 Сам. 25:29).