Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй йӕ хорзӕхӕй схайджын уай
Хуыцау адӕмӕн радта диссаджы лӕвар – сӕ бон ӕм у кувын ӕмӕ йын дзурын, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Пехуымпар Давид куывта: «Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау, дӕумӕ ӕрцӕудзысты адӕм иууылдӕр» (Псалом 65:2). Фӕлӕ нӕ бон куыд у Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй нӕ хъуса ӕмӕ нын арфӕ кӕна?
СӔРНЫЛЛӔГӔЙ ӔМӔ ЗӔРДӔБЫНӔЙ КУВ
Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд ын дӕ бон уыдзӕн дӕ зӕрдӕ ӕргом кӕнын, дӕ зӕрдӕйы рӕбын цы ис, уый йын дзурын (Псалом 62:8). Хуыцау аргъ кӕны, зӕрдӕбынӕй йӕм чи фӕкувы, уыдоны куывдтытӕн.
ХУЫЦАУМӔ ЙӔ НОМӔЙ КУВ
Кӕд Хуыцауӕн бирӕ титултӕ ис, зӕгъӕм, Ӕппӕтхъомысджын, Дунедарӕг ӕмӕ Сфӕлдисӕг, уӕддӕр ын ис ном. Уый йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном» (Исай 42:8). Сыгъдӕг Фыстады Хуыцауы ном, Йегъовӕ, ӕмбӕлы 7 000 хатты бӕрц. Пехуымпартӕй дӕр-иу бирӕтӕ Хуыцаумӕ куывтой йӕ номӕй. Зӕгъӕм, Авраам Хуыцаумӕ куывта: «Йегъовӕ, курӕг дӕ дӕн, ма мӕм смӕсты у, ноджыдӕр ма зӕгъон» (Райдиан 18:30). Мах дӕр Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд-иу ын хъуамӕ йӕ ном, Йегъовӕ, дзурӕм.
КУВ ДӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГЫЛ
Цыфӕнды ӕвзагыл ма дзурӕм, уӕддӕр нын Хуыцау нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ не ’нкъарӕнтӕ ӕмбары. Йӕ Ныхасы фыст ис: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).
Фӕлӕ нын цӕмӕй Хуыцау арфӕ кӕна, уый тыххӕй ӕрмӕст кувын фаг нӕу. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, ноджыдӕр ма нӕ цы хъӕуы аразын, уый.