Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хъӕбатыр у – Йегъовӕ демӕ ис!

Хъӕбатыр у – Йегъовӕ демӕ ис!

«„Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у“... дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ» (ЙЕС. Н. 1:9).

1, 2. а) Зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн нын цавӕр миниуджытӕ баххуыс кӕндзысты? ӕ) Уырнындзинад цы у, уый куыд бамбарын кӕнис?

ЙЕГЪОВӔЙӔН кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын хӕссы циндзинад. Фӕлӕ мах дӕр иннӕ адӕмау зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм ӕмӕ, гӕнӕн ис, «рӕстдзинады тыххӕй хъизӕмар кӕнӕм» (1 Пет. 3:14; 5:8, 9; 1 Кор. 10:13). Ӕмӕ цӕмӕй ахӕм зындзинӕдтӕ сфӕразӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад.

2 Цы у уырнындзинад? Апостол Павел ныффыста: «Уырнындзинад та уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты» (Дзут. 11:1). «Фидар ныфс»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕй арӕх пайда кодтой куыстимӕ баст документты ӕмӕ амыдта, адӕймаг фидӕны цавӕрдӕр исбоны хицау ӕнӕмӕнг кӕй суыдзӕн, уымӕ. Мах уырны, Хуыцау йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны, ӕмӕ уый афтӕ у, цыма нӕ къухы документ ис. Нӕ уырнындзинады фӕрцы йӕ фидарӕй зонӕм, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ома, цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыдон иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты, ӕмӕ нын йӕ Ныхас Библийы цы зӕгъы, уыдон раст кӕнӕ ӕцӕг кӕй сты, суанг нӕ бон цӕстӕй фенын цы нӕу, уыдӕттӕ дӕр.

3, 4. а) Хъӕбатырдзинад цы у? ӕ) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм уа фылдӕр уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад?

3 Хъӕбатырдзинад у, адӕймаг зын ӕмӕ тӕссаг уавӕрты дзурынмӕ ӕмӕ исты аразынмӕ йӕ ныфс куы хӕсса ӕмӕ куы нӕ тӕрса. Хъӕбатыр адӕймаг у фидар, ныфсхаст ӕмӕ йӕм ис лӕгдзинад (Мар. 6:49, 50; 2 Тим. 1:7).

4 Кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм уа уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад? Фӕлӕ нӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕм уыцы миниуджытӕ фаг нӕй. Библийы фыст ис, уыцы миниуджытӕй фӕзминаг чи уыд, ахӕм адӕмы тыххӕй, ӕмӕ сты тынг бирӕ. Ӕмӕ уыцы цӕвиттонтӕй цалдӕрмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм уа фылдӕр уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад.

ЙЕГЪОВӔ УЫД ЙЕСО НАВИНИМӔ

5. Цӕмӕй Йесо Навин ӕнтыстджын уыдаид, уый тыххӕй йӕ цы хъуыди?

5 Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, иу-3 500 азы размӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон. Йегъовӕ цалдӕр милуан израиладжы Египетӕй куы ракодта, уымӕй рацыд 40 азы. Сӕ разамонӕг у пехуымпар Моисей. Цӕуы йыл 120 азы. Моисей Зӕрдӕвӕрд зӕхх дардӕй федта ӕмӕ стӕй амард Невойы хохыл. Йӕ фӕстӕ разамонӕг сси Йесо Навин, уый «хайджын у зондӕй» (Дык. з. 34:1–9). Израилӕгтӕ хъуамӕ Ханааны зӕхх бацахсой. Ӕмӕ цӕмӕй сӕ разамонӕг Йесо Навин ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд. Хъуамӕ ма йӕм уа уырнындзинад дӕр, стӕй хъуамӕ уа хъӕбатыр ӕмӕ фидар (Дык. з. 31:22, 23).

6. а) Йесо Навины 23:6 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Хъуыддӕгты 4:18–20 ӕмӕ 5:29 ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?

6 Израилӕгты Ханааны зӕхх бацахсынӕн бахъуыди бирӕ азтӕ. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг Йесо Навин зондӕй куыд архайдта, стӕй куыд хъӕбатыр уыд ӕмӕ цы уырнындзинад равдыста, уый израилӕгты куыннӕ бафидар кодтаид. Израилӕгты ӕрмӕст хӕсты нӕ хъуыди хъӕбатырдзинад, фӕлӕ сын Йесо Навин цы бафӕдзӕхста, уый ӕххӕст кӕнынӕн дӕр. Уый адӕмы йӕ мӕлӕты размӕ бафӕдзӕхста ахӕм ныхӕстӕй: «Сымах хъуамӕ уат хъӕбатыр ӕмӕ фидар, цӕмӕй, Моисейы закъоны чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, ууыл фидар хӕцат ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнат. Макуы дзы аздӕхут нӕдӕр рахизырдӕм, нӕдӕр галиуырдӕм» (Йес. Н. 23:6). Мах дӕр хъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр хъусӕм, уӕлдайдӕр та нын адӕм, Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ цы у, ахӕм исты куы аразын кӕной, уӕд. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 4:18–20; 5:29.) Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм ӕмӕ йӕм куы кувӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм фидар фӕлӕууынӕн хъӕбатырдзинад уа.

ӔНТЫСТДЖЫН ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗЫСТӔМ

7. Йесо Навины цы аразын хъуыди, цӕмӕй хъӕбатыр ӕмӕ ӕнтыстджын уыдаид?

7 Цӕмӕй нӕм Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн хъӕбатырдзинад уа, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ Ныхас ахуыр кӕнӕм ӕмӕ дзы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ цард аразӕм. Йесо Навин Моисейы фӕстӕ адӕмы разамонӕг куы сси, уӕд ын Йегъовӕ бафӕдзӕхста: «Хъӕбатыр у ӕмӕ фидар лӕуу, цӕмӕй ӕппӕт дӕр аразай, мӕ лӕггадгӕнӕг Моисей дын цы закъон бафӕдзӕхста ӕххӕст кӕнын, уымӕ гӕсгӕ... Ацы закъоны чиныг алкӕддӕр уӕд де ’взагыл. Ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнай. Уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ» (Йес. Н. 1:7, 8). Йесо Навин дӕр уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайдта, ӕмӕ уый фӕрцы уыди «ӕнтыстджын». Мах дӕр афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уыдзыстӕм хъӕбатырдӕр ӕмӕ нын фылдӕр ӕнтысдзӕн.

2013 азы стих: «„Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у“... дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ» (Йесо Навин 1:9).

8. 2013 азы стих кӕцӕй ист у ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ дӕуӕн куыд баххуыс кӕндзысты?

8 Йегъовӕ Йесо Навинӕн уый фӕстӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон дзы стыр ныфс бауагътой. Йегъовӕ загъта: «„Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у“. Уӕдӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ» (Йес. Н. 1:9). Йегъовӕ абон немӕ дӕр ис. Уӕдӕ цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм – хъуамӕ «ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсӕм». Уӕлдайдӕр та хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм ацы ныхӕстӕ: «„Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у“... дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ». Йесо Навины 1:9 стихы ныхӕстӕ равзӕрстой 2013 азы стихӕн. Ацы азы дӕргъы нын уыцы ныхӕстӕ, стӕй, фидар уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад чи равдыста, уыдоны ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ дӕр стыр ныфсы хос уыдзысты.

УЫДОН ХЪӔБАТЫРӔЙ СЛӔУУЫДЫСТЫ ХУЫЦАУЫ ФАРС

9. Раав уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

9 Йесо Навин дыууӕ сгарӕджы Ханаанмӕ куы арвыста, уӕд сӕ уым хӕтаг сылгоймаг Раав бамбӕхста ӕмӕ знӕгты та арвыста ӕндӕр фӕндагыл. Уыцы сылгоймаг ахӕм уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад кӕй равдыста, уый фӕрцы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр удӕгасӕй баззадысты, израилӕгтӕ Иерихон куы бацахстой, уӕд (Дзут. 11:30, 31; Иак. 2:25). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй Раав йе ’нӕгъдау митӕ ныууагъта. Чырыстон чи сси, уыдонӕй дӕр кӕйдӕрты бахъуыди уырнындзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинад, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй Раавау сӕ цард фӕивтаиккой.

10. Руф куыд равдыста, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕй кӕй фӕндыд, ӕмӕ уый тыххӕй цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын?

10 Фӕстӕдӕр та цард иу моаваг сылгоймаг, Руф, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый дӕр равдыста хъӕбатырдзинад ӕмӕ сси ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг. Уый уыд идӕдз сылгоймаг ӕмӕ, йӕ лӕг израилаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы тыххӕй цыдӕртӕ куыннӕ зыдтаид. Йе ’фсин Ноемин, уый дӕр идӕдз сылгоймаг, царди Моавы ӕмӕ сфӕнд кодта израилаг горӕт Вифлееммӕ аздӕхын. Фӕндагыл Ноемин Руфы фӕстӕмӕ йӕ адӕммӕ ӕрвыста, фӕлӕ йын Руф загъта: «Ма мын дзур, цӕмӕй дӕ ныууадзон ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхон... Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм дӕр, ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау дӕр» (Руф 1:16). Ӕмӕ уыдон афтид ныхӕстӕ нӕ уыдысты. Фӕстӕдӕр Руф смой кодта Ноемины хӕстӕг Воозмӕ. Вооз ӕмӕ Руфӕн цы лӕппу райгуырд, уый хӕдзарвӕндагӕй рацыдысты Давид ӕмӕ Йесо Чырысти. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны, уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад чи ӕвдисы, уыдонӕн (Руф 2:12; 4:17–22; Матф. 1:1–6).

БИРӔТӔ СӔ ЦАРД ТӔССАГ УАВӔРЫ ӔППӔРСТОЙ

11. Иодай ӕмӕ Иосавеф хъӕбатырдзинад куыд равдыстой ӕмӕ уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста?

11 Хуыцауы фӕндон ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕмӕн вӕййы ӕмӕ йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ йе ’муырнджытыл чи фӕхъуыды кӕны, уыдонӕн Хуыцау алкӕддӕр баххуыс кӕны. Ӕмӕ уый уынгӕйӕ нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы ӕмӕ хъӕбатырдӕр свӕййӕм. Ӕркӕсӕм, хистӕр сауджын Иодай ӕмӕ йӕ ус Иосавеф цы сарӕзтой, уымӕ. Паддзах Охози куы амард, уӕд йӕ мад Гофоли паддзахы байзӕддӕгты ныццагъта ӕмӕ паддзахы бынат бацахста. Фӕлӕ Охозийы фырттӕй иу, Иоас, удӕгасӕй аирвӕзт – Иодай ӕмӕ йӕ Иосавеф фервӕзын кодтой ӕмӕ ма йӕ стӕй ӕхсӕз азы дӕр фембӕхстой, кӕд сӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр. Ӕвдӕм аз Иодай Иоасы паддзахӕй сӕвӕрдта, Гофолийы та амарын кодта (2 Пад. 11:1–16). Фӕстӕдӕр Иодай ӕххуыс кодта паддзах Иоасӕн, кувӕндон куы цалцӕг кодта, уыцы рӕстӕг. Иодай фӕцард 130 азы ӕмӕ, куы амард, уӕд ӕй бавӕрдтой паддзӕхты фарсмӕ, уымӕн ӕмӕ «Израилӕн бирӕ хӕрзты бацыд, ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ хӕдзары тыххӕй бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта» (2 Аз. 24:15, 16). Стӕй, Иодай ӕмӕ Иосавеф афтӕ хъӕбатырӕй кӕй архайдтой, уый фӕрцы бахъахъхъӕдтой Давиды хӕдзарвӕндаг, Мессийӕ кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уыцы хӕдзарвӕндаг.

12. Авдемелех хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

12 Авдемелех, паддзах Седекийы хӕдзары лӕггадгӕнӕг, Йеремийы тыххӕй йӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ ӕппӕрста. Седеки Йеремийы радта Иудӕйы кънйӕзты къухтӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, дам, адӕмы змӕнты. Ӕмӕ йӕ уыцы кънйӕзтӕ, цъыф кӕм уыд, ахӕм дзыхъхъы ныппӕрстой, цӕмӕй амардаид (Йер. 38:4–6). Авдемелех Седекийӕ бар ракуырдта, цӕмӕй пехуымпар Йеремийӕн баххуыс кодтаид, кӕд уый тынг тӕссаг уыд, уӕддӕр. Тӕссаг та уымӕн уыд, ӕмӕ Йеремийӕ бирӕтӕ се сӕфт уыдтой. Седеки сразы ис ӕмӕ Авдемелехимӕ арвыста 30 адӕймаджы, цӕмӕй Йеремийы фервӕзын кодтаиккой. Йеремийы уылты Хуыцау Авдемелехӕн зӕрдӕ бавӕрдта, вавилойнӕгтӕ Иерусалиммӕ куы бабырсой, уӕд удӕгасӕй кӕй баззайдзӕн (Йер. 39:15–18). Ӕцӕгдӕр, Хуыцау арфӕ кӕны, йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнгӕйӕ хъӕбатырдзинад чи равдисы, уыдонӕн.

13. Ӕртӕ дзуттаджы хъӕбатырдзинад куыд равдыстой ӕмӕ уыцы хабарӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?

13 Нӕ эрӕйы размӕ 7 ӕнусы, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, ӕртӕ ахӕм дзуттаг лӕппуйы сӕхиуыл бавзӕрстой, Хуыцау куыд арфӕ кӕны, уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад чи равдисы, уыдонӕн. Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕрӕмбырд кодта, йӕ паддзахады стыр бынӕттӕ чи ахста, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй сызгъӕрин гуымирыйӕн бакуывтаиккой. Афтӕ чи нӕ бакодтаид, уый та хъуамӕ судзгӕ пецы баппӕрстаиккой. Уӕд ӕртӕ дзуттаджы Навуходоносорӕн уӕзданӕй загътой: «Мах кӕмӕн лӕггад кӕнӕм, уыцы Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕна. Уый нӕ судзгӕ пецӕй дӕр ӕмӕ дӕ къухӕй дӕр, о паддзах, фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ кӕд нӕ, уӕддӕр ӕй зон, о паддзах, мах дӕ хуыцӕуттӕн нӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ цы сызгъӕрин гуымиры сӕвӕрдтай, уымӕн нӕ бакувдзыстӕм» (Дан. 3:16–18). Данелы 3:19–30 стихты фыст ис, Хуыцау уыцы ӕртӕ дзуттаджы диссаджы хуызы куыд фервӕзын кодта, уый тыххӕй. Абон мах, чи зоны, судзгӕ пецы нӕ баппардзысты, фӕлӕ фӕлвӕрд цӕуы нӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад куы ӕвдисӕм, уӕд нын Хуыцау кӕй арфӕ кӕндзӕн.

14. Данелы 6 сӕры цы фыст ис, Данел хъӕбатырӕй куыд архайдта, уый тыххӕй ӕмӕ уыцы хабар цӕуыл ахицӕн?

14 Данелмӕ знаджы цӕстӕй чи каст, уыдон паддзах Дарийӕн раттын кодтой, Данелӕн зиан чи ӕрхастаид, ахӕм бардзырд. Уыдон паддзахӕн загътой: «Ӕртын боны дӕргъы исчи дӕуӕй фӕстӕмӕ, о паддзах, искӕцы хуыцауӕй кӕнӕ адӕймагӕй исты куы ракура, уӕд ӕй хъуамӕ домбӕйтты дзыхъхъы ныппарой». Фӕлӕ Данел ацы уавӕры равдыста уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Данел куыддӕр базыдта, паддзах уыцы бардзырдыл йӕ къух кӕй ӕрӕвӕрдта, афтӕ «ацыд йӕ хӕдзармӕ. Йӕ уаты Иерусалимы ’рдӕм цы рудзгуытӕ кастысты, уыдон уыдысты гом. Ӕмӕ раздӕр куыд кодта, афтӕ-иу бон ӕртӕ хатты йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ йӕ Хуыцаумӕ куывта ӕмӕ йӕ кадджын кодта» (Дан. 6:6–10). Уый тыххӕй хъӕбатыр Данелы ныппӕрстой домбӕйтты дзыхъхъы, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ фервӕзын кодта (Дан. 6:16–23).

15. а) Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ сӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ хъӕбатырдзинадӕй фӕзминаг куыд сты? ӕ) Иоанны 13:34 ныхӕстӕ куыд ӕмбарын хъӕуы ӕмӕ бирӕ чырыстӕттӕ ахӕм уарзондзинад куыд равдыстой?

15 Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы тыххӕй Библийы фыст ис, Павелы тыххӕй сӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ кӕй ӕппӕрстой. Цы уавӕрты, уый тыххӕй Библи ницы зӕгъы (Хъуыд. 18:2; Ром. 16:3, 4). Уыдон хъӕбатырӕй архайдтой Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы» (Иоан. 13:34). Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ адӕймаг хъуамӕ иннӕты уарзтаид, йӕхи куыд уарзы, афтӕ (Лев. 19:18). Ӕмӕ уӕд Йесойы фӕдзӕхст «ног» цӕмӕй уыд? Уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, кӕд иннӕты уарзӕм, уӕд хъуамӕ уыдоны тыххӕй нӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уӕм, Йесо куыд бакодта, афтӕ. Бирӕ чырыстӕттӕ уарзондзинад равдыстой, се ’фсымӕрты фыдмитӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй бахизыны тыххӕй сӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ кӕй ӕппӕрстой, уымӕй. (Бакӕс 1 Иоанны 3:16.)

Фыццаг чырыстӕттӕ нӕ басастысты

16, 17. Фыццаг чырыстӕттӕй кӕйдӕрты уырнындзинад фӕлвӕрд куыд ӕрцыд? Нӕ рӕстӕджы дӕр чырыстӕттӕ цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты?

16 Фыццаг чырыстӕттӕ дӕр Йесойау хъӕбатырӕй лӕггад кодтой ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн (Матф. 4:8–10). Уыдон-иу нӕ бакуымдтой Ромы паддзахы номыл буд ссудзын. (Кӕс нывмӕ.) Дэниел Манникс йӕ чиныджы ныффыста, аренӕйы-иу кӕй лӕууыд, арт кӕм сыгъд, ахӕм нывондхӕссӕн. Ӕмӕ ахст адӕймаджы бирӕ ницы хъуыди аразын: ӕрмӕст артыл иу гыццыл буд бапырх кӕн, ӕмӕ дын ратдзысты, нывонд кӕй ӕрхастай, уый фӕдыл документ, ӕмӕ сӕрибар дӕ. Ахст адӕймагӕн-иу бамбарын кодтой, зӕгъгӕ, дам, афтӕмӕй паддзахӕн кувгӕ нӕ кӕныс, фӕлӕ ӕвдисыс, Ромы паддзах хуыцау кӕй у, уыимӕ разы кӕй дӕ. Ӕмӕ кӕд афтӕмӕй чырыстӕттӕн сӕ бон уыд аирвӕзын, уӕддӕр стӕмты йеддӕмӕ ничи сразы (Those About to Die).

17 Нӕ рӕстӕджы та нацисттӕ чырыстӕтты ӕрвыстой концлагертӕм. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу сын ахӕм фадат радтой, цӕмӕй ссӕрибар уыдаиккой ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕтӕй аирвӕзтаиккой. Уый тыххӕй сӕ ӕрмӕстдӕр хъуыди иу гӕххӕттыл сӕ къух ӕрӕвӕрын – фыст дзы уыд, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нал дӕн. Фӕлӕ афтӕ ӕрмӕст иуӕй-иутӕ бакодтой. Руандӕйы дыууӕ адӕмыхатты, тутси ӕмӕ хуту, кӕрӕдзи куы цагътой, уӕд, уыцы адӕмыхӕттытӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи уыд, уыдон кӕрӕдзи ӕмбӕхстой, кӕд сӕ уый тыххӕй маргӕ дӕр акодтаиккой, уӕддӕр. Ахӕм уавӕрты адӕймаджы ӕнӕмӕнг хъӕуы уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад.

РОХ ДӔ МА УӔД: ЙЕГЪОВӔ НЕМӔ ИС!

18, 19. Библийӕ нын кӕй цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕм хъусын кӕнынӕн уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад уа?

18 Абон нын диссаджы фадат ис: мах архайӕм, Хуыцау йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕн цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уыдонӕй ӕппӕты стырдӕр хъуыддаджы – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 24:14; 28:19, 20). Куыд бузныг стӕм, Йесо нын цы диссаджы цӕвиттон ныууагъта, уый тыххӕй! Уый «горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл зылди ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта» (Лук. 8:1). Уый куыд хъуыди уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад, афтӕ мах дӕр хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕм. Хуыцауы фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ Нойау хъӕбатыр уӕм. Уый уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» ӕмӕ «ӕнӕхуыцау адӕмӕн» ныфсджынӕй дзырдта, доны хъаймӕты кӕй фесӕфдзысты (2 Пет. 2:4, 5).

19 Хъусын кӕныны хъуыддаджы нын стыр ӕххуыс вӕййы, Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм, уый. Фыццаг ӕнусы Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты фӕдыл куы зылдысты, уӕд уыдон куывтой, цӕмӕй сӕ бон уыдаид Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзурын, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ куывд фехъуыста. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 4:29–31.) Кӕд, мыййаг, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын нӕ фӕуӕндыс, уӕд Йегъовӕмӕ кув. Дӕ куывд дын ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн ӕмӕ дын ратдзӕн фылдӕр уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад *. (Бакӕс Псалом 66:19, 20.)

20. Чи нын ӕххуыс кӕны Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн?

20 Ацы фыддунейы Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ мах иунӕг не стӕм. Хуыцау немӕ ис. Стӕй немӕ ис йӕ Фырт дӕр, ӕмбырды Сӕргълӕууӕг. Уымӕй уӕлдай ма немӕ иумӕ ӕгас зӕххыл Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны 7 000 000 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр. Цӕй ӕмӕ не ’ппӕт дӕр ӕвдисӕм уырнындзинад ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнӕм, 2013 азы стих нӕ зӕрдыл дарӕм, афтӕмӕй: «„Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у“... дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ» (Йес. Н. 1:9).

^ 19 абз. Хъӕбатырдзинад чи ӕвдыста, ахӕм адӕмы тыххӕй ма базондзынӕ, 2012 азы 15 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы статья уыд, уымӕй, «Хъӕбатыр у ӕмӕ фидар лӕуу», зӕгъгӕ.