Уыцы сылгоймаг уыд Кайафӕйы хӕдзарвӕндагӕй
Иуӕй-иу хатт археологтӕ ссарынц, Библийы кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы адӕммӕ комкоммӕ чи фӕамоны кӕнӕ семӕ ӕндӕр исты хуызы баст чи вӕййы, ахӕм дзауматӕ. Зӕгъӕм, 2011 азы израилаг ахуыргӕндтӕ ныффыстой иу ахӕм дзаумайы тыххӕй. Уый у, 2 000 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм чырын – чъырдурӕй конд нывӕфтыд асыкк. Мардӕн-иу йӕ буар куы бамбыд, уӕд-иу ын йе стджытӕ нывӕрдтой ахӕм чырыны.
Кӕй кой кӕнӕм, уыцы чырыныл фыст ис: «Беф-Имрийӕ Маазийы сауджын Кайафӕйы фырт Йешуайы чызг Мариам». Чырыстийӕн чи стӕрхон кодта ӕмӕ йӕ чи амарын кодта, уыдонӕй иу уыд хистӕр сауджын Кайафӕ (Иоан. 11:48–50). Историк Иосиф Флавий йӕ хоны «Иосиф, Кайафӕ дӕр кӕй хуыдтой, уый». Уыцы чырын, ӕвӕццӕгӕн, уыд йӕ хӕстӕджытӕй кӕйдӕр. Уымӕй размӕ цы чырын ссардтой, уый, куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй уыд хистӕр сауджынӕн йӕхи чырын, ӕмӕ йыл фыст ис, «Йехосеф бар Кайафа», зӕгъгӕ, ома Кайафӕйы фырт Иосиф *. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Мариам Кайафӕйы хӕстӕг кӕй уыд.
Йӕ куыст рагон дзауматӕ хъахъхъӕнынимӕ ӕмӕ агурынимӕ баст кӕмӕн у, уыцы израилаг организаци (IAA) куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Мариамы чырын байстой, рагон зӕппадз чи фӕдавта, уыцы къӕрныхтӕй. Чырын ӕмӕ йыл цы фыст ис, уый фӕдыл ахуыргӕндтӕ стыр иртасӕн куыст бакодтой, ӕмӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, ӕцӕгдӕр уӕдыккон дзаума кӕй у.
Уыцы чырыны фӕрцы ма ахуыргӕндтӕ базыдтой ног цыдӕр. Чырыныл цы фыст ис, уым ис «Маазийы» кой. Маазийы номӕй хуыдтой, Иерусалимы кувӕндоны сауджынтӕй радгай цы 24 къорды лӕггад кодтой, уыдонӕй фӕстаг (1 Аз. 24:18). Уӕлдӕр цы организацийы кой кодтам, уый куыд зӕгъы, афтӕмӕй, чырыныл цы фыст ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ «Кайафӕйы бинонтӕ уыдысты Маазийы къордӕй».
Фыстыты ма ис Беф-Имрийы кой дӕр ӕмӕ йӕ бамбарӕн ис дыууӕ хуызы. «Фыццаг: Беф-Имри, чи зоны, уыд, сӕ байзӕддӕгтӕ Маазийы къордмӕ кӕмӕн хаудысты, уыцы сауджынты – Иммеры фыртты – хӕдзарвӕндаджы ном (Ездрӕ 2:36, 37; Нееми 7:39–42)»,– фыст ис, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы организацийы хъусинаджы. «Дыккаг: афтӕ [Беф-Имри], чи зоны, хуынд, мард йӕхӕдӕг кӕнӕ йӕ бинонтӕ иууылдӕр кӕцӕй уыдысты, уыцы бынат». Куыдфӕнды ма уа, Мариамы чырын хорз бӕлвырдгӕнӕн у уымӕн, ӕмӕ Библи цы адӕмы ӕмӕ цы хӕдзарвӕндӕгты кой кӕны, уыдон ӕрымысгӕ нӕ уыдысты.
^ 3 абз. Кайафӕйы чырыны тыххӕй кӕс 2006 азы 15 январы «Сторожевая башня», статья «Первосвященник, предавший Христа на смерть», 10–13 фӕрстӕ.