Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм
ЙЕГЪОВӔЙЫ Ӕвдисӕнтӕ кӕм фембырд кӕнынц, уый рӕзты куы фӕцӕйцыдтӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодтай, цы дзы фӕкусынц, зӕгъгӕ? Кӕм фембырд кӕнынц, уыцы бынат хуыйны Паддзахады зал. Се ’мбырдтӕм алкӕй бон дӕр кӕй у бацӕуын, уый зоныс? Уазӕджы ӕрбацыд сын тынг ӕхсызгон вӕййы.
Фӕлӕ дӕм, ӕвӕццӕгӕн, фарстатӕ дӕр фӕзыны: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иумӕ цӕмӕн ӕрӕмбырд вӕййынц? Цы фӕкусынц ӕмбырды? Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдон уыцы ӕмбырдты тыххӕй цы зӕгъынц?
«Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы»
Адӕм раджы замантӕй фӕстӕмӕ иумӕ ӕмбырд кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауӕн кувой ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базоной. 3 500 азы размӕ израилӕгтӕн уыд загъд: «Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы се ’ппӕты дӕр: нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты, сывӕллӕтты ӕмӕ уӕ горӕтты чи цӕры, уыцы ӕрцӕуӕггӕгты,– цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ тӕрсой уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ ӕмӕ ацы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, уый ӕххӕст кӕной» (Дыккаг закъон 31:12). Уӕдӕ израилӕгтӕ, гыццылӕй-стырӕй, ахуыр кодтой Йегъовӕ Хуыцауӕн раст лӕггад кӕныныл ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсыныл.
Иу-1 500 азы фӕстӕ чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд дӕр ӕмбырдтӕ афтӕ ахсджиаг уыдысты, цӕмӕй адӕм Хуыцауӕн раст лӕггад кодтаиккой. Апостол Павел ныффыста: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм» (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Бинонтӕ ӕнгомдӕр вӕййынц, сӕ рӕстӕг иумӕ куы фервитынц, уӕд. Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр кӕрӕдзийы тынгдӕр фӕуарзынц, иумӕ кӕй фембырд кӕнынц, уый фӕрцы.
Раджы заманты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ куыд кодтой, афтӕ абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр ӕрӕмбырд вӕййынц сӕ Паддзахады залты. Фембӕлдтӕ сын вӕййы къуыри дыууӕ хатты. Уыцы фембӕлдты руаджы хуыздӕр бамбарынц Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрыныл архайынц. Гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, ӕгас дунейы дӕр иу программӕмӕ гӕсгӕ аразынц ӕмбырдтӕ. Уыцы ӕмбырдтӕй алкӕцыйӕн дӕр ис йӕхи нысан. Ӕмбырдмӕ чи ӕрбацӕуы, уыдон фембӕлдты размӕ ӕмӕ сӕ фӕстӕ фӕныхас кӕнынц ӕмӕ «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар» кӕнынц (Ромӕгтӕм 1:12). Куыд фӕцӕуы алы ӕмбырд дӕр?
Библийыл арӕзт раныхас
Арӕхдӕр адӕм фыццаг хатт ӕрбацӕуынц, Библийыл арӕзт раныхас цы фембӕлды вӕййы, уымӕ. Уыцы фембӕлд вӕййы улӕфты бонтӕй искӕцыйы. Йесо Чырысти дӕр арӕх ныхас кодта бирӕ адӕмы ’хсӕн, зӕгъӕм, хохыл кӕй дзырдта, уыцы зындгонд ныхӕстӕ куы кодта, уӕд (Матфейы 5:1; 7:28, 29). Апостол Павел дӕр ныхас кодта Афинты цӕрджытимӕ (Хъуыддӕгтӕ 17:22–34). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды дӕр раныхас афтӕ арӕзт вӕййы, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр ӕнцонӕмбарӕн уа, фыццаг хатт чи ӕрбацыд, уыдонӕн дӕр.
Фембӕлд райдайы зарӕгӕй. Зарджытӕ сты чиныджы «Зарут Йегъовӕйы кадӕн» *. Йӕ бон кӕмӕн вӕййы, уыдон сыстынц ӕмӕ иумӕ азарынц. Уый фӕстӕ Хуыцаумӕ скувынц ӕмӕ арӕхстджын ӕфсымӕр радзуры, 30 минуты чи вӕййы, ахӕм раныхас. (Кӕс рамкӕ «Ахсджиаг раныхӕстӕ».) Уыцы раныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр арӕзт вӕййы Библийыл. Ӕфсымӕр арӕх фӕзӕгъы, цӕмӕй хъусджытӕ сӕ Библиты ссарой, цы стихыл ныхас кӕны, уый. Уымӕ гӕсгӕ дӕ бон у демӕ дӕ Библи ӕрбахӕссын кӕнӕ йӕ фембӕлды размӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕй ракурын.
Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕры раныхасы фӕстӕ иу сахаты бӕрц фӕахуыр кӕнынц журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ равзарынц Библийыл арӕзт статья. Ацы фембӕлд хъусджыты разӕнгард кӕны, цӕмӕй бафӕзмой фыццаг ӕнусы Верийы цӕрджыты: «Уыдон Хуыцауы ныхасмӕ тынг зӕрдиагӕй хъуыстой ӕмӕ... Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой» (Хъуыддӕгтӕ 17:11).
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр райдайы зарӕгӕй. Стӕй ӕфсымӕр хъусджытимӕ статьяйыл аныхас кӕны, цы фарстаты дзы ис, уыдоны руаджы. Журнал дӕ бон у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕй ракурын. Зӕгъӕм, ӕрӕджы ныхас кодтам ахӕм темӕтыл: «Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты уарзгӕйӕ хъомыл кӕнут», «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут», «Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд кӕрон цӕмӕн ӕрцӕудзӕн?». Статьятӕ фарстатӕм гӕсгӕ февзарынц, фӕлӕ дзуапп фӕдӕтты, кӕй фӕфӕнды, уый. Арӕхдӕр дзуапп фӕдӕттынц, статья ӕмӕ дзы Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдон рагацау чи бакаст ӕмӕ сыл чи ахъуыды кодта, уыдон. Фембӕлд фӕвӕййы зарӕгӕй ӕмӕ куывдӕй (Матфейы 26:30; Ефесӕгтӕм 5:19).
«Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ»
Алы къуыри дӕр иу изӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Паддзахады залы вӕййы фембӕлд, фӕцӕуы 1 сахат ӕмӕ 45 минуты, арӕзт вӕййы ӕртӕ хайӕ. Фыццаг хай – Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ фӕцӕуы 25 минуты. Уый фӕрцы хъусджытӕ хуыздӕр 2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Ацы фембӕлды дӕр фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ Библийӕ цавӕрдӕр темӕ равзарынц. Дзуапп фӕдӕтты, кӕй фӕфӕнды, уый. Библи фӕахуыр кӕнынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй рауагътой, уыцы чингуытӕ кӕнӕ брошюрӕтӕй искӕцыйы ӕххуысӕй.
базонынц Библи, ӕххуыс сын кӕны, цӕмӕй сӕ зондахаст ивой ӕмӕ Чырыстийы фӕзмой (Фембӕлды Библийыл арӕзт литературӕ цӕмӕн фӕахуыр кӕнынц? Раджы заманты дӕр фаг нӕ уыд ӕрмӕст Хуыцауы Ныхас кӕсын. Цы кастысты, уымӕн-иу йӕ хъуыды ӕмбарын кодтой (Нееми 8:8). Фӕстаг азты ахуыр кодтам Исайы, Данелы ӕмӕ Раргомады чингуытӕ. Уый фӕрцы Библи хуыздӕр бамбӕрстой, ӕмбырдмӕ чи цыд, уыдон.
«Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола»
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ куы фӕвӕййы, уӕд та райдайы Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола, фӕцӕуы 30 минуты ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй арӕхстджын ахуыргӕнджытӕ уой (2 Тимофеймӕ 4:2). Дӕ сывӕллон кӕнӕ дӕ де ’мбал Хуыцауы, йе та Библийы тыххӕй никуы бафӕрста, ӕмӕ дын зын нӕ уыд дзуапп раттын? Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр уыдзынӕ Библийӕ цыфӕнды зын фарстатӕн дӕр дзуапп дӕттын. Уӕд махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн пехуымпар Исайау зӕгъын: «Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ мын радта йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕвзаг, цӕмӕй зонон, ныхасӕй ӕфхӕрд адӕймаджы куыд бафидар кӕнын хъӕуы, уый» (Исай 50:4).
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы райдианы вӕййы раныхас, хъусджытӕ Библийӕ рагацау цы сӕртӕ бакастысты, уыдоныл. Ныхасы чи рацӕуы, уый хъусджыты бафӕрсы, цы бакастысты, уымӕй сӕхицӕн зондӕн цы райстой. Уый фӕстӕ Скъолайы фыст чи у, уыдон сӕ хӕслӕвӕрдтӕ радзурынц.
Ахуыргӕнинӕгтӕн бахӕс кӕнынц сценӕйӕ Библийӕ скъуыддзаг бакӕсын кӕнӕ та равдисын, адӕймагӕн Библийӕ цавӕрдӕр фарста куыд бамбарын кӕнид, уый. Алы хӕслӕвӕрды фӕстӕ дӕр ахуыргӕнинагӕй
раппӕлынц, ӕмӕ йын уынаффӕ раттынц чиныгӕй «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – стыр ӕххуыс дӕуӕн». Уый фӕстӕ йын хицӕнӕй уынаффӕтӕ раттынц, фӕхуыздӕр кӕнын ӕй цы хъӕуы, уый фӕдыл.Фембӕлды ацы хай дӕр пайда у, хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн вӕййы, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ иннӕтӕн дӕр, цӕмӕй хуыздӕр кӕсын ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ дзурын сахуыр уой ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнынмӕ арӕхсой. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы фӕстӕ вӕййы Хъусын кӕныны фембӕлд ӕмӕ райдайы Библийыл арӕзт зарӕгӕй.
Хъусын кӕныны фембӕлд
Программӕйы фӕстаг хай хуыйны Хъусын кӕныны фембӕлд. Вӕййы дзы раныхӕстӕ, равдыстытӕ, интервьютӕ ӕмӕ хъусджытимӕ кӕй февзарынц, ахӕм фарстатӕ. Уыдоны фӕрцы хъусджытӕ ахуыр кӕнынц Библийы рӕстдзинад арӕхстджынӕй амоныныл. Йесо Чырысти цалынмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты Хуыцауы Ныхас дзурынмӕ нӕ арвыста, уӕдмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын бӕлвырд амындтӕ радта (Лукайы 10:1–16). Хорз цӕттӕ уыдысты ӕмӕ сыл бирӕ цымыдисаг хабӕрттӕ ӕрцыд. Куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Чырыстийӕн радзырдтой, цы сыл ӕрцыд, уый (Лукайы 10:17). Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн арӕх дзырдтой ахӕм хабӕрттӕ (Хъуыддӕгтӕ 4:23; 15:4).
Хъусын кӕныны фембӕлд вӕййы 35 минуты. Йӕ программӕ алы мӕй дӕр мыхуыр цӕуы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» сыфтыл. Ӕрӕджы ныхас кодтам ахӕм темӕтыл: «Бинонтӕ иумӕ лӕггад кӕнынц Йегъовӕйӕн», «Адӕммӕ ногӕй цӕмӕн бацӕуӕм?» ӕмӕ «Чырысти куыд хъусын кодта, афтӕ хъусын кӕн». Программӕйы кӕрон вӕййы зарӕг, стӕй рагацау кӕмӕн бахӕс кодтой, уыцы нӕлгоймаг скувы.
Уазджытӕ цы дзурынц?
Ӕмбырды алы уазӕгыл дӕр тынг бацин кӕнынц. Зӕгъӕм, Эндрю Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй бирӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ фехъуыста. Фӕлӕ ӕмбырдмӕ фыццаг хатт куы ’рбацыд, уӕд ыл зӕрдиагӕй бацин кодтой. Эндрю зӕгъы: «Мӕ зӕрдӕмӕ дзы тынг фӕцыд. Афтӕ хӕларзӕрдӕ уыдзысты ӕмӕ мыл батыхсдзысты, уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн». Канадӕйӕ иу чызг Ашел дӕр загъта: «Фембӕлды цы дзырдтой, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд! Алцыдӕр ӕнцонӕмбарӕн уыд».
Жозе цӕры Бразилийы. Уыд хылгӕнаг, фӕлӕ йӕ уӕддӕр Паддзахады залмӕ ӕмбырдмӕ фӕхуыдтой. Жозе зӕгъы: «Хорз цӕстӕй мӕм ракастысты, кӕд зыдтой, цавӕр адӕймаг уыдтӕн, уӕддӕр». Ацуши та цӕры Японы ӕмӕ дзуры: «Раст зӕгъгӕйӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ фыццаг хатт куы бацыдтӕн, уӕд ӕфсӕрмы кодтон. Фӕлӕ стӕй бамбӕрстон, хуымӕтӕг адӕм кӕй сты. Се ’ппӕт дӕр тынг хӕларзӕрдӕ уыдысты».
Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм
Ды дӕр Паддзахады залмӕ куы ӕрбацӕуай, уӕд райгондӕй баззайдзынӕ. Базондзынӕ Хуыцауы тыххӕй, ӕмӕ Библийӕ цы уынаффӕтӕ фехъусай, уыдоны фӕрцы дӕ Йегъовӕ Хуыцау ахуыр кӕндзӕн, «пайда дын цы у», ууыл (Исай 48:17).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм алкӕй бон дӕр у бацӕуын, фидын дзы нӕ хъӕуы. Фӕнды дӕ Паддзахады залмӕ ӕрбацӕуын? Уӕдӕ дӕ зӕрдиагӕй хонӕм.
[Фиппаинаг]
^ 10 абз. Ацы статьяйы цы литературӕйы кой ис, уыдон се ’ппӕт дӕр мыхуыры рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
[Рамкӕ 29 фарсыл]
Ахсджиаг раныхӕстӕ
Библийыл арӕзт раныхӕстӕ сты 170 бӕрц, зӕгъӕм:
▪ Адӕм куыд фӕзындысты, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс, уый ахсджиаг у?
▪ Ӕмкъайады кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнут ӕмӕ кӕрӕдзи уарзут
▪ Зӕхх чи сафы, уыдоны Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн
▪ Царды сагъӕстӕн куыд фӕразӕн ис?
▪ Абоны цардӕй дарддӕр ма исты ис?
[Ныв 29 фарсыл]
Библийыл арӕзт раныхас
[Ныв 29 фарсыл]
Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр
[Нывтӕ 30 фарсыл]
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
[Ныв 30 фарсыл]
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола
[Ныв 31 фарсыл]
Хъусын кӕныны фембӕлд