НЫХАС КӔНӔМ БИБЛИЙЫЛ
Хуыцау нын нӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?
Дӕлдӕр бакӕсӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕхдӕр куыд фӕныхас кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Кристинӕ, ӕрбацыд иу сылгоймагмӕ, йӕ ном Зӕлинӕ, ӕмӕ ныхас кӕнынц.
ХУЫЦАУӔН ӔНЦОН У НӔ ХЪИЗӔМӔРТТӔМ КӔСЫН?
Кристинӕ: Зӕлинӕ, салам! Цы хорз у, хӕдзары дӕ кӕй ӕрбаййӕфтон.
Зӕлинӕ: Мӕнӕн дӕр дӕ фенд ӕхсызгон у.
Кристинӕ: Айразмӕ дӕм куы уыдтӕн, уӕд ныхас кодтам, Хуыцау нын нӕ хъизӕмӕрттӕ уыны ӕви нӕ, ууыл *. Уӕд загътай, ацы фарстайыл рагӕй кӕй хъуыды кӕныс, уӕлдайдӕр та дӕ мад аварийы куы бахауд, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Хӕдӕгай, куыд у?
Зӕлинӕ: Куы хуыздӕр вӕййы, куы ӕвзӕрдӕр. Абон ын ницы у.
Кристинӕ: Ӕгайтма. Ӕвӕццӕгӕн дын ӕнцон нӕу.
Зӕлинӕ: О. Хатт фӕхъуыды кӕнын, афтӕ ма цас хъуамӕ удхар кӕна.
Кристинӕ: Ӕмбарын дӕ. Кӕд ма йӕ хъуыды кӕныс, уӕд дын айразмӕ загътон, иннӕ хатт кӕй аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстайыл: кӕд Хуыцауӕн йӕ бон у, цӕмӕй нын нӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕна, уӕд цӕуылнӕ исты саразы?
Зӕлинӕ: О, хъуыды йӕ кӕнын.
Кристинӕ: Нӕ зӕрдыл уал ӕрлӕууын кӕнӕм, айразмӕ цӕуыл дзырдтам. Ӕмӕ дын стӕй равдисдзынӕн, ацы фарстайӕн Библийы цы дзуапп ис, уый.
Зӕлинӕ: Хорз.
Кристинӕ: Уӕд дзырдтам, ацы фарста рагзаманты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй дӕр иуы кӕй тыхсын кодта. Фӕлӕ йын Хуыцау уый тыххӕй нӕ бауайдзӕф кодта ӕмӕ йын афтӕ нӕ загъта, фаг уырнындзинад дӕм нӕй, зӕгъгӕ.
Зӕлинӕ: О, уый мӕм диссаг фӕкаст.
Кристинӕ: Стӕй ма базыдтам, Йегъовӕйӕн зын кӕй у нӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсын. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, зӕгъгӕ-иу йӕ адӕм куы хъизӕмар кодтой, «уӕд-иу зын уыди уымӕн дӕр» *. Уӕдӕ, куы фӕхъизӕмар кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кӕны. Уый дын ӕхсызгон нӕу?
Зӕлинӕ: Куыннӕ!
Кристинӕ: Фӕстагмӕ ма загътам, не Сфӕлдисӕг ӕгӕрон тыхы хицау кӕй у, ӕмӕ йӕ бон кӕй у, цӕмӕй нын ныртӕккӕ дӕр нӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕна.
Зӕлинӕ: Омӕ уый не ’мбарын. Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй ӕппӕт ацы бӕллӕхтӕ цӕуой, кӕд сын йӕ бон кӕрон скӕнын у, уӕд?
КӔЙ НЫХӔСТӔ УЫДЫСТЫ РАСТ?
Кристинӕ: Ӕркӕсӕм-ма Библимӕ, Райдианы чиныджы цы хабӕртты тыххӕй фыст ис,
уымӕ. Мыййаг, искуы фехъуыстай Адам ӕмӕ Евӕйы, стӕй сын хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы тыххӕй?Зӕлинӕ: О. Хуыцау сын иу бӕласӕй загъта, ма дзы бахӕрут, зӕгъгӕ, фӕлӕ дзы уыдон уӕддӕр бахордтой.
Кристинӕ: Афтӕ у. Ныр та аныхас кӕнӕм, Адам ӕмӕ Евӕйы тӕригъӕдмӕ чи ’ркодта, уыцы хабӕрттыл. Уыдон комкоммӕ баст сты, цӕмӕн хъизӕмар кӕнӕм, уыцы фарстаимӕ. Бакӕс-ма, дӕ хорзӕхӕй, Райдианы 3:1–5 стихтӕ.
Зӕлинӕ: «Йегъовӕ Хуыцау цы цӕрӕгойты сфӕлдыста, уыдонӕй се ’ппӕтӕй къӕрцхъусдӕр уыди калм. Гъемӕ калм сылгоймагӕн загъта: „Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?“ Сылгоймаг калмӕн дзуапп радта: „Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн. Фӕлӕ цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕй нын Хуыцау афтӕ загъта: „Ма дзы бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр ӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут“. Ӕмӕ йын уӕд калм загъта: „Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый“».
Кристинӕ: Бузныг. Ацы стихтыл-ма лӕмбынӕгдӕр аныхас кӕнӕм. Куыд ӕй федтам, афтӕмӕй Евӕимӕ калм ныхас кодта. Библийы ӕндӕр ран та фыст ис, Евӕимӕ чи ныхас кодта, уый Сайтан Хӕйрӕг кӕй уыд *. Хӕйрӕг Евӕйы бафарста, Хуыцау сын бӕласы тыххӕй цы загъта, уымӕй. Адам ӕмӕ Евӕ уыцы бӕласӕй куы бахордтаиккой, уӕд сӕм цы ’нхъӕлмӕ каст?
Зӕлинӕ: Амардаиккой.
Кристинӕ: О. Хӕйрӕг уый фӕстӕ цы загъта, уымӕй Хуыцауы фӕаххосджын кодта. Кӕс-ма, куыд загъта: «Нӕ амӕлдзыстут». Зӕгъӕн ис, Хӕйрӕг загъта, Хуыцау сӕ сайгӕ кӕй кӕны.
Зӕлинӕ: Ууыл никуы ахъуыды кодтон.
Кристинӕ: Ӕмӕ Хӕйрӕг афтӕ куы загъта, Хуыцау сайгӕ кӕны, уӕд сӕвзӕрд, дзуапп раттынӕн бирӕ рӕстӕг кӕмӕн хъуыд, ахӕм фарста. Ӕмӕ йын бирӕ рӕстӕг цӕмӕн хъуыд, уый зоныс?
Зӕлинӕ: Нӕ зонын.
Кристинӕ: Ӕрхӕссӕн ис ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, иу бон дӕм ӕрбацыдтӕн ӕмӕ дын загътон, ӕз дӕуӕй тыхджындӕр дӕн, зӕгъгӕ. Цы бакӕнис, цӕмӕй рабӕрӕг уа, раст кӕй нӕ дӕн, уый?
Зӕлинӕ: Исты хуызы дӕ бафӕлварин.
Кристинӕ: О. Ӕвӕццӕгӕн, исты уӕззау дзаума равзариккам ӕмӕ нӕ тых бафӕлвариккам – чи йӕ сфӕраза, уый у тыхджындӕр.
Зӕлинӕ: Цы зӕгъынмӕ хъавыс, уый ӕмбарын.
Кристинӕ: Фӕлӕ дын афтӕ куы загътаин, ды сайгӕ кӕныс, ӕз та рӕстытӕ дзурын, уӕд та? Уыцы фарстайӕн дзуапп раттын зындӕр нӕу?
Зӕлинӕ: Мӕнмӕ гӕсгӕ, о.
Кристинӕ: Тыхджындӕр чи у, уый куыд ӕнцонтӕй ис базонӕн, афтӕ ӕнцонтӕй нӕ уаид базонӕн, сайгӕ кӕй нӕ кӕныс, уый.
Зӕлинӕ: Разы дӕн демӕ.
Кристинӕ: Ӕцӕгдӕр, ацы фарстайӕн дзуапп базонынӕн фаг рӕстӕг хъӕуы, цӕмӕй уый иннӕтӕ дӕр феной.
Зӕлинӕ: Раст зӕгъыс!
Кристинӕ: Ногӕй та-ма ӕркӕсӕм Райдианы чиныгмӕ. Хӕйрӕг, мыййаг, йӕхи Хуыцауӕй тыхджындӕр хуыдта?
Зӕлинӕ: Нӕ.
Кристинӕ: Хуыцау Хӕйрӕгӕн уыцы тӕккӕ равдыстаид, тыхджындӕр кӕй у, уый. Фӕлӕ Хӕйрӕджы ныхӕстӕй афтӕ уад, цыма Хуыцау сайгӕ кӕны. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хӕйрӕг Евӕйӕн загъта: «Хуыцау уӕ сайгӕ кӕны, ӕз та дын рӕстытӕ дзурын».
Зӕлинӕ: Диссӕгтӕ!
Кристинӕ: Хуыцау у ӕгӕрон зонды хицау, ӕмӕ йӕ зыдта, цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид, уый тыххӕй бирӕ рӕстӕг кӕй хъуыд. Ӕрмӕстдӕр уӕд рабӕрӕг уыдаид, раст чи дзырдта ӕмӕ сайгӕ чи кодта, уый.
АХСДЖИАГ ФАРСТА
Зӕлинӕ: Ӕмӕ Евӕ кӕй амард, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, Хуыцау раст кӕй уыд?
Кристинӕ: Иуӕй, о. Фӕлӕ ма Хӕйрӕг ноджы иу хъуыддаг сдзырддаг кодта. Ӕркӕсӕм-ма ногӕй 5-ӕм стихмӕ. Хӕйрӕг ма Евӕйӕн цы загъта?
Зӕлинӕ: Загъта йын, бӕласы дыргътӕй, дам, куы бахӕрай, уӕд, дам, дӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты.
Кристинӕ: О, стӕй йын афтӕ загъта, зӕгъгӕ, суыдзынӕ «Хуыцауы хуызӕн – зондзынӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый». Хӕйрӕг уый зӕгъынмӕ хъавыд, ӕмӕ Хуыцау адӕмӕй цыдӕр хорздзинад ӕмбӕхсы.
Зӕлинӕ: Гъым.
Кристинӕ: Хӕйрӕг уымӕй сдзырддаг кодта иу ахсджиаг хъуыддаг.
Зӕлинӕ: Цавӕр?
Кристинӕ: Хӕйрӕджы ныхӕстӕй афтӕ уад, Евӕйӕн – стӕй адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр – ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй хуыздӕр кӕй уыдзӕн. Йегъовӕ зыдта, ацы фарста аскъуыддзаг кӕнынӕн Хӕйрӕгӕн кӕй хъуыди фадат раттын, цӕмӕй рабӕрӕг уыдаид, ӕцӕгдӕр рӕстытӕ дзуры ӕви нӕ. Уымӕ гӕсгӕ йын ацы дуне рӕстӕгмӕ йӕ къухмӕ радта. Уӕдӕ йӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй адӕм уымӕн хъизӕмар кӕнынц, ӕмӕ дунейы хицау Хуыцау нӕу, фӕлӕ Хӕйрӕг *. Фӕлӕ ис иу хорз хабар.
Зӕлинӕ: Цы у?
Кристинӕ: Библи нын ӕргом кӕны дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы Хуыцауы тыххӕй. Фыццаг, Йегъовӕ нын нӕ хъизӕмӕрттӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Ӕркӕсӕм-ма паддзах Давиды ныхӕстӕм. Фыст сты Псаломы 31:7 стихы. Давидыл бирӕ бӕллӕхтӕ ’рцыд, фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, Хуыцаумӕ куыд куывта, уымӕ. Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс-ма йӕ.
Зӕлинӕ: «Мӕ зӕрдӕ цинӕй райдзӕн ӕмӕ цин кӕндзынӕн де ’нувыд уарзтыл, уымӕн ӕмӕ мын федтай мӕ мӕстытӕ, базыдтай мын мӕ уды хъизӕмар».
Кристинӕ: Давид зыдта, Йегъовӕ йын йӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй уыны. Ӕмӕ йын уый удӕнцой хаста, кӕд йӕ царды бирӕ зындзинӕдтӕ уыд, уӕддӕр. Йегъовӕ дӕу тыххӕй дӕр алцыдӕр зоны, суанг дӕ зӕрдӕйы рыст дӕр – иннӕтӕн кӕронмӕ сӕ бон бамбарын цы нӕу, уый. Уый дын ӕхсызгон нӕу?
Зӕлинӕ: Куыннӕ.
Кристинӕ: Дыккаг, Йегъовӕ нын тагъд нӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕндзӕн. Библийы фыст ис, тагъд ацы дунейы хицау Хӕйрӕг кӕй нал уыдзӕн. Хуыцау фыддзинад фесафдзӕн, ӕмӕ ды дӕр ӕмӕ дӕ мад дӕр уӕ хъизӕмӕрттӕй сулӕфдзыстут. Иннӕ къуыри та дӕм ӕрбауайдзынӕн, ӕмӕ дын равдисдзынӕн, фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, Хуыцау тагъд хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый *.
Зӕлинӕ: Хорз, ӕрбауай-иу.
Мыййаг дӕм Библийы фӕдыл исты фарста ис? Кӕнӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын, зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕн, ӕмӕ сыл ӕндӕр хатт куы амбӕлай, уӕд-иу сӕ бафӕрс. Уыдонӕй дын чифӕнды дӕр дӕ фарстатӕн ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзӕн.
^ 7 абз. Кӕс 2013 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Ныхас цавӕрдӕр фарстайыл. Хуыцау нын нӕ хъизӕмӕрттӕ уыны?».
^ 17 абз. Кӕс Исайы 63:9.
^ 26 абз. Кӕс Раргомад 12:9.
^ 61 абз. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 9 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.