БИОГРАФИ
Хайройы цӕстытӕ – сӕ фӕрцы лӕггад кӕны Хуыцауӕн
Куыд уаид, дӕ цӕстыты йеддӕмӕ дӕ буары уӕнгтӕй иу дӕр дӕ коммӕ куы нӕ кӕсид, уӕд? Ахӕм уавӕры ис ме ’фсымӕр Хайро. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ цардӕй райгонд у. Цӕмӕн, уый уын цалынмӕ нӕ бамбарын кодтон, уӕдмӕ уал уын радзурдзынӕн, йӕ хабар куыд рауад.
Хайро райгуырд церебралон параличимӕ, бӕлвырдӕй та спастикон квадриплегиимӕ *. Уымӕ гӕсгӕ йӕ буары уӕнгтӕн сӕ фылдӕр йӕ коммӕ нӕ кӕсынц. Йӕ магъзӕн йӕ бон нӕу йӕ нуӕрттӕм раст сигнал ӕрвитын, ӕмӕ уый аххосӕй йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ сӕхигъӕдӕй фӕкъӕдз вӕййынц ӕмӕ йын сыздыхсынц. Йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ йӕ коммӕ кӕй нӕ кӕсынц, уый тыххӕй иуӕй-иу хатт йӕхи дӕр ныццӕвы. Йӕ фарсмӕ чи вӕййы, уыцы адӕмы куы нӕ бафӕдзӕхсай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыдонӕй дӕр искӕуыл цӕф суайа. Хъыгагӕн ын, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ арӕх бахъӕуы йӕ инвалиды коляскӕмӕ бабӕттын, цӕмӕй йӕхи кӕнӕ искӕй ма ныццӕва.
ЙӔ РЫСТЫТӔ ЙӔ НИКУЫ СУӔГЪД КОДТОЙ
Хайройы йӕ рыстытӕ никуы суӕгъд кодтой. Ӕртӕ мӕйы йыл куы цыд, уӕд суртӕ кӕнын райдыдта, йӕ рыстытӕ-иу ӕвиппайды кӕй фӕтынг сты, уый аххосӕй. Арӕх-иу нӕ мадмӕ афтӕ фӕкаст, ӕмӕ мӕлгӕ акодта, ӕмӕ-иу ӕй уӕд йӕ хъӕбысы фелвӕста ӕмӕ-иу ӕй рынчындонмӕ аскъӕфта.
Нӕ мад-иу ӕй йӕхимӕ ӕгӕр тынг кӕй ӕрбалхъывта, уый тыххӕй йе стджытӕ ныззылынтӕ сты. 16 азы йыл куы цыд, уӕд йӕ синыстӕг асаст ӕмӕ йын уӕззау операци кӕнын бахъуыд. Абон дӕр ма мӕ хъустыл уайы, операцийы фӕстӕ-иу ӕхсӕвыгон фыррыстӕй куыд хъӕр кодта, уый.
Хайройӕн йӕ бон ӕппындӕр ницы у аразын: нӕдӕр бахӕрын, нӕдӕр йӕхиуыл дзаумӕттӕ скӕнын, нӕдӕр схуыссын. Арӕхдӕр ӕм кӕсынц нӕ мад ӕмӕ нӕ фыд. Ӕмӕ кӕд Хайро ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй нӕ фӕразы, уӕддӕр ын нӕ ныййарджытӕ ӕдзух йӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, йӕ цард ӕрмӕст адӕмыл баст кӕй нӕу, фӕлӕ Хуыцауыл дӕр.
ЙӔ БОН ССИ НЫХАС КӔНЫН
Нӕ ныййарджытӕ сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ӕмӕ Хайро нырма бынтон гыццыл куы уыди, уӕд ын райдыдтой Библийы хабӕрттӕ кӕсын. Уыдон ӕй ӕмбӕрстой, адӕймаг йӕ цардӕй райгонддӕр вӕййы, Хуыцау йе ’мбал куы свӕййы, уӕд. Ӕмӕ кӕд Хайройы буар тынг лӕмӕгъ уыд ӕмӕ-иу ӕй ӕдзух йӕ нуӕрттӕ ӕрцахстой, уӕддӕр йӕ бон уыд ӕмбарын, фидӕнӕй йӕ бӕлвырд ӕмӕ фидар ныфс кӕй ис. Фӕлӕ мӕ ныййарджыты фӕндыд базонын, Библийы ахуырӕдтӕ йӕ бон бамбарын уыдзӕн ӕви нӕ.
Хайро ма гыццыл куы уыд, уӕд ын иухатт нӕ фыд загъта: «Хъӕбул, мемӕ-ма аныхас кӕн». Стӕй ма афтӕ бакодта: «Кӕд мӕ уарзыс, уӕд дын рауайдзӕн!» Нӕ фыд уый куы загъта, уӕд
Хайройы цӕстытӕ доны разылдысты. Тынг ӕй фӕндыд, йӕ зӕрдӕйы цы уыди, уый зӕгъын, фӕлӕ ӕрмӕст ӕнахуыр гуым-гуым кодта. Нӕ фыд тынг фӕмаст кодта, йӕ фырты кӕй скӕуын кодта, ууыл. Фӕлӕ уӕд Хайройы афтӕмӕй кӕй федтам, уымӕ гӕсгӕ дызӕрдыг нал кодтам, нӕ фыды ныхӕстӕ кӕй бамбӕрста. Ӕрмӕст йӕ бон дзурын нӕ уыд.Уыцы хабарӕй гыццыл фӕстӕдӕр нӕ ныййарджытӕ бафиппайдтой, хатт-иу Хайро йӕ цӕстытӕ радав-бадав кӕнын кӕй райдыдта. Ӕвӕццӕгӕн-иу ӕй фӕндыд, цӕуыл хъуыды кодта кӕнӕ йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый зӕгъын. Хайро-иу тынг ӕрӕнкъард, цы йӕ фӕндыд, уый-иу йӕ бон бамбарын кӕнын куы не сси, уӕд. Фӕлӕ-иу нӕ ныййарджытӕ йӕ цӕстӕнгасӕй куы бамбӕрстой, цы йӕ хъуыды, уый, уӕд-иу йӕ цӕсгом йӕ мидбылхудтӕй ныррухс. Уый нысан кодта бузныг.
Логопед нын загъта, зӕгъгӕ, дам, цӕмӕй Хайройы хуыздӕр ӕмбарат, уый тыххӕй дам-иу ӕм дӕттут, йӕ дзуапп «о» кӕнӕ «нӕ» кӕмӕн уа, ахӕм фарстатӕ. Фарстатӕ дӕтгӕйӕ та, дам-иу уӕ дыууӕ къухыл дӕр хӕрдмӕ схӕцут. Рахиз къух хъуамӕ нысан кодтаид «о», галиу та – «нӕ». Хайройӕн, цы йӕ хъуыди, уый йӕ бон бамбарын кӕнын уыдаид, рахиз къухмӕ кӕнӕ галиу къухмӕ бакӕсгӕйӕ.
АХСДЖИАГ ХАБАР ХАЙРОЙЫ ЦАРДЫ
Афӕдз ӕртӕ хатты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн вӕййы конгресстӕ. Уырдӕм ӕрбацӕуы бирӕ адӕм Библийыл арӕзт раныхӕстӕм байхъусынмӕ. Донаргъуыд-иу чи иста, уыдонӕн-иу раныхас куы уыд, уӕд-иу Хайро йӕхимидӕг тыхсын райдыдта. 16 азы йыл куы цыд, уӕд ӕй иухатт нӕ фыд бафарста: «Хайро, донаргъуыд райсын дӕ фӕнды?» Хайро йын уайтагъд йӕ рахиз къухмӕ скаст, бӕрӕг уыди, тынг ӕй кӕй фӕнды. «Ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывтай, ӕмӕ йын дзырд радтай, ӕнустӕм ын кӕй лӕггад кӕндзынӕ?» Хайро йӕ цӕст дӕр нӕ фӕныкъуылдта, афтӕмӕй та скаст нӕ фыды рахиз къухмӕ. Цы бамбарын ма йӕ хъуыди – Хайро йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодта!
Цалдӕр хатт Библийы стихтыл йемӕ куы аныхас кодтой, уӕд дызӕрдыггаг нал уыд, Хайро кӕй ӕмбары, донаргъуыд райсай ӕмӕ чырыстон суай, уый цы нысан кӕны. 2004 азы Хайро дзуапп радта йӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстайӕн: «Хуыцаумӕ скуывтай ӕмӕ йын дзырд радтай, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзынӕ?». Хайро хӕрдмӕ скаст – уый уыд йӕ дзуапп уыцы фарстайӕн. Уый йӕ разыйы дзуапп кӕй уыдзӕн, ууыл йемӕ рагацау баныхас кодтой. Афтӕмӕй 17-аздзыдӕй Хайро донаргъуыд райста ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси.
ЙӔ ЦӔСТЫТӔ АРӔЗТ СТЫ ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДДӔГТӔМ
2011 азы Хайройӕн йӕ бон сси ӕндӕрхуызон ныхас кӕнын – фӕзынд ӕм цӕстӕнгасӕй кусӕг компьютер. Компьютер «бамбары», цӕстытӕ кӕдӕм кӕсынц, уый ӕмӕ программӕ байгом
кӕны. Хайро йӕ цӕстӕнгас программӕйы амонӕныл бауромы кӕнӕ йӕ цӕстытӕ ӕртъӕпп-тъӕпп кӕны, раст цыма «мыстӕй» кусы, уыйау. Цӕмӕй Хайройӕн йӕ бон дзурын уыдаид, уый тыххӕй йын скодтой сӕрмагонд экран. Программӕйы амонӕнтӕй иумӕ комкоммӕ куы ныккӕсы ӕмӕ йӕ цӕстытӕ куы ӕртъӕпп-тъӕпп кӕны, уӕд, экраныл цы фыст ис, уый программӕ электрон хъӕлӕсӕй бакӕсы.Хайро Библи цас хуыздӕр ӕмбӕрста, уыйас ӕй тынгдӕр фӕндыд иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын. Алы къуыри дӕр ӕнӕхъӕн бинонтӕй Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд Хайро арӕх куы мӕнмӕ бакӕсы, куы йӕ компьютермӕ. Афтӕмӕй мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, ӕмбырды цы дзуапп раттынмӕ хъавы, уый кӕй хъуамӕ ныффыссон.
Ӕмбырды Хайро экранмӕ лӕмбынӕг фӕкӕсы ӕмӕ фӕагуры, чи йӕ хъӕуы, уыцы амонӕн ӕмӕ стӕй райхъуысы электрон хъӕлӕс. Ӕмбырды хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты афтӕ куы бафидар кӕны, уӕд йӕ мидбылты бахуды. Хайройы ӕрыгон ӕмбӕлттӕй иу, Алекс, загъта: «Хайройы дзуаппытӕ алы хатт дӕр мӕ зӕрдӕйы иннӕрдӕм ахизынц».
Йӕ цӕстыты фӕрцы ма Хайро иннӕтӕн дӕр дзуры, цӕуыл ӕууӕнды, уыдӕтты тыххӕй. Зӕгъӕм, «ныххӕцы», дзӕнӕт ӕвдыст кӕм цӕуы, ахӕм нывыл. Куы йӕ байгом кӕны, уӕд компьютерон хъӕлӕс фӕзӕгъы: «Библи зӕгъы, зӕхх кӕй суыдзӕн дзӕнӕт. Уым нал уыдзӕн нӕдӕр низтӕ, нӕдӕр мӕлӕт. Уый фыст ис Раргомады 21:4 стихы». Кӕд ӕм адӕймаг байхъусы, уӕд «ныххӕцы» ӕндӕр амонӕныл ӕмӕ компьютер фӕзӕгъы: «Библи дӕ мемӕ ахуыр кӕнын фӕнды?» Мах тынг бадис кодтам, нӕ мадыфыд Хайроимӕ Библи ахуыр кӕныныл кӕй сразы. Хайро ӕмбырдӕй искӕимӕ йемӕ Библи сабыргай куыд фӕахуыр кӕны, уымӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕ фырцинӕй суынгӕг вӕййы. Тынг цин кӕнӕм, 2014 азы августы Мадриды регионалон конгрессы нӕ мадыфыд донаргъуыд кӕй райста, ууыл.
Хайро Хуыцауыл куыд иузӕрдион у, уый скъолайы йӕ ахуыргӕнджытӕ дӕр бафиппайдтой. Йӕ логопедтӕй иу, Росарио, иухатт загъта: «Кӕд искуы исты дин райсон, уӕд уый уыдзӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин. Хайройӕн кӕд йӕ уавӕр тынг уӕззау у, уӕддӕр ын йӕ уырнындзинады фӕрцы ис, цӕй тыххӕй цӕра, уый».
Хайройы цӕстытӕ фырцинӕй ферттивынц, Библи нын ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый йын куы фӕкӕсын, уӕд: «Уӕд, къуылых чи у, уый сагау згъордзӕн ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг фырцинӕй хъӕр кӕндзӕн» (Исай 35:6). Кӕд хатт йӕ ныфс асӕтты, уӕддӕр арӕхдӕр вӕййы хорз зӕрдӕйы уагыл. Ӕмӕ уый йӕ къухы ӕфты, царды йын сӕйрагдӕр Хуыцау ӕмӕ йӕ чырыстон ӕмбӕлттӕ кӕй сты, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Хайро цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ цы фидар уырнындзинады хицау у, уымӕй хорз зыны, адӕймаг Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕна, уӕд ын цыфӕнды зын цард дӕр царды ад кӕй кӕндзӕн.
^ 5 абз. Церебралон паралич (ЦП) у, адӕймагӕн йӕ сӕры магъз раст кӕй нӕ фӕкусы, уый тыххӕй йӕ буары змӕлдыл йӕ бар куы нӕ фӕцӕуы, уый. Ацы низ ахӕм у, ӕмӕ, гӕнӕн ис, адӕймаг суртӕ кӕнын райдайа, йӕ ахсӕн хорз мауал куса ӕмӕ йӕ бон рӕстмӕ дзурын мауал уа. Спастикон квадриплеги (спастическая квадриплегия) та у ЦП-йы формӕтӕй ӕппӕты уӕззаудӕр. Уый аххосӕй адӕймагӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ нал фезмӕлынц ӕмӕ йӕ сӕр нал фӕуромы.