Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рагон хӕзна бырӕтты ’хсӕн

Рагон хӕзна бырӕтты ’хсӕн

ДЗЫРД «бырон» куы фехъусыс, уӕд дӕ цӕстытыл цы ауайы? Ӕвӕццӕгӕн, ӕппындӕр чи ницӕмӕнуал бӕззы, ахӕм цыдӕртӕ ӕмӕ ӕвзӕр тӕф. Уымӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыды дӕ сӕрмӕ цӕугӕ дӕр не ’ркӕнид, ӕмӕ дзы хорзӕй исты ссардзынӕ, уӕлдайдӕр та стыр хӕзна.

Диссаг, фӕлӕ иу-100 азы размӕ хӕзна ссардтой ахӕм бынаты – бырӕтты ’хсӕн. Уый нӕдӕр сызгъӕрин уыд, нӕдӕр зынаргъ дур, фӕлӕ уӕддӕр уыдӕттӕй бирӕ зынаргъдӕр у. Цымӕ цавӕр хӕзна уыд? Уый зонын махӕн абон ахсджиаг цӕмӕн у?

ӔНӔНХЪӔЛӔДЖЫ ЙӔ ССАРДТОЙ

20 ӕнусы райдианы дыууӕ ахуыргонды Оксфорды университетӕй, Бернард Гренфелл ӕмӕ Артур Хант, ацыдысты Египетмӕ. Уым, Нилы дӕлвӕзмӕ хӕстӕг, бырӕтты ’хсӕн ссардтой цалдӕр папирусы скъуыддзаджы. Фӕстӕдӕр, 1920 азы, уыцы дыууӕ ахуыргонды каталог куы арӕзтой, уӕд ма Гренфелл балхӕдта, археологтӕ Египеты кӕй ссардтой, уыцы скъуыддзӕгтӕй цалдӕр. Ӕлхӕнгӕ та сӕ бакодта Джон Райлендзы библиотекӕйӕн, ис Манчестеры (Англи). Фӕлӕ дыууӕ ахуыргонды дӕр амардысты, каталог кӕронмӕ арӕзт нӕ фесты, афтӕмӕй.

Сӕ куыст сын кӕронмӕ ахӕццӕ кодта ӕндӕр ахуыргонд Оксфорды университетӕй, Колин Робертс. Папирустӕ куы ӕвзӕрста, уӕд се ’хсӕн бафиппайдта иу гыццыл скъуыддзаг, иуырдӕм уыди 9 сантиметры, иннӕрдӕм та – 6 сантиметры. Уый уыд грекъаг къухфыст. Цы ныхӕстӕ дзы фыст уыд, уыдон Робертс хорз зыдта ӕмӕ тынг бадис кодта. Йӕ иу фарсыл уыдысты Иоанны 18:31–33 фыст ныхӕстӕ, иннӕ фарсыл та – 37 ӕмӕ 38 стихты хӕйттӕ. Робертс бамбӕрста, йӕ къухы стыр хӕзна кӕй уыди.

КӔД ӔРЦЫД ФЫСТ

Робертс ахъуыды кодта, уыцы папирусы скъуыддзаг тынг раджы кӕй ӕрцыд фыст. Фӕлӕ бӕлвырдӕй кӕд? Уый базоныны тыххӕй Робертс уыцы къухфыст абарста, сӕ ныффыссыны рӕстӕг бӕрӕггонд кӕмӕн уыди, ӕндӕр ахӕм рагон къухфыстытимӕ (ахӕм абарстыты куыст чи кӕны, уыцы наукӕ хуыйны палеографи *). Афтӕмӕй Робертс сбӕлвырд кодта, уыцы къухфыст кӕд ӕрцыдаид фыст, уый. Фӕлӕ йын уӕддӕр йӕ къам систа ӕмӕ йӕ ӕртӕ папирологмӕ арвыста, цӕмӕй сбӕрӕг кодтаиккой, кӕд ӕрцыд фыст, уый. Цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыдысты уыцы ахуыргӕндтӕ?

Ӕртӕ ахуыргонды къухфысты текст ӕнӕхъӕнӕй дӕр, стӕй дзы алы дамгъӕ дӕр куыд фыст уыд, уый раиртӕстой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загътой, уыцы папирус фыст кӕй ӕрцыд нӕ эрӕйы 125 азмӕ ’ввахс – апостол Иоанн куы амард, уымӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕр дӕсазы фӕстӕ. Фӕлӕ документ бӕлвырдӕй кӕд ӕрцыд фыст, уый палеографи дӕр алы хатт ӕнӕрӕдыдӕй не сбӕлвырд кӕны. Уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕндтӕй чидӕртӕ дзурынц, зӕгъгӕ, уыцы документ фыст ӕрцыдаид дыккаг ӕнусы кӕцыфӕнды азы дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы папирусы гыццыл скъуыддзаг уыд – ӕмӕ абоны онг дӕр у – Чырыстон Грекъаг Фыстыты къухфыстытӕй кӕй ссардтой, уыдонӕй ӕппӕты рагондӕр.

РАЙЛЕНДЗЫ ПАПИРУС ЦЫ ӔРГОМ КӔНЫ

Библи чи уарзы, уыдонӕн Иоанны Евангелийӕ ацы скъуыддзаг афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн, ӕппынкъаддӕр, ис дыууӕ аххосаджы. Фыццаг уый, ӕмӕ скъуыддзаг куыд фыст уыд, уымӕ гӕсгӕ бамбарӕн ис, фыццаг чырыстӕттӕ Сыгъдӕг Фыстадӕн куыд тынг аргъ кодтой, уый.

Библи чи уарзы, уыдонӕн Иоанны Евангелийӕ ацы скъуыддзаг афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

Нӕ эрӕйы дыккаг ӕнусы къухфыстытӕ уыдысты дыууӕ хуызы – тыхтон ӕмӕ кодекс. Тыхтӕттӕ кодтой афтӕ: папирусты кӕнӕ-иу пергаментты хӕйттӕ кӕрӕдзийыл бахуыдтой кӕнӕ бандӕгътой, ӕмӕ-иу дзы рауад иу даргъ уадздзаг. Тыхтӕттӕ уыди райхалӕн дӕр ӕмӕ стухӕн дӕр. Уыдонӕн-иу арӕхдӕр фыстой ӕрмӕстдӕр сӕ иу фарсыл.

Фӕлӕ Робертс кӕй ссардта, уыцы гыццыл скъуыддзагӕн фыст уыд йӕ дыууӕ фарсыл дӕр. Уӕдӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, уыди кодекс, тыхтон нӕ, фӕлӕ. Кодекстӕ та арӕзтой пергаменты кӕнӕ папирусы сыфтӕй. Уыдон-иу кӕрӕдзийыл бахуыдтой ӕмӕ-иу сӕ чиныджы хуызӕн бакъӕдз кодтой.

Кодекс тыхтонӕй цӕмӕй хуыздӕр уыди? Фыццаг чырыстӕттӕ уыдысты хорз хабар хъусынгӕнджытӕ (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Адӕмӕн Библийы хабар хъусын кодтой, сӕ бон сыл фембӕлын кӕмдӕриддӕр уыди, уым: хӕдзӕртты, базары фӕзты ӕмӕ уынгты (Хъуыддӕгтӕ 5:42; 17:17; 20:20). Ӕмӕ сӕм Сыгъдӕг Фыстад кодексы хуызы кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы ӕнцондӕр уыди пайда кӕнын.

Ӕмбырдтӕн ӕмӕ хицӕн адӕймӕгтӕн сӕхицӕн Сыгъдӕг Фыстадӕй къопитӕ кӕнын ӕнцондӕр уыди кодекстӕй. Афтӕмӕй Евангелитӕй къопитӕ кодтой ӕмӕ кодтой. Уый та тынг фӕзынд, чырыстон дин куыд тагъд апарахат, ууыл.

Райлендзы папирус разӕй ӕмӕ чъылдымӕй

Райлендзы папирус ма нын абон ахсджиаг цӕмӕн у, уымӕн йӕ дыккаг аххосаг цы у? Нӕ бон дзы у базонын, Библийы текст, фыццаг куыд ӕрцыд фыст, афтӕмӕй кӕй ӕрхӕццӕ нӕ рӕстӕгмӕ. Уыцы скъуыддзаджы Иоанны Евангелийӕ кӕд цалдӕр стихы йеддӕмӕ нӕй, уӕддӕр уыцы стихтӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ хицӕн кӕнынц, абон нӕ Библиты цы фыст ис, уымӕй. Уӕдӕ кӕд Библи ӕнусты дӕргъы бирӕ хӕттыты рафыстой, уӕддӕр дзы ӕппындӕр ницы аивта. Ӕмӕ Райлендзы папирус Иоанны Евангелийы скъуыддзагимӕ уымӕн у хорз бӕлвырдгӕнӕн.

Библийы текст нӕ рӕстӕгмӕ, райдианы йӕ куыд ныффыстой, афтӕмӕй кӕй ӕрхӕццӕ, уымӕн Райлендзы папирусӕй уӕлдай ис бирӕ ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр – мингай къухфыстыты скъуыддзӕгтӕ. Вернер Келлер йӕ чиныджы ныффыста: «Уыцы рагон къухфыстытӕ сты ӕппӕты хуыздӕр дзуапп, нӕ абоны Библийы текстыл ӕууӕндӕн кӕй ис, ууыл чи дызӕрдыг кӕны, уыдонӕн» (The Bible as History).

Чырыстӕттӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ уырнындзинад, археологтӕ цы ссардтой, уыдӕттыл нӕ аразынц. Уыдоны уырны, «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр [кӕй] у Хуыцауы комытӕфӕй фыст» (2 Тимофеймӕ 3:16). Фӕлӕ куыд ӕхсызгон у, уыцы рагон стыр хӕзна кӕй бӕлвырд кӕны, Библийы цы фыст ис, уый: «Йегъовӕйы ныхас... уыдзӕн ӕнустӕм» (1 Петры 1:25).

^ 8 абз. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй «палеографи... иртасы рагон къухфыстытӕ» (Manuscripts of the Greek Bible). Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ ивы, адӕм куыд фыссынц, уый дӕр. Уыцы ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ раиртасӕн ис, къухфыст кӕд ӕрцыд фыст, уый. Уый тыххӕй та йӕ абарын фӕхъӕуы, йӕ ныффыссыны рӕстӕг дызӕрдыггаг кӕмӕн нӕу, ахӕм документтимӕ.