4 СӔР
Чи у Йесо Чырысти?
1. Йесо куыд фӕзынд?
Иннӕ адӕмӕй уӕлдай Йесо, цалынмӕ зӕххыл нӕ райгуырд, уӕдмӕ царди уӕлӕрвты ӕмӕ уыди зӕд (Иоанны 8:23). Хуыцау ӕппӕты фыццаг уый сфӕлдыста, ӕмӕ стӕй ӕппӕт дӕр сфӕлдыста йемӕ иумӕ. Библийы фыст ис, Йесо кӕй у Хуыцауы «иунӕг» Фырт, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр уый сфӕлдыста йӕхӕдӕг (Иоанны 1:14). Йесо Хуыцауы номӕй кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ ма йӕ Библи хоны «Дзырд» дӕр. Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 8:22, 23, 30; Колоссӕгтӕм 1:15, 16.
2. Йесо зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд?
Хуыцау йӕ Фырты уӕларвӕй зӕхмӕ рарвыста – йӕ цард ын рахаста, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи никуы ’рцыд, ахӕм дзуттаг чызг Марийӕйы хуылфмӕ. Уӕдӕ Йесойӕн зӕххон фыд нӕ уыд (Лукайы 1:30–35). Йесо зӕхмӕ ’рцыд, цӕмӕй 1) адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад радзырдтаид, 2) зын уавӕрты дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын куыд хъӕуы, уый сын равдыстаид ӕмӕ 3) йӕ уд адӕмы «балхӕныны» тыххӕй раттаид. Бакӕс Матфейы 20:28.
3. Адӕмы «балхӕнын» цӕмӕн хъуыди?
Адӕймаджы балхӕнын фӕхъӕуы, мӕлӕтӕй йын тӕссаг куы вӕййы ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд (Рацыд 21:29, 30). Хуыцауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм мардаиккой кӕнӕ зӕронд кодтаиккой. Уый кӕцӕй зонӕм? Хуыцау фыццаг адӕймаг Адамӕн загъта, тӕригъӕд куы сараза, ома йӕ ныхасы сӕрты куы ахиза, уӕд кӕй амӕлдзӕн. Уӕдӕ Адам тӕригъӕд куы нӕ ракодтаид, уӕд никуы амардаид (Райдиан 2:16, 17; 5:5). Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй дунемӕ мӕлӕт «ӕрцыд» Адамы аххосӕй. Ӕмӕ Адамӕй та тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт сӕ туджы рахастой йӕ байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт дӕр. Уӕдӕ цӕмӕй адӕм мӕлӕтӕй фервӕзтаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди «балхӕнын». Бакӕс Ромӕгтӕм 5:12; 6:23.
Кӕмӕн уыди йӕ бон адӕмы балхӕнын ӕмӕ сӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын? Адӕймаг йӕ мӕлӕтӕй бафиды ӕрмӕстдӕр йӕхи тӕригъӕдтӕ. Ӕнӕххӕст адӕмӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕу искӕй тӕригъӕдтӕ бафидын. Бакӕс Псалом 49:7–9.
4. Йесо цӕмӕн амард?
Махӕй уӕлдай Йесо уыд алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг. Уӕдӕ Йесо йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй нӕ амард, уымӕн ӕмӕ уый тӕригъӕд никуы сарӕзта. Йесо амарди адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй. Хуыцау йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй равдыста, куыд тынг нӕ уарзы, уый. Ӕмӕ Йесо дӕр равдыста, тынг нӕ кӕй уарзы – уый йӕ Фыды коммӕ бакаст ӕмӕ йӕ цард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй радта. Бакӕс Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 5:18, 19.
Бакӕс видеороликмӕ «Йесо Чырысти цӕмӕн амард?»
5. Йесо ныртӕккӕ цы аразы?
Йесо зӕххыл куы цард, уӕд рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ мӕрдты ӕгас кодта, стӕй-иу адӕмӕн сӕ зындзинӕдтӕ фӕрогдӕр кодта. Уымӕй равдыста, коммӕгӕс адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр фидӕны цы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уый (Матфейы 15:30, 31; Иоанны 5:28). Йесо куы амард, уӕд ӕй Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ та ногӕй сси зӕд (1 Петры 3:18). Уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд ӕрбадт Хуыцауы рахиз фарс ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, ӕгас зӕххӕн ӕй Паддзахӕй кӕд сӕвӕрдзӕн, уымӕ (Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Ныр Йесо Чырысти у Паддзах уӕлӕрвты, ӕмӕ уыцы хорз хабар йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр. Бакӕс Данелы 7:13, 14; Матфейы 24:14.
Тагъд Паддзах Йесо Чырысти кӕрон скӕндзӕн ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн ӕмӕ, адӕмӕн уыцы хъизӕмӕрттӕ чи ӕвзарын кӕны, уыдонӕн. Чырыстийыл чи ӕууӕнды ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр зӕххыл дзӕнӕты амондджынӕй цӕрдзысты. Бакӕс Псалом 37:9–11.