ИНДОНЕЗИ
Фыццаг куыд хъусын кодтой
Радиопередачӕтӕ
1933 азы ӕфсымӕртӕ Джакартӕйы радиостанцӕимӕ баныхас кодтой, ӕфсымӕр Рутерфорды раныхӕстӕ англисаг ӕвзагыл кӕй хъусын кӕндзысты, уый фӕдыл. Уымӕй уӕлдай ма дзы раныхӕстӕ кастысты нидерландаг ӕвзагыл дӕр. Кӕсгӕ та сӕ кодта, рӕстдзинад кӕй бацымыдис кодта, иу ахӕм нӕлгоймаг. Раныхӕстӕ адӕмы тынг бацымыдис кодтой, ӕмӕ уый фӕрцы ӕфсымӕртӕн бантыст ноджы фылдӕр литературӕ апарахат кӕнын.
Ӕфсымӕр Рутерфорды раныхасы фӕстӕ, «„Сыгъдӕг аз“ сабырдзинад ӕмӕ фарныл куыд фӕзындзӕн», зӕгъгӕ, католикон сауджынтӕ сызмӕстой *. Раныхас радиостанцӕмӕ чи ӕрбахаста, уыцы ӕфсымӕр Де Схумакеры сауджынтӕ мӕнгӕвдисӕнты фӕрцы фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, дам, «адӕмы кӕрӕдзи ныхмӕ ардауы, мӕнг ныхӕстӕ кӕны ӕмӕ Хуыцауы фауы». Кӕд Де Схумакер тӕрхоны рӕстӕг фидарӕй дзырдта йӕ барты сӕрыл, уӕддӕр ын тӕрхон рахастой, цӕмӕй йӕ 25 гульдены * фӕивар кодтаиккой ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ тӕрхондон цы ӕхца бахардз кодта, уый йын бафидын кодтаиккой. Уыцы хъуыддаджы тыххӕй ныффыстой ӕртӕ сӕйраг газеты, ӕмӕ уый фӕрцы фылдӕр адӕм рӕстдзинадмӕ се ’ргом раздӕхтой.
«Рухсхӕссӕг»
1935 азы 15 июлы Джакартӕмӕ ӕрцыд Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады 16 метры дӕргъӕн пӕлӕзджын нау «Рухсхӕссӕг». Науыл уыди авд зынгзӕрдӕ пионеры. Сиднейӕ (Австрали) рацыдысты афӕдзы ’рдӕджы размӕ, сӕ фӕндагыл цы сакъадӕхтӕ уыди, уыдоныл хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ. Ныр та хъуамӕ хорз хабар фехъусын кодтаиккой Индонезийы, Сингапуры ӕмӕ Малайзийы.
Пионертӕ Индонезийы фесты дыууӕ азӕй фылдӕр. «Рухсхӕссӕг»-иу ӕрлӕууыд алы стыр ӕмӕ алы гыццыл наулӕууӕны дӕр, ӕмӕ-иу алы ран дӕр ӕфсымӕртӕ апарахат кодтой тынг бирӕ литературӕ. Хо Джин Дешан дзырдта: «Нау-иу куыддӕр наулӕууӕнмӕ бахӕццӕ, афтӕ-иу патефоныл сӕвӕрдтам уӕды заман Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады президент ӕфсымӕр Рутерфорды раныхӕстӕй иу. Ахъуыды-ма кӕнут, уыцы гыццыл малайаг хъӕуты цӕрджытӕ-иу куыд фесты, нӕ пӕлӕзджын нау нын-иу куы федтой ӕмӕ-иу ӕфсымӕр Рутерфорды нӕргӕ хъӕлӕс куы фехъуыстой, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн, „тӕхгӕ тӕбӕгъ“ [летающая тарелка] куы федтаиккой, уӕд сӕм уый афтӕ диссаг нӕ фӕкастаид».
Сауджынтӕ куы федтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн бирӕ кӕй ӕнтысы, уый, уӕд тынг смӕсты сты ӕмӕ хицӕутты уыйонг скодтой, ӕмӕ уыдон дӕр «Рухсхӕссӕджы» Индонезийы наулӕууӕнтӕй бирӕтӕм нал уагътой. 1937 азы декабры «Рухсхӕссӕг» Австралимӕ аздӕхт. Фӕлӕ Индонезийы уыцы миссионертӕ цы куыст бакодтой, уый никуы ферох.