Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уый бар ис, цӕмӕй цыфӕнды кинотӕм дӕр кӕсой, цыфӕнды зарджытӕм дӕр хъусой ӕмӕ цыфӕнды чингуытӕ дӕр кӕсой?
Нӕ организаци афтӕ никӕмӕн зӕгъы, уыцы ӕмӕ уыцы киномӕ кӕнӕ чиныг ма кӕсут, стӕй уыцы ӕмӕ уыцы зарӕгмӕ дӕр ма хъусут, зӕгъгӕ. Цӕуылнӕ?
Библи алы адӕймаджы дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй «нӕ зонд» сахуыр кӕнӕм, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын (Дзуттӕгтӕм 5:14).
Фыстады ис сӕйраг уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ уыдоны фӕрцы чырыстонӕн йӕ бон у скъуыддзаг кӕнын, цавӕр ирхӕфсӕн равзардзӕн, уый a. Цыфӕнды ма аразӕм, нӕ нысан вӕййы иу: «Ӕппынӕдзух бӕлвырд кӕнын, нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый» (Ефесӕгтӕм 5:10).
Библимӕ гӕсгӕ бинонты хистӕртӕн ис уый бар, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕной, сӕ бинонтӕ сӕхи цавӕрдӕр ирхӕфсӕнтӕй кӕй хиздзысты (1 Коринфӕгтӕм 11:3; Ефесӕгтӕм 6:1–4). Ӕндӕр уый бар никӕмӕн ис, цӕмӕй, ӕмбырдтӕм чи цӕуы, уыдонӕн дзура, зӕгъгӕ, уыцы ӕмӕ уыцы кинотӕм кӕнӕ чингуытӕ ма кӕсут, уыцы ӕмӕ уыцы зарджытӕм ма хъусут (Галатӕгтӕм 6:5).
a Зӕгъӕм, Библи дзуры, хинтӕ-кӕлӕнтӕ, ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ тыхмиимӕ баст чи у, ахӕм ирхӕфсӕнты ныхмӕ (Дыккаг закъон 18:10–13; Ефесӕгтӕм 5:3; Колоссӕгтӕм 3:8).